Номарӕн культурон-патриотон центр — Беслӕны

0
313

Беслӕны фыццӕгӕм скъолайы арӕзт террористон фыдракӕнды чи бабын, уыцы ӕнаххос адӕмы номарӕн культурон-патриотон центры арӕзтадӕн дихгонд ӕрцӕудзӕн 75 милуан сомы бӕрц. Уый фӕдыл сӕрмагонд уынаффӕ бафыста премьер-министр Михаил Мишустин.

Куыд нысангонд цӕуы, афтӕмӕй уӕлдӕр амынд центр арӕзт ӕрцӕудзӕн, гӕрзифтонг фыдгӕнджытӕ 2004 азы 1 сентябры цы скъола бацахстой, уый бындурыл. Скъолайы агъуысты рацарӕзты проектмӕ гӕсгӕ, реставратортӕ ӕмӕ аразджытӕ бацархайдзысты уыцы ӕбуалгъ бонты ӕвдисӕнтӕ бахъахъхъӕныныл. Специалисттӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй спортивон зал ӕмӕ иннӕ бӕстыхӕйттӕн сараздзысты консерваци, цӕмӕй дарддӕр ма хӕлой. Фидӕны центры бӕстыхӕйтты равӕрдзысты уыцы цаутыл дзурӕг экспозицитӕ. Уыимӕ, сӕрмагонд залы стыр экраныл ӕвдыст цӕудзысты 2004 азы сентябры документалон кинонывтӕ. Центры сконды уыдзӕн ӕндӕр номарӕн дӕлхайӕдтӕ дӕр.

УФ-йы Хицауады пресс-центры минӕвар куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй ацы фӕрӕзтӕй 2021 азы кӕронмӕ центры проектӕн сӕххӕст кӕндзысты йӕ куыстыты 30 проценты бӕрц.  Уыимӕ, центры арӕзтад хъуамӕ ахицӕн уа 2022 азы кӕронмӕ.

Зындгонд куыд у, афтӕмӕй Беслӕны культурон-патриотон номарӕн центры арӕзтады хъуыддагмӕ Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕджы хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Сергей Меняйло раздӕхта УФ-йы Хицауады Сӕрдар Михаил Мишустины ӕргом сӕ кусӕг фембӕлды 15 июны горӕт Пятигорскы. Уӕд премьер-министр зӕрдӕ бавӕрдта, номарӕн центры арӕзтадӕн хъӕугӕ фӕрӕзтӕ кӕй радих кӕндзысты, уымӕй.

Ацы бонты Михаил Мишустин цы уынаффӕтӕ сфидар кодта, уыдонӕй ма ноджыдӕр иу комкоммӕ баст уыд Беслӕнимӕ. Афтӕ, Беслӕны фӕндӕгты цалцӕгӕн комкоммӕ дихгонд ӕрцӕудзӕн 75 милуан сомы бӕрц. Куыд нысангонд цӕуы, афтӕмӕй уыцы фӕрӕзтӕй рацараздзысты Ленины, Широкая ӕмӕ Кооперативон уынгтӕ. Уыцы уынгты автомобилон фӕндӕгтӕй уӕлдай раивдзысты тротуартӕ ӕмӕ бордюртӕ дӕр, ӕрӕвӕрдзысты дзы фӕндагон ног нысантӕ. Цалцӕджы программӕмӕ бахастой фӕндӕгты хызӕджы 2,2 километры. Ӕппӕт фӕлгонцадон куыстытӕ дӕр хъуамӕ ахицӕн уой 2021 азы кӕронмӕ.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here