Цӕмӕн хъуамӕ хонӕм нӕхи аллонтӕ?!

0
247

Мах, ирон адӕм, иттӕг хорз хъуыддӕгтӕ бакодтам, нӕ тырыса ӕмӕ герб кӕй сног кодтам, гимн кӕй ныффыстам, уымӕй. Нӕ равзӕрды ӕрфытӕм ныккӕсынмӕ, не ‘взаг бахъахъхъӕныны фӕлтӕрӕнтӕ дӕр кӕнӕм. Уӕдӕ нӕ республикӕйы номмӕ дӕр бафтыдтам ӕндӕр ӕвзӕгтыл нӕ фыдӕлты рагон ном — алантӕ. Ӕмӕ йыл хорз сфидыдта ном «Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Алани — Республика Северная Осетия-Алания». Ӕцӕг ма дзы иронау Алани цӕмӕн хъӕуы, уымӕн дзуапп ничи ратдзӕн.

Афтӕ куы бакӕнид Хуссар Ирыстон дӕр, уӕд тынг хорз уаид. Йӕ конституцион ном куы скӕнид «Республикӕ Хуссар Ирыстон-Алани — Республика Южная Осетия-Алания». Хуыздӕр та уый уаид, ӕмӕ ӕппӕт гӕнӕнтӕй, хъарутӕй куы бацархаид Цӕгат Ирыстонимӕ баиу кӕныныл, ӕмӕ иугонд Ирыстон Уӕрӕсейы Федерацийы сконды куы хуыйнид «Республикӕ Ирыстон-Алани — Республика Осетия-Алания». Нӕ уавӕрмӕ абоны цӕстӕй кӕсын та нӕ хорзмӕ не ‘ркӕндзӕн. Зӕгъут-ма мын, чи ӕнхъӕл уыдис, Андроповы фӕстӕ не Стыр Цӕдисӕн Горбачевы хуызӕттӕ разамынд дӕтдзысты, уый? Хуыцауӕй разы, Владимир Путин ӕмӕ Дмитрий Медведев паддзахад йӕ къахыл слӕууын кодтой, йӕ фидардзинадыл бакуыстой, Хуссар Ирыстоны фарс рахӕцыдысты, хицӕн паддзахадыл ӕй банымадтой. Цӕмӕ бӕллыдыстӕм, уый нӕхи цӕстытӕй федтам.

Фӕлӕ… Фӕлӕ та сомбоны, Хуыцау бахизӕд, фӕлӕ Уӕрӕсейы сӕргъы иу Ельцины хуызӕн куы ӕрлӕууа, ӕмӕ та йӕ гуырдзы сӕхирдӕм куы фездахой, куы йӕ балхӕной, ӕмӕ сын Хуссар Ирыстон ногӕй куы авӕра, уымӕй нӕ тӕрсут, ирон адӕм?! Уый хъуыдыйаг у, рохгӕнинаг нӕу, ӕмӕ цӕмӕй уыцы цау ма ӕрцӕуа, ууыл нӕ кусын хъӕуы Хуссары ӕмӕ Цӕгаты дӕр. Нӕ баиуыл! Цӕмӕй иу Ирыстон уӕм Уӕрӕсейы сконды. Нӕ фыдӕлтӕ нын куыд фӕдзӕхстой, афтӕ: «ӕнусмӕ — Уӕрӕсеимӕ». Ном гӕххӕттыл аивын диссаг нӕу, номы аккаг хъуыддӕгтӕ кӕнын, аразын хъӕуы.

