Хъӕууонхӕдзарадон куыстуӕтты чысыл сфыст

0
234
Ðîññèÿ. Ñàíêò-Ïåòåðáóðã. 2 àâãóñòà 2016. Âî âðåìÿ Âñåðîññèéñêîé ñåëüñêîõîçÿéñòâåííîé ïåðåïèñè, íà÷àâøåéñÿ 1 èþëÿ. Èòîãè ïåðåïèñè ïîçâîëÿò ñôîðìèðîâàòü îôèöèàëüíóþ ñòàòèñòè÷åñêóþ èíôîðìàöèþ î ñîñòîÿíèè ðîññèéñêîãî ñåëüñêîãî õîçÿéñòâà. Ñåðãåé Êîíüêîâ/ÒÀÑÑ

Нӕ бӕстӕйы историйы фыццаг хъӕууонхӕдзарадон чысыл сфыст райдыдта 1 августӕй фӕстӕмӕ ӕмӕ цӕудзӕн 30 августмӕ. Уый аххӕсдзӕн ӕппӕт регионты аграрон куыстуӕттӕ ӕмӕ фермерон хӕдзарӕдтыл, стӕй ӕххуысадон хӕдзарӕдты зынгӕ хайыл дӕр.

Цавӕр фарстатӕ лыггонд ӕрцӕудзысты, раздӕры хъӕухӕдзсфыст-2016 цӕмӕй хицӕн кӕны, стӕй бӕрӕггӕнӕнты сусӕгдзинад куыд хъахъхъӕд цӕудзӕн ӕмӕ ӕндӕрты тыххӕй 2 августы пресс-конференцийы радзырдтой “Росстат”-ы разамонӕг Павел Малков ӕмӕ УФ-йы хъӕууон хӕдзарады хъӕууон зӕххыты райрӕзты департаменты директор Ксения Шевелкина.

Фыццаг хатт хъӕухӕдзсфыст нӕ бӕстӕйы цӕуы фондз азы фӕстӕ, раздӕры хуызӕн дӕс азы нӕ, фӕлӕ. Тагъддӕрдзинад баст у, технологитӕ ӕмӕ аграрон секторы ивддзинӕдтимӕ, стӕй бӕстӕйы экономикӕ сырӕзын кӕныны фарстатимӕ. Нымӕцон сфысты руаджы бӕлвырд аргъгонд ӕрцӕудзӕн фӕрӕзты бындурӕн ӕмӕ бӕстӕйы аграрон секторы хъомысӕн, стӕй хъӕууон хӕдзарады фӕстаг структурон ивддзинӕдтӕн. Дарддӕр та куыст цӕудзӕн хъӕуӕн, стыр аграрон ӕмӕ фермерон куыстуӕттӕн, чысыл ӕххуысадон хӕдзарӕдтӕн ӕххуыс кӕныны программӕтӕ саразыныл.

«Хъӕууон хӕдзарад у экономикӕйы ахсджиаг къабӕзтӕй иу. Ивгъуыд аз продукци уагъд ӕрцыд 6,1 трлн сомӕй фылдӕры аргъ. Ӕмбырдгонд ӕрцыд 133,5 милуан тоннӕйы хор. 20 милуан адӕймагӕй фылдӕр та хъӕууонхӕдзарадон продукци уадзынц нӕ бӕстӕйы. Уӕдӕ цы лӕууы ацы хус нымӕцты фӕстӕ? Уый та у экономикон ӕмӕ хойраджы ӕдасдзинад, стӕй хӕдбардзинад дӕр ӕмӕ бӕстӕйы фидӕныл зӕрдӕдарындзинад»,— радзырдта “Росстат”-ы разамонӕг.

