Ехх, куы ма ацардаид…

0
581

Нӕ республикӕйы цы газеттӕ цӕуы, уыдон алкӕддӕр зӕрдиагӕй фӕкӕсын. Уӕлдайдӕр та нӕхи газет «Рӕстдзинад». Йӕ алы ӕрмӕг дӕр мын хӕссы ӕгӕрон цин, йӕ алы номыр дӕр мын раст мӕ удыл сой тадзӕгау вӕййы. Ӕрӕджы та дзы бакастӕн стыр ӕрмӕг Иры разагъды лӕгтӕй иу , зындгонд ӕхсӕнадон архайӕг, историон наукӕты кандидат Таболты Солтанбеджы тыххӕй. Йемӕ лӕгӕй-лӕгмӕ зонгӕ уыдтӕн ӕз дӕр. Ӕмӕ газет «Рӕстдзинад»-ы уый тыххӕй ӕрмӕгмӕ, ӕрӕджиуы хосдзауау (уый дӕр хосдзау вӕййы!), Солтанбеджы тыххӕй хӕссын мӕ рухс мысинӕгты таг.

Ме ‘мсиахс дӕр Таболтӕй уыд, мӕнӕй хистӕр, йӕ ном уымӕн дӕр Солтан. Тынг лымӕнӕй цардыстӕм. Арӕх-иу ӕмбӕлдыстӕм. Уымӕй фехъуыстон фыццаг хатт Солтанбеджы тыххӕй дӕр.

Иу хатт та мын дзы ахӕм хабар ракодта. Цӕвиттон, Цӕгат Ирыстоны партийы обкомы фыццаг нымӕрдар Хъӕбӕлоты Билар Мӕскуыйы уыд, бацыд, Солтанбег кӕм ахуыр кодта, уырдӕм. Профессортӕ йын йӕ хорзы кой ракодтой: «Солтанбег ӕрмӕст иттӕг хорз нӕ ахуыр кӕны, фӕлӕ ма йын йӕхицӕн лекцитӕ кӕсыны бар дӕр радтӕм». Мӕ ӕмсиахсимӕ фембӕлдтыты рӕстӕг-иу уый дӕр арӕх уыд уым. Фӕлымӕн стӕм. Иу рӕстӕджы обкомы кӕцыдӕр хайады хицау уыд ӕмӕ мӕм фӕдзырдта: «Уыныс, кӕм кусын, уый? Иу хъуыды мӕм ис, фӕлӕ йӕ комкоммӕ зӕгъыны уавӕр мӕнӕн нӕй. Ды мӕм дӕ фыстӕгӕй ӕрбахат, ӕмӕ йыл ӕз ам ӕрдзурдзынӕн». Ныхас цыдис Хетӕджы къохыл.

Цалдӕр хатты афтӕ дӕр уыдис, ӕмӕ-иу мӕм хӕдзармӕ телефонӕй ӕрбадзырдта: «Гӕххӕтт, ручкӕ ма райс, фысс (ӕмӕ-иу мын телеграммӕйы текст радзырдта). Горькийы уынгмӕ бацу, лӕмбынӕг ӕркӕс. Кӕд дзы исчи уа, кӕуыл гуырысхо кӕнай, ахӕм, уӕд фӕстӕмӕ рацу. Телеграммӕ куы радтай, уӕд-иу мӕныл куыстмӕ рацу, цы схардз кӕнай, уый дын ратдзынӕн». Афтӕ иу цалдӕр хатты арвыстон йӕ амынд адрисыл телеграммӕтӕ алы хъуыдытимӕ. Цы схардз кодтон, уыдон райсон, зӕгъгӕ, йӕм никуы бацыдтӕн йӕ куыстмӕ. Афтӕ кодта алы змӕстыты рӕстӕджыты. Иу ныхасӕй, тынг мыл ӕууӕндыд, йӕ зӕрдӕ мыл дардта.

Фидарӕй зӕгъын мӕ бон у: ӕз хицауады ‘хсӕн дыккаг ахӕмыл нал сӕмбӕлдтӕн.

Нӕ республикӕйы фӕскомцӕдисы обкомы нымӕрдар куы уыд, уӕд та конкурс сарӕзта Хъамбердиаты Мысостӕн цыртдзӕвӕн скӕнынӕн. Мӕ проект фыццаг бынат бацахста, фӕлӕ абон дӕр конд не ‘рцыди. Обкомы нымӕрдартӕй иу афтӕ загъта: «Хъамбердийы-фырты хуызӕттӕ нӕм — хӕрх».

Солтанбег наукон-иртасӕн институты директор куы уыд, уӕд та мӕм фӕдзырдта: «Радзур-ма мын, прозаик, публицист Гатуты Дзахойӕ цы зоныс, уый». «Зелимхан», «Гага-аул» — ӕмӕ ма йын йе сфӕлдыстады тыххӕй ноджы цыдӕртӕ фӕдзырдтон. “Хӕс дын кӕнын йӕ номарӕн фӕйнӕг саразын. «Сауджыны хӕдзар» кӕй хонынц, Цӕголы-фырты уынджы, уым ӕй бафидар кӕндзыстӕм», — бафӕдзӕхста Таболы-фырт. Эскизимӕ йӕм бацыдтӕн. Куы йӕм ӕркаст, уӕд ӕй йӕ риумӕ балхъывта, йӕ бынатӕй фестад: «Мӕнӕ диссаг, мӕ фыны йӕ афтӕ куыддӕрӕй федтон. Райдай кусын. Фӕлӕ-иу ӕхцайы хӕрдзтӕ дӕр банымай ӕмӕ сӕ гӕххӕттыл фыстӕй ӕрбахӕсс».

