Ӕгъдау хистӕрӕй цӕуы

0
405

Къостайыхъӕуккаг Гиоты Уалент уыд кадджын ӕмӕ куырыхон хистӕр. Йӕ бинойнаг Гаджиты Катяимӕ схъомыл кодтой цыппар лӕппуйы ӕмӕ дыууӕ чызджы. Сӕ ныййарджыты хуызӕн ӕгъдауджын ӕмӕ фӕллойуарзаг рауадысты сӕ кӕстӕртӕ дӕр.

Гиотӕ раздӕр цардысты Туалгомы, Газаты хъӕуы. Уырдыгӕй рацӕуӕг мыггӕгтӕ — Саутӕтӕ, Еналдытӕ, Баллатӕ, Мамиатӕ абон дӕр кувынц Регахы авд дзуармӕ. XX ӕнусы райдайӕны хуыздӕр цардагурӕг адӕм хӕхбӕсты дурджын зӕххытӕй лыгъдысты быдырмӕ. 1923 азы фыццаг цӕрджытӕ ӕрбынат кодтой Къостайыхъӕуы.

Уалент ӕмӕ йе ‘фсымӕртӕ афтӕ ӕнувыд уыдысты кӕрӕдзиуыл, ӕмӕ  ӕрцардысты иу цары бын, хицӕн зӕххы хӕйттӕ сын кӕд лӕвӕрдтой, уӕддӕр.

Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕст куы банцад, уӕд адӕм бавнӕлдтой хӕлд хӕдзарӕдтӕ сӕ къахыл слӕууын кӕнынмӕ.  Уалент хъазуатонӕй куыста тракторыл, уӕд МТС уыдис ӕрхонкӕйы, ӕмӕ йӕ техникӕ лӕггад кодта ӕппӕт районты быдыртӕн дӕр. Йӕ хорз куысты тыххӕй Уалентӕн радтой хӕрзиуджытӕ, уыимӕ Адӕмон Хӕдзарады ӕнтысдзинӕдты Равдыстыты цалдӕр майданы.

Ацы хабӕрттӕ, йӕ бинонты цардвӕндагыл дзургӕйӕ, ракодта  редакцийы уазӕг Гиоты Хасан. Цӕры йӕ райгуырӕн хъӕуы, фыды хӕдзары фарсмӕ сарӕзта ног цӕрӕн бынат. 75-аздзыд нӕлгоймаг йӕ алфамбылай дунемӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы. Фӕнды йӕ, цӕмӕй йӕ уарзон хъӕубӕстӕ, Ирыстоны адӕм амондджынӕй цӕрой.

— Фыды хӕдзар, райгуырӕн хъӕу зынаргъ ӕмӕ адджын сты. Нӕй сын баивӕн ницӕуыл. Йӕ фарсмӕ цӕрӕг адӕммӕ цӕстуарзондзинад чи дары, сӕ хъыджы, сӕ цины сӕ фарсмӕ чи балӕууы, ахӕм хорз фӕсивӕд бирӕ ис Къостайыхъӕуы, — зӕгъы Хасан.

Ӕнгом бинонты хистӕр йӕ сыхбӕстӕ ӕмӕ хъӕубӕсты йӕ уӕздандзинадӕй хицӕн кӕны, кӕстӕртӕн у раст зондамонӕг.

Йӕ азты бӕрзӕндӕй куы акӕсы, уӕд ирдӕй йӕ цӕстытыл ауайынц йӕ царды бонтӕ…

— Райдайӕн кълӕсты ахуыр кодтон Рассветы, мӕ мады ‘рвадӕлтӕм. Къостайыхъӕуы скъола каст куы фӕдӕн, уӕд ахуырмӕ бацыдтӕн Дзӕуджыхъӕуы арӕзтадон техникуммӕ, — зӕгъы Хасан. — Дыууӕ азы бакуыстон зырнӕйзилӕгӕй колхозы ӕрмадзы. 1965 азы та мӕ ахуыр адарддӕр кодтон хъӕууонхӕдзарадон институты механизацийы факультеты. Практикон ахуыртӕ нын-иу уыдис Таганрогы, Хъалмыхъы, ӕндӕр рӕтты. Ӕфсадмӕ мӕм фӕсидтысты, ӕмӕ уым дӕр мӕ хӕс сӕххӕст кодтон.

