Хъырым Уæрæсеимæ баиу уæвыны кадæн

0
372

Хъырым Уæрæсеимæ кæй баиу, уый кадæн Дзæуджыхъæуы ацыд хæдтулгæты дугъ.

 

Цæгат Ирыстоны Фæсивæды хъуыддæгты комитеты пресс-службæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй 30 хæдтулгæйæ фылдæр Манежы фæзæй горæты центрмæ ацыдысты æмæ та фæстæмæ ацы ранмæ æрыздæхтысты. Манежы фæз нымад уыд хæдтулгæты дугъы кæронбæттæн бынатыл. Афтæмæй, 8 азы размæ кæй рахастой, акцийы архайджытæ Уæрæсейы Президент Владимир Путины уыцы уынаффæйы фарс рахæцыдысты.
Куыд зонæм, афтæмæй 2014 азы 16 мартъийы арæзт референдумы рæстæг æрдæгсакъадах Хъырым æмæ горæт Севастополы цæрæг адæмы 96,77 проценты схъæлæс кодтой Уæрæсеимæ баиу уæвыныл. Ацы азы 18 мартъийы Уæрæсейы Президент Владимир Путин йæ къух кæм æрæвæрдта, ахæм паддзахадон бадзырдмæ гæсгæ, Хъырым ногæй нымад æрцыд нæ бæстæйы æнæуаргæ хайыл.

Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here