Советон дуджы Арвыкомы Хъазыбеджы районы разамынды, йӕ цӕрджыты тынг фӕндыд, Цӕгат Ирыстонимӕ сӕ куы баиу кодтаиккой, уый. Уымӕн, ӕмӕ Барзы ӕфцӕг зымӕг цалдӕр мӕйы ӕхгӕд вӕййы, стӕй сӕм Дзӕуджыхъӕу Калакӕй ӕввахсдӕр у, ӕмӕ сӕ алы хъуыддаг ам кодтой. Уӕды Цӕгат Ирыстоны разамынд ацы фарстамӕ бӕрнон цӕстӕй куы акастаид, куы йыл батыхстаид, ацы хъуыддаг рӕстӕрдӕм лыггонд куы ӕрцыдаид, уӕд ныр таможня-илциисӕн Уӕллаг Ларсы нӕ уаид, фӕлӕ — Къобы. Ныр нӕ абон уырдӕм уадзгӕ дӕр нал кӕнынц. Къоб ӕмӕ Тырсыгомӕй ирон адӕм фӕлыгъдысты, ӕмӕ сӕ ӕнӕхай фестӕм.

Цӕгат Ирыстон «Республикӕ Цӕгат Ирыстон- Алани» куы сси, уӕд чидӕртӕ февнӕлдтой, ӕндӕр адӕмтӕ нӕ куыд хуыдтой, нӕхи афтӕ — алантӕ рахонынмӕ дӕр. Ӕмӕ уӕд ӕппӕт ирон адӕмы Стыр Ныхас Аланты Ныхасӕй агӕпп ласта. Цымӕ йӕ уӕд Скифты кӕнӕ Сӕрмӕтты Ныхас цӕуылнӕ рахуыдтой, уыдон нӕ фыдӕлтӕ раздӕр куы уыдысты. Хуыздӕр нӕ уыдаид Иры Ныхас ӕй рахонын? Уӕд нӕм фӕзынд ахӕмтӕ дӕр, ном ирон бынтондӕр аланмӕ раивыныл йӕхи чи хъардта. Афтӕмӕй уӕд уый афтӕ уайы, мах нӕхи абон иронау осетинтӕ хонын куы райдаиккам. Стӕй алан цӕуылнӕ. Нӕ рагфыдӕлты нын скифтӕ, сӕрмӕттӕ, фӕстӕдӕр та аланты дуджы ястӕ ӕмӕ астӕ дӕр куы хуыдтой!

Нӕ рагфыдӕлты ӕнусӕй фӕстӕмӕ Византи ӕмӕ иннӕ бӕстӕтӕ зонын райдыдтой алантӕй. Сомихы аргъуан нӕ абон дӕр ма хоны алантӕ. Ивгъуыд ӕнусы нӕуӕдзӕм азты, нӕ республикӕйы уырыссаг номмӕ «Алания» ӕфтыд куы нӕма ӕрцыд, уӕд Ирон театры раз фӕзы егъау митинджы раныхас кодта Сомихӕй сауджын. Уый дӕр нӕ, уырыссагау дзургӕйӕ, «осетины» не схуыдта, фӕлӕ — «аланы». Иу хатт дӕр «осетинский народ» нӕ загъта, дзырдта нӕм «аланский народ».

Уӕдӕ ирон адӕмон сфӕлдыстады, уӕлдайдӕр та Нарты кадджыты, ӕвӕрццӕг архайджытӕ уӕйгуытӕм кӕнӕ ӕндӕр знӕгтӕм куы бафтынц, уӕд сӕ хонынц аллонтӕ кӕнӕ — аллон-биллонтӕ.

Салӕгаты Зояйы арӕзт чиныг «Ирон адӕмон сфӕлдыстад»-ы фыццаг томы ӕмбалты Цоцкойы фыст кадӕг «Нарты Сослан-тыхагур»-ы кӕсӕм:

— Де ‘зӕр хорз уа, мӕ мадыхай! — загъта Нарты Сослан.

— Мӕ мадыхай мын куы нӕ загътаис, уӕд дӕ мӕ дӕндаджы згӕтыл бӕргӕ айсӕрстаин, — загъта ус, — фӕлӕ ныр мӕ уазӕг дӕ, ӕмӕ ӕгас фӕхӕт! Кӕцӕй цӕуыс ӕмӕ цы агурыс?

