Хорз цы адӕймаджы цардвӕндаг зонай, ахӕмы тыххӕй дзурын зӕрдӕйӕн ӕхцондзинад дӕтты. Фӕнды мӕ газеткӕсджыты базонгӕ кӕнын, Куырттаты комбӕсты бирӕ азты дӕргъы адӕмимӕ хӕларӕй, кад ӕмӕ радимӕ чи цӕры, ахӕм куырыхон, уӕздан сылгоймагимӕ. Мӕ уацхъуыды хъайтар у Парсиаты-Гусалты Ритӕ.
Гусалты Федыр ӕмӕ Настяйы чызг Ритӕ райгуырд ӕмӕ схъомыл Рассветы хъӕуы хуымӕтӕг, фӕллойуарзаг, бирӕ бинонты ‘хсӕн. Куыннӕ уыдаид рӕвдыд ӕртӕ ӕфсымӕры иунӕг хо Ритӕ. Йӕ сабидуг, йе ‘взонджы бонтӕ, кӕд Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты фӕстӕ уӕззау рӕстӕджы ивгъуыдтой, уӕддӕр буцӕй хъомыл кодта. Цардбӕллон саби цингӕнгӕйӕ уад бынӕттон (астазон) скъоламӕ. Уый фӕстӕ йӕ ахуыр адарддӕр кодта Фыййаджыбылы астӕуккаг скъолайы. Рӕсугъд, хурӕнгӕс чызг ам 11-ӕм къласы каст куы фӕци, уӕд ахуыр кӕнынмӕ бацыд Дзӕуджыхъӕуы базарадон техникуммӕ. Зӕрдӕргъӕвд чызг техникум ӕнтыстджынӕй каст фӕци ӕмӕ кусын райдыдта Дзӕуджыхъӕуы стыр дуканитӕй иуы. Аив, хӕрзконд, хӕрзуынд, гуырвидауц, уӕздан ӕрыгон чызгыл сӕ цӕст ӕрӕвӕрдтой амондагур лӕппутӕ. Куыд фӕзӕгъынц, усгуртӕ къахихсыд баисты Гусалты Федыры фӕрныг хӕдзармӕ. Фӕлӕ, дам, адӕймагӕн йӕ амонд йемӕ райгуыры. Ритӕйы хъысмӕт саккаг кодта Парсиаты стыр мыггагӕн. Куырттатаг сӕрӕн гуырд Валодя (Бист) разынд амондджын. 1968 азы Ритӕ фарн ӕмӕ амонд ӕрбахаста Парсиаты бирӕ бинонджын хӕдзармӕ. Ӕрыгон чындз йӕ фыды уӕзӕгыл цы фарн, ӕгъдау ӕмӕ уӕздандзинадӕй фӕхайджын, уыдон абоны онг йе ‘мдзу кӕнынц. Йӕ хурӕргом хӕдзары цы хистӕры, тиуты ӕмӕ ходыгъдты ӕрбаййӕфта, уыдон се ‘ппӕт дӕр йӕ фӕлмӕн зӕрдӕйы ахастӕй ӕмӕ узӕлдӕй кӕддӕриддӕр уыдысты хайджын. Хӕдзары хистӕры, йе ‘фсин Селхайы хи хъӕбулау рӕвдыдта. Тынг рӕвдыдӕй дзы ацыд йе ‘цӕг дунемӕ. Йӕ тиуты йӕхи ӕфсымӕртӕй къаддӕр нӕ уарзта (рухсаг уӕнт). Уӕдӕ йын йӕ ходыгъдтӕ та уыдысты мадызӕнӕг хотау адджын. Йӕ ходыгъдтӕй дӕр иу йӕ рухс дунейӕ ахицӕн, фӕлӕ иннӕ ӕртӕ ходыгъдыл абоны онг у тынг ӕнувыд. Хӕларӕй, уарзонӕй цӕры йӕ файнусттытимӕ дӕр.
