Ӕвӕджиауы нуазинӕгтӕ

0
338

Ӕрвылбон адӕймаджы организмы тӕнгъӕд хъӕуы 2,5 литры. Сӕрдыгон та, афӕдзы иннӕ афонтӕй хъауджыдӕр уымӕй фылдӕр фӕагуры зӕрдӕ. Уымӕ гӕсгӕ, цӕмӕй тӕвд бон дӕ дойны басӕттай, уый тыххӕй агурын райдайӕм нӕ уарзон нуазинӕгтӕ. Иутӕ ӕнувыддӕр сты нуазыны ӕмӕ суардӕттыл, иннӕтӕ цымынц цай, нуазынц дыргъты дӕттӕ, цыппӕрӕймӕгтӕ ӕхсызгонӕн цъирын райдайынц уазал бӕгӕны. Фӕлӕ кӕй ранымадтам, уыдонӕй фылдӕр хатт дойны ӕнцонӕй басӕттӕн нӕ вӕййы. Уӕдӕ, цавӕр нуазинӕгтӕ тых кӕнынц ӕппӕтӕй тынгдӕр сӕрдыгон, хуры судзгӕ тынтӕм нӕ удхарӕй чи фӕмары, уыцы ӕнӕбасӕттон дойныйӕн?

Алыхуызон дӕттӕ

Дыргъты, гагадыргъты ӕмӕ халсарты дӕттӕ сты ӕвӕджиауы комуазалгӕнӕн нуазинӕгтӕ. Уыдоны ис витаминтӕ ӕмӕ цӕххытӕ, адджын антисептиктӕ ӕмӕ аминотуагӕдтӕ дӕр. Дыргъты дон у рог хойраг, бӕлвырддӕр та нуазинаг, организмы ӕнцонӕй чи батайы, ахӕм буаргъӕдтӕ йӕм кӕй хӕццӕ кӕны, уый тыххӕй.

Ай-гъай, ӕппӕтӕй хуыздӕр у ноглӕмӕрст дыргъты дон нуазын. Фӕлӕ дуканиты цы дыргъты дӕттӕ фӕуӕй кӕнынц, уыдон сӕ хӕрзхъӕддзинадмӕ гӕсгӕ ног лӕмӕрст дыргъты дӕттӕй бирӕ дӕлдӕр лӕууынц. Цы нуазыс, уый цӕмӕй базонай, уый тыххӕй 2001 азы 1 январӕй фӕстӕмӕ ног ГОСТ ис нӕ бӕстӕйы. Ныр фыст «натуралон дыргъты дон» фендзынӕ, ӕрмӕстдӕр сӕкӕр ӕмӕ лимоны туагад кӕдӕм нӕ хӕццӕ кӕнынц, ахӕм продукттыл. Иннӕтӕ сты нектартӕ, фӕлӕ уыдон дӕр бынтон ӕвзӕр не сты.

Уавӕр афтӕ у, ӕмӕ кӕцыдӕр дыргътӕй дыргъты сыгъдӕг дон нӕ рауадздзынӕ. Дыргъты доны ӕмӕ нектары хицӕндзинад уым ис, ӕмӕ натуралон дыргъты доны пайдайаг хай вӕййы 100 проценты. Нектар цӕттӕгӕнгӕйӕ, та сӕмхӕццӕ вӕййынц натуралон дыргъты дӕттӕ, сӕкӕр кӕнӕ мыд, натуралон адджынгӕнӕнтӕ, хойраджы туагӕдтӕ, ахорӕнтӕ, хӕрздӕфгӕнӕн буаргъӕдтӕ. Уыимӕ, дыргъты ӕмӕ халсарты фылдӕр хай вӕййы 25-50 проценты.

Цай

Адджын чи нӕ уа кӕнӕ кӕрдӕгхуыз цай, стӕй кӕрдӕджытӕй цай хорз ӕххуыс кӕнынц тӕвд рӕстӕджы. Адӕймаджы цардархайд хъӕддыхдӕр кӕны каркадэйы (сырх цай) дидинджытӕй цай дӕр. Йӕ дидинсыфты лимоны туагад кӕй ис, уый тыххӕй ком уазал кӕны канд тӕвд рӕстӕджы нӕ, фӕлӕ ма уӕлдӕргонд температурӕйы дӕр, стӕй мары кӕцыдӕр низхӕссӕг организмты дӕр. Сатӕггӕнӕн нуазинаджы хуызы ӕппӕтӕй хуыздӕр у тӕвд сырх цай цымын, кӕнӕ та уазал каркадэ сӕкӕримӕ.