Уыдонимӕ йӕм куы бацыдтӕн, уӕд та бынтон диссаг уыд. Никуы йӕ ферох кӕндзынӕн. Зӕгъын, Солтанбег, кӕд дӕм ӕхца бирӕ кӕсы, уӕд дзы , куыд дӕ фӕнды, ахӕм аргъ ныффысс. Уый бӕлвырд кӕсгӕ дӕр не ‘ркодта, фӕлӕ мӕ фӕрсы: «Куыд хъуыды кӕныс, Италийы экономикӕйӕн йӕ сӕйраг ӕнтыстджын рахӕцӕнтӕ цӕуыл ӕнцой кӕнынц?» «Туризмыл! Адӕм Италимӕ арӕхӕй-арӕхдӕр цӕмӕн цӕуынц? Цӕмӕй феной Леонардо да Винчийы, Микеланджелойы, Рафаэлы куыстытӕ! Туризмы фӕрцы Италимӕ миллиардтӕ цӕуы. Фӕлӕ уӕд ацы нывгӕнджытӕ сӕ куыстытӕн хъуамӕ цавӕр ӕхца райстой?». Ӕмӕ уыцы рӕстӕг бухгалтермӕ фӕдзырдта, бафӕдзӕхста йын, цӕмӕй мын бафида.

Ӕз та хъуыды кодтон, зӕгъын, иу азмӕ мӕ мызд мӕ къухы куы бафтид. Ӕхца куы райстон, уӕд ӕм бацыдтӕн: «Сергей Петры фырт, рестораны цафон ӕмӕ цал лӕгӕй абадӕм?». «Ацу, кусгӕ кӕн, ресторантӕм нӕ не ‘вдӕлы», — ахӕм уыд йӕ ӕфсармджын дзуапп Таболы-фыртӕн.

Солтанбег кӕуылты адӕймаг уыд! Иу хатт та сӕ хъӕуы зианы сӕмбӕлдыстӕм. Уӕлмӕрдты мӕ, сӕ хъӕуӕй хӕсты чи фесӕфт Таболтӕй, уыдоны иумӕйаг цыртмӕ бахуыдта. Фӕрсы мӕ, куыд у, зӕгъгӕ. Ӕз тынг раппӕлыдтӕн, профессионалон ӕгъдауӕй ӕххӕст у, зӕгъгӕ. Чи у, зӕгъын, йӕ автор. Ницы загъта. Йӕ мидбылты бахудт. Уый фӕстӕ ме ‘мсиахсы фӕрсын, Таболты хӕстонтӕн цырт чи скодта, уымӕй. Уыцы рӕстӕджы Солтанбег фӕскомцӕдисы обкомы нымӕрдар уыд. Йӕхӕдӕг, дам, лӕгуӕрдонӕй доныбылӕй дуртӕ ласта. Солтанбег, куыд фӕзӕгъынц, уыд ӕнӕхъӕн фӕзынд, ӕрдзӕй алцӕмӕй дӕр ӕххӕст.

Цы ӕбуалгъ мӕлӕтӕй аскъуыд йӕ цард, уый та кӕронмӕ нӕ раргом. Йӕ зианы бон ӕгас дзыллӕтӕ уым уыдысты. Афтӕ бирӕ мӕрддзыгой ма Плиты Иссӕйы ӕвӕрӕн бон федтон, фӕстӕдӕр та — ӕгъуызарты Тамерланы зианы.

Ехх, цы стыр бӕллӕх ӕрцыд Ирыстоныл. Солтанбеджы ӕбуалгъ ӕрбайсӕфт Ирӕн стыр зиан уыд. Бирӕтӕй тынгдӕр ӕмӕ фылдӕр уарзта Ирыстон, нӕ адӕмы. Дзӕгъӕл дихтӕ нӕ нӕ кодта: уый къуыдайраг у, уый та дыгурон у. Ахӕм ницӕйаг митӕй уыд хызт. Ехх, куы ма ацардаид! Фӕлӕ… Абон дӕр ма куы цӕрид, уӕд ма цас хорз хъуыддӕгтӕ сарӕзтаид! Ахӕм адӕймӕгтӕ ма мӕ царды, кӕд бирӕ нӕ, уӕддӕр уыдис: Гапбаты Иван, Тедеты Павел. Мӕ юбилейон равдыст куы кодтон, уӕд афишӕйыл ӕртӕйы нӕмттӕ дӕр фыст уыдысты. Уымӕй сын сӕ нӕмттӕ ссардтон. Уыцы ӕртӕ разагъды лӕджы рох никуы уыдзысты. Чи сӕ фӕзма, уыдон та фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнӕнт!

Дзбойты Михал,

УФ-йы сгуыхт ӕмӕ РЦИ-Аланийы адӕмон нывгӕнӕг, Хетӕгкаты Къостайы номыл

паддзахадон премийы лауреат

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here