Дыууӕ ӕрыгон цардӕмбалы — Бист ӕмӕ Ритӕйы Мады-Майрӕм барӕвдыдта ӕртӕ цӕрӕццаг фыртӕй: Тамик, Алик ӕмӕ Валерик сты фӕзминаг кӕстӕртӕ. Афтӕ рауад, ӕмӕ Ритӕйӕн йӕ цардӕмбал Бист ӕгӕр раджы атагъд кодта йе ‘нусон бӕстӕмӕ. Фӕлӕ Гусалон ныффӕрӕзта хъысмӕты уыцы цӕфӕн. Разынд фидар сылгоймаг. Хӕдзар цудын нӕ бауагъта. Йӕ кӕстӕрты сӕвӕрдта царды раст фӕндагыл. Нӕртон чындзӕхсӕвтӕ сын фӕкодта. Ритӕ ам, Уӕллаг Фыййагдоны, бирӕ азты дӕргъы фӕкуыста дуканийы. Ӕлхӕнджыты никуы ӕвзӕрста, се ‘ппӕтмӕ дӕр кӕддӕриддӕр хъуыста лӕмбынӕгӕй, семӕ дзырдта уӕзданӕй. Адӕмӕн зӕрдиаг лӕггад кодта, цалынмӕ ацы сӕрзилӕджджын дуджы комулӕфт не ‘рбахӕццӕ Куырттаты коммӕ, уӕдмӕ. Фехӕлд, ӕппӕт Зӕххы къорийыл нӕргӕ цы Советон Цӕдис кодта, уый. Нӕуӕдзӕм азтӕ — рацарӕзты азтӕ. Нал куыстуат, нал куыст. Фӕлӕ фӕллойуарзаг Ритӕ ӕнцад бадын йӕ сӕрмӕ нӕ хаста ӕмӕ амӕлттӕ кодта. Бинонты ницы хъуаг уагъта. Алывӕрсыг ӕххуыстӕ кодта йӕ кӕстӕртӕн. Йӕ куырыхон зондӕй сӕ абон дӕр хайджын кӕны.
Ритӕ ӕгъдау дӕтты хиуӕттӕн, хӕстӕджытӕн, сыхбӕстӕн, комбӕсты адӕмӕн. Адӕмы цин, адӕмы зын уыны, ӕмӕ дзы ирон цард цы ӕгъдау домы, уый ӕххӕст кӕны, зӕгъӕн ис дывӕрӕй. Царды зынтӕн, рӕстӕджы ивддзинӕдтӕн фӕразгӕйӕ, йӕ алыварс адӕмы йӕ зӕрдӕйы хъарм, фӕлмӕн ахастӕй рӕвдауы. Адӕмуарзон, уазӕгуарзаг Ритӕ абон кӕд йӕ кары бацыд, уӕддӕр нырма хӕдзардарӕг у, зӕгъгӕ, кӕмӕй фӕзӕгъынц, ирондзинад, ирон фарн цӕстыгагуыйау, чи хъахъхъӕны, йӕ армытъӕпӕнтӕй ӕдзух бӕркад кӕмӕн лӕдӕрсы, ирон кӕлмӕрзӕн кадимӕ чи дары, ахӕм ӕцӕг ирон сылгоймагӕй цӕры Куырттаты комы, Барзыхъӕуы. Йӕхи конд хӕрзхъӕд, хӕрзад къӕбӕрӕй комбӕсты ӕмӕ ӕддагонтӕй дӕр кӕй нӕ бахынцы, ахӕмтӕ стӕмтӕ сты. Уӕдӕ сыхбӕсты цины уа, зианы рӕстӕг уа, кӕй уӕларынг нӕ балӕууы, ахӕмтӕ нӕй. Кӕддӕриддӕр у ӕнӕзивӕг. Гъемӕ йын Хуыцау фидар ӕнӕниздзинад ӕмӕ бирӕ азты цӕрӕнбон балӕвар кӕнӕд!
Рӕстуд, сыгъдӕгзӕрдӕ Ритӕйы Хуыцау барӕвдыдта ӕртӕ, йӕхи хуызӕн, уӕздан чындзӕй. Парсиатӕ бахӕстӕг кодтой: Асатӕ, Тъуритӕ ӕмӕ Гизойты мыггӕгтимӕ. Чындзытӕ: Маринӕ, Зӕлинӕ ӕмӕ Майӕ, кӕд алы рӕтты цӕрынц, уӕддӕр уарзынц се ‘фсины ӕмӕ йыл узӕлынц. Парсиаты ӕнгом бинонтӕ чысылӕй-стырӕй уӕлдай буц кӕнынц сӕ хӕдзары хистӕры, сӕ уарзон мад, ӕфсин ӕмӕ нана — Ритӕйы. Уарзон нанайӕн йӕ цӕсты рухс, йӕ хуры тынтӕ сты йӕ чысыл хуртӕ — йӕ хъӕбулты хъӕбултӕ ӕхсӕзӕй. Сӕ хуртӕй сын ӕфсӕст уӕд!..