— Ӕз цӕуын Нарты бӕстӕйӕ, — загъта Нарты Сослан. — Рацыдтӕн тыхагур. Нӕ бӕсты мӕнӕй тыхджындӕр нӕ разынд, ӕмӕ уый зӕрдӕйӕ рацыдтӕн мӕ тых бавзарынмӕ.

— Ӕ-гъи! Кой дӕр ӕй мауал скӕн, мӕ фырттӕ кӕфахсджытӕ сты, изӕры сӕ ардӕм хъӕуы, ӕмӕ дӕ куыддӕр ам ӕрбаййафой, афтӕ Нарты Сосланӕй стӕгдар дӕр нал баззайдзӕн: ахӕрдзысты дӕ! Мӕнӕ уал исты ахӕр, дӕ фӕллад суадз, стӕй дын исты мадзал скӕндзынӕн, цӕмӕй дӕ баиргъӕвон мӕ фырттӕй, уымӕн.

Фынг ын ацарӕзта. Цанӕбӕрӕг ма бахордтаид Нарты Сослан! Хӕрды фӕстӕ йӕ ус ӕд бӕх йӕ ронбасты амбӕхста. Уалынмӕ кӕфахсджытӕ ӕрбацӕуынц.

— Нана, уфф, уфф, уфф! Аллон-биллоны смаг дӕ цӕуы! — загътой йӕ фырттӕ.

— Цӕуӕнты сымах цӕут, хӕтӕнты сымах хӕтут, аллон-биллоны смаг та мӕнӕй цӕуы, нана уын уӕ хуртӕй бафсӕда!

— Нана, дзырдтыл нӕ ма дар, аллон-биллоны смаг дӕ цӕуы, ӕмӕ нын ӕй ратт, мах дзы нӕ мондӕгтӕ суадзӕм: рагӕй нал фӕхъӕстӕ стӕм адӕймаджы дзидзайӕ.

— Банцайут, намӕ уӕм иу замана кӕсы! — загъта ус. — Нӕ мын зонут мӕ къухты ахаст?!

Ирон адӕмы Нарты кадджытӕ Цӕгат Ирыстоны рацыдысты авд томӕй. Дзӕнӕты бадинӕгтӕ Джыккайты Шамил ӕмӕ Хӕмыцаты Тамарӕйы фӕрцы. Ӕмӕ дзы цыппар томы цалдӕргай кадджыты ӕмбӕлы дзырд аллон-биллон. Уӕйгуытӕ ӕмӕ иннӕ ӕцӕгӕлон тыхгӕнджытӕ нарты — нӕ таурӕгъон фыдӕлты хонынц аллон-биллон.

Всеволод Миллер, ирон адӕмы фӕрсгӕйӕ, историон ӕрмӕджытыл ӕнцой кӕнгӕйӕ, йӕ «Ирон-уырыссаг-немыцаг дзырдуат» фыста ӕнусӕй фылдӕры размӕ, ӕмӕ уым, стӕй 2007 азы Мӕскуыйы уагъд «Ирон ӕвзаджы ӕмбарынгӕнӕн дзырдуат»-ы дӕр аллон-биллон амынд цӕуы, нӕ фыдӕлты нын иннӕ адӕмтӕ куыд хуыдтой, уый фӕзмӕгой хуызӕй.

Абайты Васо йӕ «Ирон ӕвзаджы историон-этимологион дзырдуат»-ы 1 томы 47-ӕм фарсыл куыд фыссы, афтӕмӕй ирон адӕм сӕхи аллон хуыдтой, иннӕ адӕмтӕ сӕ афтӕ кӕй хуыдтой, уымӕ гӕсгӕ. Абон мах нӕхи ирӕттӕ куыд хонӕм, уыйау. «Т.е, мы приходим к известному этническому термину алан (греч. Алачои, лат. Алане) названию средневекового народа на Северном Кавказе, исторические связи которого с современными осетинами можно считать прочно установленными (см.: Вс. Миллер, ОЭЗ 39-66. — Ю. Кулаковский. Аланы…). В. мегр. термин алани удержался до наших дней: он перенесен преемственно на новых насельников аланской территории, карачаевцев», — фыст ис ацы фарсыл.