Хасанӕн йе ‘хсызгон мысинӕгтӕ баст сты колхозы куысты рӕстӕгимӕ. Ӕрыгон инженеры сӕвӕрдтой гаражы хицауӕй, йӕ бӕрны уыдис 70 машинӕйы бӕрц, дзуапп дӕттын хъуыд сӕ иудадзыг цӕттӕдзинадыл. Советон Цӕдис йӕ хъаруйы уыд, афтӕмӕй Хасаны снысан кодтой колхозы сӕйраг инженерӕй, стӕй йӕ раивтой партион куыстмӕ. Адӕмӕн ӕмбарын кодта, партийы уынаффӕтӕн царды ӕмӕ фӕллойы фӕндагыл цы ахадындзинад ис, уый. Кӕд бирӕ азтӕ рацыд, ӕмӕ Советон Цӕдис хӕлд ӕрцыдис, уӕддӕр уыцы рӕстӕг бирӕ адӕмӕн ӕнӕферохгӕнгӕ у.

— Науыры фосхизӕн быдырты 32 мин гектарыл хызтысты ӕрыдоны районы колхозтӕ ӕмӕ совхозты фысвос. Зымӕгон хизӕнтӕй-иу сӕ майы мӕй атардтой хохы сойджын уыгӕрдӕнтӕм. Мах та-иу уыцы рӕстӕг зымӕгмӕ холлаг цӕттӕ кодтам. 50 мин фысы дардтой, фылдӕр — сӕ хъуыны тыххӕй, уый уыд колхозӕн йӕ исбон. Фысы хъуын ӕхсызгонӕй агуырдтой ӕфсады, уӕд цинелтӕ дӕр уымӕй кодтой, — зӕгъы Хасан.

Ацы ран, хӕдзарӕй дард змисджын быдырты фондз азы бакуыста машинӕтӕ ӕмӕ фосы станцӕйы директорӕй.

Фӕстӕдӕр Гиойы-фырт куыста Дӕллаг Зӕрӕмӕджы таможняйы инспекторӕй.

2002 азы Карл Марксы номыл колхозы фӕллойгӕнджытӕ сӕ иумӕйаг ӕмбырды Хасаны равзӕрстой колхозы сӕрдарӕй.

Кӕмдӕриддӕр кусгӕйӕ дӕр уый аргъ кодта фӕллойгӕнӕг адӕмӕн, куыстуаты исбон фылдӕр кӕныныл архайдта.

— Адӕймаг хъуамӕ зона йӕ адӕмы истори, хъахъхъӕна фыдӕлты кад ӕмӕ фарн, — зӕгъы Хасан.

Нӕлгоймаджы цардӕмбалӕй амонд куы фӕуа, уӕд, маргъау, базырджын кӕны, дзырдтой фыдӕлтӕ. Гиоты Хасан йӕ амондагурӕг дард нӕ ацыд, фӕлӕ сӕхихъӕуккаг хӕрзӕгъдау чызг Гуыбаты Симӕйы бинойнагӕн бацагуырдта. 40 азы дыууӕ адӕймаджы, кӕрӕдзийы ӕмбаргӕйӕ, куы фӕцӕрой, уӕд уый амонд у. Хорз кӕстӕртӕ сӕ фӕдыл куы цӕуой, уыдоны цотыл куы цин кӕной, дыууӕ уды хиуӕттӕн, сыхбӕстӕн куы бӕззой, уыд та дывӕр амондджын сты. Абон сӕ кӕстӕртӕ Марат ӕмӕ Ларисӕ куыстыл, ӕгъдауыл, ӕфсармыл ӕнувыд сты. Хистӕрты ӕхсызгондӕр сахат ралӕууы, сӕ цоты цот фондзӕй куы ӕрбамбырд вӕййынц, уӕд.

Иу амонд ма каст Гиоты бинонтӕм, сӕ къӕсӕрӕй сӕ лӕппуйы номыл ног чындз куы ӕрбахызт, уӕд. Дзидаханты Заремӕ ӕгъдау ӕмӕ ӕфсарм йӕ хӕдзарӕй рахаста, хи хъӕбулау лӕггад кӕны хистӕртӕн. Чызг Ларисӕ йӕ амонд ссардта Плиты мыггаджы, хъомыл кӕны дзӕбӕх кӕстӕртӕ.

