Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ректор Огъуаты Алан куыд фехъусын кодта, афтæмæй Донецкы Адæмон Республикæйæ нæм æрбацæуæг студенттæн уыдзæн сæ ахуырад дарддæр ахæццæ кæныны бар.
21 мартъийæ фæстæмæ 2 студенты ахуырад дарддæр хæццæ кæндзысты экономикæ æмæ уынаффæйады факультеты, 1 студент та — психологон-педагогон факультеты.
— Ахуырадмæ райсдзыстæм ныхас кæныны æмæ дисциплинæтæ кæрæдзийæн банымайыны фæткы бындурыл. Фæсивæды базонгæ кодтам университетимæ. Бахъуаджы рæстæг сын æвæстиатæй баххуыс кæндзыстæм. Æнæнхъæлæджы уавæрты аххосæй Донецкы æмæ Луганскы Адæмон республикæтæй Уæрæсемæ æрбацæуæг студентты ахуыр кæнынмæ райсынмæ цæттæ стæм, — загъта Огъуайы-фырт.
Амынд республикæтæй нæ бæстæмæ æрбафтæг абитуриенттæ æмæ студенттæм ис фæсарæйнаг студенттæн дихгонд квотæтæм гæсгæ уæрæсейаг уæлдæр скъолатæм ахуыр кæнынмæ бацæуыны бар. Уæрæсейы Ахуырад æмæ наукæйы министрад куыд фехъусын кодта, афтæмæй ацы аз бæстæйы уæлдæр ахуыргæнæндæттæ «фæсарæйнаг» квотæтæм гæсгæ рахай кодтой 5 мин бынаты. Нæ бæстæйы уæлдæр скъолатæ фæсарæйнаг студенттæн æдæппæт бацæттæ кодтой 23 мин бынаты. Фæсарæйнаг студенттæн квотæ нымад у ахуырадмæ райсыны фæдыл кæронбæттæн нымæцты номхыгъдмæ нæхауæг хицæн программæйыл.
Нæ уацхæссæг














