Цӕгат Ирыстоны Хицауад Ӕрыдоны районӕн автомобилон фӕндӕгтӕ сцалцӕг кӕнынӕн уӕлӕмхасӕн радих кӕндзӕн 35 милуан сомы, Ӕрӕфы районӕн та — 29,5 милуан сомы.
Ацы хабар нӕ республикӕйы Хицауады радон ӕмбырды фехъусын кодта Фӕндӕгты хӕдзарады комитеты сӕрдары хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Солиты Тариэл.
— Ӕрыдоны районы Фыййаджыбылӕй Рассветмӕ фӕндаг сцалцӕг кӕнынӕн ратдзыстӕм 35 милуан сомы. Цыколайы Дедегкайы-фырты уынг рацаразынӕн рахай кӕндзыстӕм 18,2 милуан сомы, Хӕзныдонмӕ ‘ввахс ногдзауты лагер «Ирӕф»-мӕ бацӕуӕн фӕндаг банывыл кӕнынӕн та — 11,3 милуан сомы, — загъта Солийы-фырт.
Амӕй размӕ дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзтӕ куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй федералон бюджет нӕ республикӕйӕн регионалон фӕндӕгтӕ сцалцӕг кӕнынӕн уӕлӕмхасӕн радих кодта 100 милуан сомы.
Нӕ уацхӕссӕг