Бабӕрӕг кодта «Нарт» ӕмӕ «Алан»

0
228

Республикӕйы разамонӕг Сергей Меняйлойӕн кусӕг балц уыд паддзахадон бӕхты-драмон театр «Нарт»-мӕ. Хицауады Сӕрдары хӕдивӕджы хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Тугъанаты Ларисӕ ӕмӕ культурӕйы министры хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Къубалты Эльбрусимӕ ӕрзылдысты театры фӕзуатыл, йӕ разамындимӕ аныхас кодтой.

Театрӕн бындур сӕвӕрдтой 1990 азы, уымӕй баиу кодтой драмон, хореографион, спортивон, цирчы аивад. Абон Уӕрӕсейы уый у иунӕг бӕхты-драмон театр, кусы дзы 20 артисты, труппӕйы ис 11 бӕхы. Йӕ разамонӕг Сихъоты Тимур куыд зӕгъы, афтӕмӕй фарон театрӕн балхӕдтой ӕмӕ сфидар кодтой хъарм ангар-бӕхты манеж. Уый фӕрцы артисттӕ азы дӕргъы репетици кодтой ӕнӕкъуылымпытӕй. Театрмӕ ма гом арвы бын манеж дӕр ис. Фӕлӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕджы ӕххуыс кӕм хъӕуы, ахӕм фарстатӕ дӕр лӕууынц сӕ размӕ. Нӕ сын фаг кӕны административон бӕстыхай, сӕ фӕзуат къуындӕггомау у.

Уыцы бон Сергей Меняйло базонгӕ Адӕмон кафты паддзахадон академион ансамбл «Алан»-ы коллективы куысты уавӕртимӕ. Йӕ аивадон разамонӕг Козаты Зелимханимӕ ныхасы фӕстӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг бахӕс кодта, цӕмӕй цыбыр ӕмгъуыдмӕ бацӕттӕ кӕной бакӕнинаг хъуыддӕгты ӕмӕ нысанты хыгъд. Сергей Меняйло сӕвӕрдта кафджыты размӕ хӕс: хъуамӕ уӕлдӕр, хуыздӕр ӕмвӕзадмӕ рахизой.

Ансамбл «Алан» фӕзынд 1938 азы, коллектив ӕрзылд дунейы бирӕ бӕстӕтыл, фондз континенты дунеон фестивалы сыгъзӕрин майданы хицау ссис францаг Дижоны, у Хетӕгкаты Къостайы премийы лауреат, ӕппӕтуӕрӕсеон ӕмӕ дунеон конкурсты уӕлахиздзау. Ныртӕккӕ сфӕлдыстадон къорды ис 80 адӕймаджы, йӕ репертуары — 16 сфӕлдыстадон номыры. Программӕ хъавынц фӕуӕрӕхдӕр кӕнын, хӕцгӕнизы азарӕй сӕ гастролтӕ баурӕдтой. Сӕ тыхстагдӕр фарстатӕ сты ныллӕг мызд, хъӕугӕ автобус балхӕнын ӕмӕ репетицитӕ кӕнӕн бынаты цалцӕг.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here