Дзӕуджыхъӕуы гарнизоны Афицерты хӕдзары Хуссар ӕфсӕддон зылды 58-ӕм ӕфсады командӕгӕнӕджы хӕдивӕг Андрей Лукьяненко фембӕлд республикӕйы журналисттимӕ. Фембӕлд амыдта 58-ӕм ӕфсады капитан Максим СеменЧенко. Сӕ ныхасы сӕр уыд, ацы аз 27 августӕй 29 августмӕ бӕстӕйы ӕппӕт регионты ӕмӕ уыдонимӕ нӕ республикӕйы дӕр цы Дунеон ӕфсӕддон-техникон форум «Ӕфсад-2021» цӕудзӕн, уый фӕдыл. Андрей Лукьяненко куыд радзырдта, афтӕмӕй уыцы ӕртӕ боны республикӕйы цӕрджытӕ стырӕй-чысылӕй фендзысты Уӕрӕсейы ӕфсады хъомыс, йӕ ногдӕр техникӕйы ӕрмӕст равдыст нӕ, фӕлӕ ма, хӕстон уавӕрты куыд архайдзысты, уый дӕр. Ам ӕвдыст ӕрцӕудзӕн ӕфсады службӕгӕнджыты арӕхстдзинад, сӕ тых, сӕ хъомыс ӕмӕ сӕ иудзинад республикӕйы цӕрджытимӕ.
Мадзал цӕудзӕн ДОСААФ-ы авиаклубы зӕххыл Джызӕлмӕ хӕстӕг 10.00 сахатӕй 16.00 сахатмӕ. Уыцы ӕртӕ боны форумы ‘фсады ӕнтыстытӕ фенын кӕй бафӕнда, уыдонӕн Дзӕуджыхъӕуы фыццӕгӕм автостанцӕйӕ бынатмӕ лӕвар цӕудзӕн маршрутон автобус.
Адӕм фендзысты хӕцӕнгӕрзты нырыккондӕр хуызӕгтӕ, ӕфсад цӕмӕй ифтонг у, ахӕм сӕрмагонд техникӕ, фендзысты, танктӕ вальс куыд кафдзысты, уый дӕр. Чи ӕрбацӕуа, уыдонӕн сӕ бон уыдзӕн сӕрмагонд цӕттӕгонд бынаты хӕцӕнгарзӕй фехсын, ерысы архайын. Концертон ӕмӕ хиирхӕфсӕн программӕты фӕстӕ сӕ бон саходын уыдзӕн ӕфсӕддоны касӕй. Фондз азӕй уӕлӕмӕ сывӕллӕттӕн кусдзӕн сабиты фӕз. Мадзалы кӕронбӕттӕны РЦИ-Аланийы разамындӕн кадджын уавӕры лӕвӕрд ӕрцӕудзысты, Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты рӕстӕг Кавказ бахъахъхъӕныныл карз хӕстыты чи архайдта, уыцы ӕфсӕддон иугӕндтӕ ӕмӕ хӕйтты хӕстон тырысатӕ.
58-ӕм ӕфсадӕй уӕлдай форумы архайдзысты РЦИ-Аланийы ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕрты министрады ӕмӕ Уӕрӕсейы гвардийы дӕлхайӕдтӕ дӕр. Уыдон равдисдзысты ногдӕр техникӕ ӕмӕ сӕ ведомствӕты сӕрмагонд фӕрӕзтӕ.
Цӕгат Ирыстоны промышленнон куыстуӕттӕ та сараздзысты республикӕйы промышленност ӕмӕ хъӕууон хӕдзарады ӕнтыстдзинӕдты равдыст. Форум аразджытӕ бӕлвырд хъуыддӕгтӕ снысан кодтой адӕмы коронавирусӕй бахизыны тыххӕй дӕр. Командӕгӕнӕджы хӕдивӕг йӕ раныхасы кӕрон бӕлвырд дзуаппытӕ радта журналистты фарстытӕн.
Фембӕлды ма архайдтой республикӕйы ӕфсӕддон комиссары хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Абрил Абдулов ӕмӕ 19-ӕм мотоӕхсӕг дивизийы командӕгӕнӕджы хӕдивӕг Александр Сердюк.
Уыдон бӕстон радзырдтой Уӕрӕсейы Федерацийы Президент Владимир Путины Указ Уӕрӕсейы Федерацийы Хъахъхъӕнынады министрадӕн, бӕстӕйы чи баслужбӕ кодта, уыцы мобилизацихъом цӕрджытӕй фӕстауӕрц адӕм бацӕттӕ кӕныны тыххӕй. Куыд загътой, афтӕмӕй, фӕстауӕрц адӕймӕгтӕй контракт чи бафысса, уыдонмӕ-иу фӕсиддзысты мӕй иу хатт 2 къуырийӕ 4 къуырийы ӕмгъуыдмӕ, ахуыр сӕ кӕндзысты, цы ӕфсӕддон дӕсныйӕдтӕ сӕм ис, уыдон зӕрдыл ӕрлӕууын кӕныныл, цӕмӕй сӕ дӕсныйад ма рох кӕной ӕмӕ, сабыр царды рӕстӕг исты ӕвирхъау бӕллӕхты сӕ сӕр ӕххуысӕн куы бахъӕуа, уӕд цӕттӕ уой дӕсны архайынмӕ, фӕстауӕрц ӕфсӕддонтӕ республикӕйы ӕндӕр рӕттӕм конд нӕ цӕудзысты, нӕ архайдзысты ӕхсӕнадон змӕстыты рӕстӕг адӕмы басабыр кӕныныл. Ӕрмӕстдӕр архайдзысты донраивылдтытӕ, егъау артсирвӕзт ӕмӕ ӕндӕр бӕллӕхтӕ аиуварс кӕныны хъуыддаджы нӕхи республикӕйы ӕмӕ уый тыххӕй исдзысты мызд, уӕгъд цӕудзысты сӕ ахуыр ӕмӕ куыстӕй. Бӕлвырддӕр хабӕрттӕ базоныны тыххӕй та бацӕуын хъӕуы ӕфсӕддон комиссарадмӕ Дзӕуджыхъӕуы кӕнӕ, чи кӕцы районы цӕры, уырдӕм. Ацы фарстаты фӕдыл дӕр журналисттӕм разынд бирӕ фарстытӕ, ӕмӕ разыйӕ баззадысты докладгӕнджыты дзуаппытӕй.
Касаты Батрадз
