Йӕ рагон хӕлары тыххӕй мӕнӕ куыд радзырдта газет «Рӕстдзинад»-ы сӕйраг редактор Хозиты Барис:

— Хасан бирӕ рӕтты фӕкуыста, бирӕ дӕсныйӕдтӕ базыдта. Ӕмӕ уый хуымӕтӕджы афтӕ нӕ уыд. Йӕ зонындзинӕдтӕй пайда кодта царды. Куыд адӕймаг, афтӕ Хасан йӕ хъӕубӕсты бӕрӕг дары, царды мидис лыстӕг кӕй ӕвзары, ӕгъдауылхӕст уӕвын кӕй домы, уымӕй.

Йӕ цуры кӕстӕртӕ рӕдийой, ӕмӕ сын Уаленты фырт уайдзӕф ма бакӕна, уый нӕ вӕййы. Ӕцӕг ирон лӕгӕн хъӕубӕсты, сыхбӕсты сабитӕ сты хионтӕ. Уӕдӕ, ӕгъдауы фӕдыл зианы, кӕнӕ цины хъуыддӕгты хӕс йӕхимӕ кӕм райса, уым алцыдӕр вӕййы йӕ бынаты. Фынджы хистӕрӕй сбадынмӕ, рӕсугъд гаджидӕуттӕ фӕкӕнынмӕ хорз арӕхсы, йӕ дӕлбар хистӕрӕй, кӕстӕрӕй, алчидӕр йе ‘гъдау феххӕст кӕны.

Хасанӕй инженер куы нӕ рауадаид, уӕд суыдаид фыссӕг дӕр, журналист дӕр, актер дӕр, режиссер дӕр. Афтӕ рӕсугъд у йе ‘взаг ӕмбисӕндтӕй, ӕмӕ йӕм лӕмбынӕг фӕхъусынц. Исчи куы фӕрӕдийа, уӕд ӕй Хасан йӕ бынаты сӕвӕры, цӕстуарзонӕй йын бауайдзӕф кӕны. Алы хъӕуы дӕр хъуамӕ ахӕм адӕймаг уа, ӕгъдау йӕхимӕ чи райса, ӕрцӕуӕг адӕмӕн цыфӕнды хъуыддаджы дӕр бӕрзонд ӕгъдау чи радта. Чындз куы ахӕссынц, уӕд чындзхӕсджытӕ ӕрымысынц, ӕгъдау сын чи радта, уый. Уазӕгӕй, фысымӕй баззайынц разыйӕ.

Зианджынты кӕрты радзурынмӕ дӕр йӕхицӕй дӕсныдӕр бирӕ нӕй.

Йӕ сабибонтӕй фӕстӕмӕ зивӕг нӕ кодта лӕггад кӕнынмӕ, уырдӕг лӕууынмӕ, афтӕмӕй дзы рауад кувӕг лӕг. Йӕ зӕрдӕмӕ хӕстӕг айта, ирон ӕгъдӕуттӕ йӕ удыхъӕды хай систы. Хасан у хъӕуы аргъ лӕг, сӕрыстыр кӕмӕй сты адӕм, ахӕм.

Хистӕр ӕгъдауыл хӕст куы уа, лӕмбынӕг йӕ кӕстӕртӕм йӕ хъус куы дара, уӕд уыдон дӕр раст фӕндагыл цӕуынц, — зӕгъы Барис.

Дзырдмондаг адӕймаг кӕй нӕу, рӕсугъд радзурыны бӕсты рӕсугъд хъуыддӕгтӕ чи бакӕндзӕн, ахӕм лӕг кӕй у Хасан, уый бамбӕрстам. Бирӕ арфӕтӕ ракодта йӕ уарзон ирон газет «Рӕстдзинад»-ы редакцийӕн, сагъӕсы йӕ ӕфтауы, адӕм газет раздӕрау кӕй нал фыссынц, нӕ кӕстӕртӕ суанг хъӕуты дӕр, хистӕрты аххосӕй, сӕ мадӕлон ӕвзагыл ӕнувыд кӕй не сты, уый. — Уӕд афтӕмӕй цӕй ирон дӕ, арӕх ӕз цӕстуарзонӕй бауайдзӕф кӕнын, мӕ зонгӕтӕн.

— Ног рӕстӕг ралӕууыд, ис дзы хорз дӕр ӕмӕ ӕнӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ хъуыддӕгтӕ дӕр, фӕлӕ алы ӕнусы дӕр ӕгъдау хистӕрӕй цӕуы, — банысан кодта Хасан.

Цӕгӕраты Жаннӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here