Кандидатты бавдисдзысты

0
278

Политикон парти «Иугонд Уӕрӕсе» паддзахады разамонӕгӕн бавдисдзӕн цӕгаткавказаг республикӕты сӕргълӕууджытӕм кандидатты: Дагестан, Хъӕрӕсе-Черкеси ӕмӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы республикӕтӕн. Уый тыххӕй фехъусын кодта партийы Генералон советы нымӕрдар Андрей Турчак.

Цӕгат Ирыстон-Аланийӕ «Иугонд Уӕрӕсе» бавдисдзӕн Сергей Меняйлойы кандидатурӕ, ныртӕккӕ у республикӕйы Сӕргълӕууӕджы хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг. «Ис ӕм разамынд дӕттыны, политикон егъау фӕлтӕрддзинад, уыдис Сыбираг федералон зылды Президенты ӕххӕстбарджын минӕвар, Севастополы губернатор, Хӕстон-денджызон флоты бӕрзонд бынӕттӕ ахста. Фӕстаг цалдӕр мӕйы равдыста, ахӕм вазыгджын регионӕн йӕ бон разамынд дӕттын кӕй у, уый. Гуырысхойаг нӕу, Сергей Меняйлойы разамындӕй  Цӕгат Ирыстоны экономикӕ, социалон къабаз размӕ кӕй рацӕудзысты, уый», — фӕбӕрӕг кодта Генералон советы нымӕрдар.

Партийы регионалон хайады нымӕрдар Таймазты Артур куыд загъта, афтӕмӕй Сергей Меняйломӕ ис разамынд дӕттыны стыр фӕлтӕрддзинад. «У ахуыргонд политик, фидар зонд ӕмӕ принциптимӕ. Махӕн ахсджиаг у, Уӕрӕсейы Президент Владимир Путин ын йӕ бар республикӕ кӕй бакодта, уый. Паддзахадон Думӕмӕ ӕвзӕрстыты Сергей Меняйло «Иугонд Уӕрӕсе»-йы хыгъды ис разӕй, йӕ кандидатурӕ раст кӕй у, уымӕй нын ныфс дӕтты. Йӕхӕдӕг дӕр бынӕттон у, йӕ зӕрдӕ риссы республикӕйыл, алцыдӕр сараздзӕн, цӕмӕй дарддӕр рӕза, уымӕн», — фӕбӕрӕг кодта Таймазы-фырт.

Хъӕлӕс кӕныны иумӕйаг бон, 19 сентябры, Уӕрӕсейы 12 регионы  ӕвзардзысты разамонджыты. Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Парламенты, хъӕлӕс кӕнгӕйӕ, сфидар кӕндзысты республикӕйы Сӕргълӕууӕджы.

Санаты Альбинӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here