Кӕрдӕгхуыз цай канд дойны нӕ сӕтты, фӕлӕ ма организм хъӕздыг кӕны витаминтӕй, минералон буаргъӕдтӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕртӕй. Уый у, витаминтӕ С, Р, РР ӕмӕ къорд В-йы бирӕ витаминтӕ кӕм ис, ахӕм нуазинаг. Кӕрдӕгхуыз цай фыцгӕйӕ, уым сау цайӕ дзӕвгар фылдӕр баззайынц минералон буаргъӕдтӕ. Япойнӕгтӕ нымайынц, зӕгъгӕ, сӕкӕр ӕмӕ ӕхсыр кӕрдӕгхуыз цайы кӕрӕдзиимӕ нӕ фидауынц, хуыздӕр, дам, у уый мыдимӕ нуазын.

Суардӕттӕ

Диетологтӕ куыд нымайынц, афтӕмӕй цайӕ уӕлдай хуымӕтӕджы суардӕттӕ дӕр иттӕг хорз сӕттынц дойны. Нуазыны донӕй уыдон хицӕн кӕнынц уымӕй, ӕмӕ сӕ ис, организмӕн пайда чи у, ахӕм  минералон буаргъӕдтӕ. Уымӕй уӕлдай, уыдон сты калорийджын дӕр. Фӕлӕ сӕ нӕ хъӕуы ӕгӕр уазал кӕнын. Дохтыртӕ куыд амонынц, афтӕмӕй сӕрдыгон уӕлдай арӕхдӕр фӕзыны хъуырниз.

Бӕгӕны

Бӕгӕны нуазын у адӕймаджы рагон традици. Тигр ӕмӕ Евфраты ӕхсӕн шумертӕ кӕм цардысты, уым археологтӕ ссардтой, бирӕ ӕнустӕ кӕуыл цӕуы, ахӕм  дуртӕ, ӕмӕ сыл фыст уыдис, бӕгӕны куыд кӕнын хъӕуы, уый. Задӕй фыхтӕуыд бӕгӕныйы дзул — баппир, уый фӕстӕ-иу ӕй лыстӕггондӕй ныккодтой боцкъайы, дон дӕр-иу ыл ауагътой ӕмӕ йӕ ӕнхъызтой.

Рагон цӕрджытӕ бӕгӕны нуӕзтой тростникӕй конд сӕрмагонд хӕтӕлтӕй, цӕмӕй, чи нӕ батад, уыцы цъӕмӕлтӕ ӕмӕ хоры гагатӕ ма хъыгдарой ӕвӕджиауы нуазинагӕй мондӕгтӕ суадзынӕн. Славянӕгтӕм та бӕгӕныйы тыххӕй цы кой баззад, уый ахӕссӕн ис 448 азмӕ. Уӕлдай тынгдӕр бӕгӕныфыцӕнтӕ рапарахат сты IX ӕнусы Уырысы новгородаг зӕххыты.

Ай-гъай, бӕгӕны ӕгӕр бирӕ нуазӕн нӕй. Рох кӕнын нӕ хъӕуы, уый пайда уӕд уыдзӕн, ӕмӕ йӕ чысыл бӕрцӕй куы нуазай. Фӕлӕ бӕгӕны бӕззы ӕрмӕстдӕр ӕнӕниз адӕймагӕн. Ахсӕны хъӕдгомӕй, гастритӕй ӕмӕ уӕлдӕр туагадӕй чи сӕйы, уыдонӕн ацы нуазинаг зиан хӕссы, алкӕй дӕр та бӕгӕныйы дӕлбардзинадӕй хъахъхъӕнын хъӕуы.

Фӕлӕ адӕм цал сты, уал ӕнкъарӕны сӕм ис. Сӕйрагдӕр у, цы нуазыс, уый ад дын хъуамӕ ӕхсызгондзинад хӕсса. Уымӕн ӕмӕ, уыимӕ сымах аныхъуырдзыстут уӕ хуыздӕр ӕнкъарӕнтӕ, уӕ ахаст фӕхуыздӕр уыдзӕн, ӕмӕ уый хорзӕрдӕм фӕзындзӕн уӕхи ӕнкъарындзинадыл.

Беслехъоты Иринӕ,

Дохтыр

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here