Скъоладзаутӕ сӕ фӕллад суагътой

0
245

Ацы сӕрд республикӕйы иумӕйагахуырадон кусӕндӕтты цур цы лагертӕ куыста, уыдоны дыууӕ радӕй сӕ фӕллад суагътой 12 мин сывӕллоны бӕрц. Ахӕм нымӕцтӕ фехъусын кодтой РЦИ-Аланийы Ахуырад ӕмӕ наукӕйы министрады.

Сӕвзӕргӕ эпидемиологон уавӕрмӕ гӕсгӕ, ацы хатт скъолаты цур кусӕг сӕрдыгон лагертӕ сӕ архайд кодтой 7 июнӕй 28 июлы онг (18-гай бонтӕ кӕм уыд, ахӕм дыууӕ радӕй).

Министрады минӕвары ныхасмӕ гӕсгӕ, сӕрмагонд ӕргом здӕхт ӕрцыд, царды зын уавӕрты чи бахауд, уыцы бинонты уавӕрмӕ. Адӕмы ацы категорийы сывӕллӕттӕн лагерты рахицӕн кодтой 1700 бынаты бӕрц.

«Радты дӕргъы скъоладзаутимӕ куыстой сӕ ахуыргӕнджытӕ, стӕй къорды раздзогтӕ (уыдон та уыдысты Цӕгат Ирыстоны паддзахадон университет ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты студенттӕ). Хъомылгӕнджытӕ сывӕллӕттӕн арӕзтой алыхуызон цымыдисаг экскурситӕ, мастер-класстӕ, интеллектуалон хъӕзтытӕ, спортивон ерыстӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Алкӕцы сӕрдыгон лагеры специалистты размӕ дӕр хӕс ӕвӕрд цыд, цӕмӕй скъоладзауты фӕлладуагъд уӕнгрог, цымыдисаг, пайдайаг уа», — радзырдта министрады уӕлӕмхасӕн ахуырады рӕзты хайады хицау Езеты Альбинӕ.

Ахуырад ӕмӕ наукӕйы министрады куыд фӕбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй сӕрдыгон лагерты куыст арӕзт цыд «Роспотребнадзор»-ы амынддзинӕдты бындурыл.

Уыимӕ, зӕгъын хъӕуы, Цӕгат Ирыстоны минӕвӕрттӕ дарддӕр сӕ фӕллад ӕппӕтуӕрӕсеон лагертӕ «Орленок», «Смена» ӕмӕ «Артек»-ы кӕй уадзынц, уый дӕр. Зӕгъӕм, азы фыццаг ӕмбисы уыцы ӕппӕтуӕрӕсеон центртӕм Цӕгат Ирыстонӕй арвыстой 110 сывӕллоны.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here