Историйӕ, стӕй адӕмон сфӕлдыстадӕй бӕлвырд у, нӕ рагфыдӕлты нын иннӕ адӕмтӕ алантӕ, аллонтӕ кӕй хуыдтой, уый. Цымӕ уӕд сӕхӕдӕг сӕхимӕ та цы номӕй дзырдтой? Нӕ чиныг историйы даргъ ӕмӕ гуыргъахъ фӕндӕгтыл бахъахъхъӕнын нӕ хъару не сси, ӕмӕ абон ацы фарстӕн дзуапп радтын у тынг зын. Фӕлӕ, иннӕ адӕмты фӕлтӕрддзинадыл ӕнцой кӕнгӕйӕ, (зӕгъӕм, уырысы), зӕгъӕн ис, рагӕй-ӕрӕгмӕ нӕ иумӕйаг ном нӕхи ӕвзагыл ирон кӕй у, уый. Уымӕй дӕр, ахуыргӕндтӕ куыд раиртӕстой, афтӕмӕй дзырдтӕ ари, ирон ӕмӕ аланӕн ис иу уидаг. Ном ирон нӕ ариаг дунеимӕ кӕй бӕтты, уый дӕр дызӕрдыггаг нӕу. Уӕд, цымӕ, а-фӕстаг рӕстӕг кӕйдӕрты цӕмӕн бахъуыд уыцы ном, кӕддӕр нӕ ӕндӕр адӕмтӕ куыд хуыдтой, уымӕй баивын. Кӕд ӕмӕ алы кӕмтты цӕрӕг ирӕттӕй алчидӕр, фыццаджыдӕр, йӕхи хоны йӕ комӕй, стӕй та — ирон. Ома, фӕнды Хурыскӕсӕнӕй Хурныгуылӕнмӕ, фӕнды Хуссарӕй Цӕгатмӕ райдай къобаг, тырсыйаг, туаллаг, захъайаг, уӕллагкоймаг, стырдыгуйраг, мӕздӕггаг, арагуыйаг, дзимыраг, чысайнаг, гнугъаг, урстуаллаг, рукъаг, дзомагъаг, тлиаг, чеселтаг, къуыдайраг, дӕргъӕвсаг, куырттатаг, уӕлладжыраг ӕмӕ иннӕ кӕмтты цӕрджытӕй алчидӕр йӕхи, фыццаджыдӕр, зоны уыцы коймагӕй, стӕй та — иронӕй, нӕ Фыдыбӕстӕ та — Ирыстонӕй.

Ныр нын нӕ ном чидӕртӕ ивын кӕнынц, ӕмӕ нын уӕд нӕ ӕдзард фыдӕлты рухс номы фарн та цы зӕгъдзӕн? Сӕ дин, сӕ уаг, се ‘гъдау, се ‘взаг сын рох кӕнӕм. Ныр та — сӕ ном дӕр?! ӕниу, Къостайы «Ирон фӕндыр» та? «Аллон фӕндыр» ӕй хондзыстӕм? Йе ‘мдзӕвгӕты «Мӕ Иры фӕсивӕд», «Мӕ Ирмӕ, мӕ Райгуырӕн бӕстӕм» — ацы ныхӕстӕ куыд аивдзыстӕм!? ӕмӕ цас сты, цас «Ирыстон», «ирон»-имӕ дзырдбӕстытӕ?! Уый диссаг у!

