Се ‘хсæн рауад ахсджиаг ныхас

0
172

Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло Мæскуыйы фембæлд Уæрæсейы Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Новакимæ. Æрныхас кодтой æргъты рæзтыл æмæ хойраджы продукци Цæгат Ирыстонмæ æрвитыныл, регионы рæзты раззагдæр проекттыл.

Сæйраг æргом аздæхтой республикæйы социалон-экономикон рæзтмæ, фæлхасады æргъты уавæрмæ, Цæгат Ирыстоны амалхъомтæн æххуысы мадзæлттæм, регионы экономикæйы размæцыдмæ. Александр Новак куыд бафæдзæхста, афтæмæй хъуамæ Сергей Меняйло æргъты рæзты фарста йæхимæ райса.
«Ныртæккæ махæн ахсджиаг у, нæ ныхмæ уæвæг бæстæты ‘рдыгæй къуырцдзæвæнтæн ныхкъуырд дæттын. Нæ экономикæ уымæ хъуамæ цæттæ уа. Æргъты æнæбындур рæзтæн хъуамæ бынат ма уа. Мидæггаг базарадæн æххуысы мадзæлттæ цæттæ кæнæм, адæмæн сæ куысты бынæттæ хъуамæ хъахъхъæд æрцæуой, заводтæ æмæ куыстуæттæ хъуамæ сæ архайд ма бауромой, адæмæн та социалон æххуыс лæвæрд цæудзæн. Регионалон æмвæзады дæр уыдæттæ хъуамæ æххæстгонд цæуой», — загъта УФ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг.
Уæлдай æргом хъæуы аздахын хъæууон хæдзарады, транспортон-логистикон æмæ туристон къабæзты размæцыддæр проекттæм. «Зæгъæм, «Мамысон»-ы проектмæ, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы къабæзтæм. Уыдон аразгæйæ уæм фæзындзысты инвестортæ, адæмæн куысты бынæттæ арæзт æрцæудзæн», — бафиппайдта Александр Новак.
Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй республикæйы раз цы хæстæ æвæрынц, уыдон сæххæст кæнынмæ цæттæ сты. «Æддагон къуырцдзæвæнты сæрты ахизынæн нын хорз ахъаз фæуыдзысты нæ ног проекттæ, нæ хъомыс. Нæ размæ æвæрд нысантæ хуымæтæг схонæн нæй, фæлæ нæ къухы бафт-дзысты. Федералон æмвæзады нын ис бадзырдтæ, уыдоны фæрцы проекттæ, хъæппæристæ бантысдзысты. Бæстæйы Президент нын цы нысантæ æвæры нæ размæ, уыдон царды сырæздзысты», — загъта Сергей Меняйло.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here