Бӕлвырддӕр мӕ зӕгъын фӕнды, Ритӕйӕн йӕ астӕуккаг фырт Аликкы номыл йӕ къонамӕ чи ‘ркуывдта, уыцы чындз Зӕлинӕйы тыххӕй. «Донӕн йӕ былыл чи цӕры, йӕ ивылд дӕр ын уый зоны», — зӕгъы ирон ӕмбисонд. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ирон царды ӕфсымӕртӕй дӕр ӕмӕ чындзытӕй дӕр фыды уӕзӕг, иумӕйаг хӕдзары цӕргӕйӕ чи баззайы, ууыл тынгдӕр ӕруӕз кӕны ирон ӕгъдау, ирон ӕфсарм. Ӕмӕ уыцы ӕгъдау ӕнӕлазӕй ӕххӕст кӕнынц Алик ӕмӕ Зӕлинӕ. Ритӕйӕн йӕ цин дӕр, йӕ хъыг дӕр кӕддӕриддӕр уыдон уынынц. Дигорайы цӕрӕг Тъуриты Батрадз ӕмӕ Заретӕ — Зӕлинӕйы фыд ӕмӕ мад стыр арфӕйы аккаг сты, ахӕм хӕрзӕгъдау чызджы кӕй схъомыл кодтой, уый тыххӕй. Зӕлинӕ ӕрвылбон ӕнӕзивӕгӕй лӕггад кӕны бинонтӕн, Ритӕйӕн. Уӕдӕ йӕ сыхбӕсты бакӕстӕриуӕг кӕнынмӕ дӕр ничи амбулдзӕн. Йӕ хъус дары йе ‘фсины ӕнӕниздзинадмӕ, йӕ удӕнцойдзинадмӕ, кӕддӕриддӕр йӕ дзаума, йӕ хуыссӕнуат — сыгъдӕг, йӕ хӕринаг — хӕрзад ӕмӕ афоныл. Хъӕуккаг хӕдзары бирӕ змӕлд ис, ӕмӕ кӕд Ритӕ дӕр нырма йӕхӕдӕг куыстхъом у, уӕддӕр чындз Зӕлинӕ ӕппӕтыл дӕр ӕххӕссы.
— Ды бирӕ фӕфыдӕбон кодтай, ныр та хъуамӕ ӕвӕлмон цард кӕнай. ӕрмӕстдӕр мын-иу кӕй нӕ зонон, уый ацамон ӕмӕ сӕ ӕз мӕхӕдӕг кӕндзынӕн, — фӕлмӕнӕй фӕзӕгъы Зӕлинӕ йе ‘фсинӕн. Цард хистӕр ӕмӕ кӕстӕрты фӕлмӕн ахастдзинӕдтыл кӕм ӕнцой кӕна, бинонтӕ ӕмвӕнд, ӕмзонд кӕм сты, уыцы хӕдзары фарн дӕр ис ӕмӕ амонд дӕр. Гъемӕ фӕрнӕйдзаг уӕнт Парсиаты бинонтӕ! Зӕлинӕ ӕмӕ Алик цы дыууӕ хъӕбулы хъомыл кӕнынц, уыдонӕй зӕрдӕрай уӕнт!
«Цы байтауай, уый ӕркӕрддзынӕ», — зӕгъы ирон ӕмбисонд. Ӕмӕ Парсиаты хӕдзары абоны хистӕр Ритӕ цы нӕмгуытӕ байтыдта, уыдон хӕрзхъӕд талатӕ суагътой, дӕттынц бӕркадджын тыллӕг. Ирон цард Ритӕйы хуызӕн ӕмбаргӕ, бӕркадкъух сылгоймӕгтӕй фидауы. Ӕмӕ нӕ Ирыстоны ахӕм уӕздан, куырыхон сылгоймӕгтӕ фылдӕр куыд уа, ахӕм амонд нӕ уӕд!
Фӕрниаты Рая,
Уӕллаг Фыййагдоны цӕрӕг