Ног рӕвдауӕндон

0
294

Ӕппӕт дӕсныйӕдты ‘хсӕн аразӕджы фӕнымайынц, фидӕны рухс цард нывӕндынмӕ чи арӕхсы, ахӕм адӕймагыл. Йӕ арӕхстдзинадӕй, зонд ӕмӕ фӕлтӕрддзинадӕй рӕзынц стыр горӕттӕ ӕмӕ чысыл хъӕуты ӕппӕт цардыуаджы объекттӕ.

Заводы поселочы, Кооперативон уынджы, 1,14 гектары фӕзуатыл 2020 азы апрелы бындур ӕвӕрд ӕрцыд ног, алцӕмӕй ифтонг рӕвдауӕндонӕн. Арӕзтадон фӕзы адӕм, техникӕ ӕмызмӕлд кӕнынц. Куыстытӕ цӕуынц ӕнӕрлӕугӕйӕ, ӕнӕ улӕфты бонтӕй. Судзгӕ хуры бынмӕ дурамайджытӕ кусынц, уӕзӕгтӕ исӕн крантыл та сын Сечъынаты Валери ӕмӕ Родионов Юрӕ бынатмӕ хӕццӕ кӕнынц арӕздатон ӕрмӕджытӕ.

Арӕзтад цӕмӕй фидар уа, уый тыххӕй пайда кӕнынц ӕфсӕн-бетон конструкцитӕй. Фӕлтӕрдджын ӕндадзӕг Тотыккаты Хъазыбег дзуапп дӕтты йӕ куысты хӕрзхъӕддзинадӕн. 6-ӕм къӕпхӕны ӕндадзӕг 20 азмӕ бирӕ фӕсивӕды сахуыр кодта йӕ дӕсныйадыл.

Цӕмӕй къултӕ лӕгъз ӕмӕ рӕсугъд уой, ууыл архайы къулсӕрдӕг Теджетты Юри йе ‘мкусджытимӕ.

Ног бӕстыхӕйттӕ уыдзысты хӕрзаив ӕмӕ райдзаст, монтажгӕнджыты бригад ӕвӕрынц рудзгуытӕ ӕмӕ дуӕрттӕ.

— Зонӕм ӕй, нӕ архайд бӕрнон кӕй у, уымӕн ӕмӕ аразӕм сабитӕн, куыдфӕндыйӕ кусыны бар нын нӕй, ӕмӕ зӕрдиагӕй архайӕм — зӕгъы монтажгӕнӕг Гокъонаты Сослан.

Мидӕггаг куыстытӕ кӕм цӕуынц, уыцы агъуыстыты ӕлдаттаты Давиды разамындӕй кусджытӕ ӕвӕрынц плиткӕ.

Ахӕм цымыдисаг балц арӕзтадон объектыл скодтам йӕ разамонӕг, прораб Гӕлӕуты Эльбрусимӕ. Црайуаг лӕппу скъолайы фӕстӕ каст фӕцис арӕзтадон техникум, райдыдта хуымӕтӕг кусӕгӕй. Абон дӕр стыр бузныг у Джигаты Марианӕйӕ, Баскаты Таймураз ӕмӕ иннӕ фӕлтӕрдджын кусджытӕй, йӕ дӕсныйады фыццаг къахдзӕфтӕ уыдонимӕ акодта. Уӕдӕй нырмӕ рацыд 22 азы, йӕ куыст уарзы ӕмӕ зоны. Йӕхи хъарутӕй фыды хӕдзары фарсмӕ аразы ног цӕрӕнбынат.

— Хӕдзӕрттӕ аразӕджы цардаразӕг фӕхонынц, уымӕ гӕсгӕ равзӕрстон ацы дӕсныйад, — зӕгъы Эльбрус. — Ныртӕккӕ кусын арӕзтадон куыстуат «ТиС»-ы, йӕ генералон директор Скъиаты Аидӕ, сӕйраг инженер Тотыккаты Артур аразынц ӕппӕт мадзӕлттӕ дӕр, цӕмӕй куыст цӕуа ӕнӕкъуылымпыйӕ.

Хӕххон-металлургон институты арӕзтадон факультеты рауагъдон Карсанаты Барисӕн та ацы рӕвдауӕндон уыдзӕн йӕ фыццаг зӕрдылдаргӕ объект. Йе ‘мбал Цъӕхойты Эдуардимӕ кусынц мастертӕй. Сӕ равзӕрст дӕсныйадӕй фӕсмойнаг макуы уӕнт.

Ницы нӕ басусӕг кодта арӕзтады хицау. — Уырны мӕ, сӕрыстыр кӕмӕй уыдзыстӕм, ахӕм объект кӕй аразӕм. Ныртӕккӕ куыстытӕн сӕ 60-70 проценты ахицӕн сты. Уыцы-иу рӕстӕг дзы кусы 60 адӕймаджы бӕрц. Ацы азы ноябры мӕй ног рӕвдауӕндон йӕ дуӕрттӕ сабитӕн кӕй байгом кӕндзӕн, уымӕй дзырд дӕттӕм, — зӕгъы Эльбрус.

Гугкаты Жаннӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here