Кӕмӕйдӕр, дам, ницы рыст, ӕмӕ йӕ цӕст акъахта, уыйау ацы фарста дӕр у, царды бынат кӕмӕн нӕй, ахӕм тыхӕрхъуыды. Ӕмӕ уӕд Уӕлладжыры комы ном та куыд аивдзыстӕм? Кӕнӕ ӕрыдон, ӕрӕф, ӕрджынарӕг, Аргудан ӕмӕ Аргун дӕр нӕм ницыуал бар дарынц? Ацы нӕмттӕн дӕр сӕ райдайӕны Ирыдон, Ирӕф, Иры нарӕг ӕмӕ ӕндӕрты ном ир ӕвӕрд куы ис. Суанг ма ном дыгуроны дӕр ир — ирон куы хъуысы: а-дыг + у (и) + рон — адыгаг ирон. Ӕвӕццӕгӕн, адыггимӕ ӕввахс сыхагиуӕг кӕй кодтой, кӕнӕ, се ‘хсӕн чи цард, уыцы ирӕтты афтӕ рахуыдтой. Абон нӕм Гуырдзыстонӕй цӕрынмӕ цы ирӕттӕ ӕрбалыгъд, уыдон гуырдзиаг ирӕттӕ куыд хонӕм, афтӕ, Таджикистанӕй чи ӕрбаздӕхт, уыдоны та — таджикаг ирӕттӕ. Стӕй ма — туркаг ӕмӕ сириаг ирӕттӕ дӕр. Ацы ирӕттӕ ӕндӕр адӕмтимӕ кӕй цардысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ фыдӕлты ӕвзагыл иузӕрдиондӕр уыдысты ӕмӕ йын бахъахъхъӕдтой йӕ хӕдхуыз. Сӕ ныхасмӕ хъусын нын ӕхсызгон уымӕн у. Уыцы уагыл дыгурон диалект дӕр бахъахъхъӕдта ирон ӕвзаджы рагон хуыз, ӕмӕ нын абон, нӕ дзырдты равзӕрдыл дзургӕйӕ, у стыр ӕххуыс, ӕнцой.

Ном ивгӕ нӕу. Суанг дын ӕрыдойнаг йӕхи алагираг нӕ рахондзӕн, кӕд сӕ дыууӕ дӕр Уӕлладжыры комӕй ралыгъдысты, уӕддӕр. Афтӕ дигорайаг дӕр — цыколайаг, кӕд сӕ дыууӕ дӕр Дыгургомӕй ралыгъдысты, уӕддӕр. Номы аккаг уӕвын хъӕуы: йӕ кадыл ын кус, йӕ намыс ын фылдӕр кӕн.

Ном ивгӕ нӕу! Нӕ иумӕйаг ном дзырддаг ма кӕнӕм. Кӕд искӕмӕн Ир, Ирыстон, ирон йӕ цӕстыты сындзытӕ сты, уӕддӕр сыл хъӕцӕд, фӕразӕд сын — нӕ адӕмы ма змӕнтӕд! Цалынмӕ ирон дзыхӕй дзурӕг уа, ирон ӕвзаг уа, уӕдмӕ нын, нӕ фыдӕлты иннӕ адӕмтӕ куыд хуыдтой: алантӕ, ястӕ, астӕ, — уыцы нӕмттӕ ницавӕр тыхтӕ байсдзысты. Ӕвзаг у, уыдонӕй нӕ фӕхицӕн кӕнын цы нӕ уадзы, уыцы сӕйраг ӕууӕл.

«Аллон! Аллон! Аллон-биллон», — нӕ ахуыргӕндтӕй, аивады кусджытӕй, фысджытӕй чи кӕны, нӕ ном Ирон уымӕй аивыныл фӕлтӕрӕнтӕ чи кӕны, уыдон нӕдӕр нӕ адӕмы истори рӕстмӕ зонынц, нӕдӕр нӕ адӕмон сфӕлдыстад. Ӕмӕ сын хуыздӕр уаид, рагон бердзенаг мифологийы Фригийы паддзах Мидасыл Аполлоны фӕндӕй хӕрӕджы хъустӕ куы ӕрзад, уӕд сӕ уый худы бын куыд ӕмбӕхста, афтӕ   се ‘нӕзонындзинӕдтӕ ӕмбӕхсын.

ЦГЪОЙТЫ Хазби

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here