Ныхас — фидæны бюджеттыл

0
81

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис радон æмæ 2024-2025 финансон азты бюджеттыл æрныхас кæныны тыххæй скодта хицауадон фыццаг æмбырд.

Республикон бюджеты иумæйаг бæрæггæнæнтæ банымайыны æмæ бюджетон æхцайы бæрцы тыххæй радзырдта финансон ведомствæйы разамонæг Исахъты Олег.

Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2023 азы хъалонты æмæ æнæхъалонты æфтиæгтæ уыдзысты 14 миллиард сомæй фылдæр. Æппæт æфтиæгтæ дæр æвдисынц æвæрццæг бакаст. Исахъты Олег куыд бацамыдта, афтæмæй хæрдзтæ конд цæудзысты Уæрæсейы Президенты Æрвыстæгмæ, Уæрæсейы Хицауады, Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы уынаффæтæм æмæ фæрæзтæм гæсгæ. Сæйрагдæр уыдзæн æппæт социалон хæстæ сæххæст кæнын.

Финансон ведомствæйы разамонæг куыд бафиппайдта, афтæмæй 2023 азы бюджеты бæрæггæнæнтæ нырмæ кæронмæ бæлвырдгонд нæма æрцыдысты, Уæрæсейы бюджеты бæрæггæнæнтæ фидаргонд куы æрцæуой, уæд ам, дыккаг бакасты, ноджы фылдæр фæуыдзысты. Уæлæмхасæн фæрæзтæ лæвæрд цæудзысты алы къабæзты стратегион нысантæн æмæ хæстæн.

Дзанайты Барис куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй хъуамæ финансты министрад æппæт ведомствæтæм, министрадтæм фæхæццæ кæна бюджеты æхцайы бæрц. «Районты разамонджытимæ хъуамæ сæ бюджеттæ аразынмæ бавналат. Бынæттон бюджеттæ аразыны рæстæг паддзахадон оргæнтæн æмæ районтæн æххуыс кæнут. Цыдæриддæр социалон хæстæ ис, хи фæрæзтæ цы программæты хъæуы бавæрын, уыдон нымад æрцæуæнт», — бафæдзæхста Дзанайты Барис.

Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here