Ирон хӕдзар

0
290

Самарӕйы этнокультурон комплекс «Адӕмты хӕлардзинады парчы» арӕзтад кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны.

Объекты фӕзуатыл фӕзындзӕн 20 национ хӕдзары. Ацы хӕдзӕртты кӕй сӕвӕрдзысты, уыцы экспонаттӕ ӕвдисдзысты алы адӕмыхӕттыты ӕгъдӕуттӕ, культурӕ ӕмӕ сӕ цардыуаг.

Ныридӕгӕн кӕронмӕ кӕй арӕзтад ахӕццӕ, уыцы ирон хӕдзары арӕзтадӕн уирагдуртӕ ӕрӕмбырд кодтой Хуссар Ирыстоны хӕххон цӕугӕдӕтты.

Парахат комплекс саразыны фӕндон бахӕссӕг адӕймӕгтӕй иу уыд ӕхсӕнадон организаци «Самарӕйы облӕсты адӕмты цӕдис»-ы сӕрдар Хуыгаты Ростислав.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here