Дарддӕр уый куыд бафиппайдта, афтӕмӕй нымӕцон чысыл сфысты руаджы, микроскопӕй кӕсӕгау, фенӕн уыдзӕн ӕппӕт лыстӕг хӕйттӕ дӕр, бӕлвырддӕр зӕгъгӕйӕ, ӕмбӕлгӕ аргъгонд ӕрцӕудзӕн бӕстӕйы хъӕууон хӕдзарады структурӕйӕн, хуыздӕр товаруадзджыты уавӕрӕн. Иртасӕн куыстытӕ аххӕсдзысты ӕппӕт 41,9 мин хъӕууонхӕдзарадон организацийыл, 144,9 мин зӕхкусӕг-фермерон хӕдзарадыл ӕмӕ хисӕрмагонд амалхъомтыл, стӕй 82,6 мин ӕнӕкоммерцион ӕмбаладыл ӕмӕ 16,5 милуан ӕххуысадон хӕдзарадыл.

Уымӕй уӕлдай, сфысты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ сбӕлвырд уыдзӕн бӕстӕйы ӕмӕ регионты хуымгӕнды зӕххыты бӕрц ӕмӕ фосы нымӕц 2021 азы 1 августы онг. Сфысты бӕрӕггӕнӕнтӕй та пайда кӕнӕн уыдзӕн эксперттӕн, ахуыргӕндтӕн, аграрон къабазы кусджытӕн ӕмӕ ӕндӕртӕн. Ӕппӕт ӕрмӕг ӕмбырд кӕныны тыххӕй та пайдагонд ӕрцыд дунеон фӕлтӕрддзинадӕй. Уыимӕ, Уӕрӕсейы чысыл сфыст бацыд Иугонд Нациты Организацийы хъӕууонхӕдзарадон сфысты Дунеон программӕмӕ.

Росстаты разамонӕг фӕбӕрӕг кодта, зӕгъгӕ, нымӕцондзинады руаджы сфысты аргъ къаддӕргонд ӕрцыд ӕртӕ хатты, ӕмӕ, раздӕр цы сфыст арӕзт ӕрцыд, уыимӕ абаргӕйӕ, хӕрдзтӕ рауадысты 4 миллиард сомы асламдӕр, 2016 азы сфыстимӕ абаргӕйӕ та сты 13 миллиард сомы къаддӕр. Хӕрдзты фылдӕр хай бахъӕудзӕн сфысджытӕн куысты мызд бафидынӕн. Уыдон сты 34,6 мин адӕймаджы, сӕ фылдӕр — бынӕттон цӕрджытӕ. Ӕппӕтӕйдӕр ацыдысты ахуыртӕ (уый цыдис онлайн-уагӕвӕрды), лӕвӕрд сын ӕрцыд электронон планшеттӕ, уӕлӕдарӕс ӕмӕ санитарон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ, сӕ мызд та у 18 мин сомы.

Пресс-конференцийы раныхас кодта Ксения Шевелкина дӕр. Уый бафиппайдта:

«Хисӕрмагонд ӕххуысадон хӕдзарӕдтӕ дӕттынц ӕппӕт хъӕууонхӕдзарадон продукцийы ӕртыццаг хай. Уымӕ гӕсгӕ уыдон сты къабазы рӕзты ахсджиаг хъомыс. Чысыл сфыст арӕзт кӕй ӕрцыд, уый руаджы та ӕмбӕлгӕ хуызы пайдагонд цӕудзӕн нӕ фӕрӕзтӕй, сбӕлвырд уыдзӕн хъӕууон хӕдзарады абоны уавӕр, фос ӕмӕ мӕргъты нымӕц ӕмӕ бирӕ ӕндӕртӕ. Ныртӕккӕ мах кусӕм хисӕрмагонд хӕдзарӕдтӕн ӕххуыс кӕныны мадзӕлттӕ саразыныл, фӕлӕ нӕм бӕлвырд бӕрӕггӕнӕнтӕ кӕй нӕй, уый аххосӕй нӕ архайд къуылымпы кӕны. Ӕз афтӕ ӕнхъӕл дӕн, ӕмӕ, ацы азы кӕрон кӕй райсдзыстӕм, уыцы чысыл сфысты бӕрӕггӕнӕнтӕ хорз ӕххуыс фӕуыдзысты хӕдзариуӕгад раст фӕндагыл сӕвӕрынӕн, уӕлӕмхасӕн мадзӕлттӕ арӕзт ӕрцӕудзысты уыдон хъӕухӕдзкооперативтӕм бакӕныны тыххӕй».

(«ТАСС»)

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here