«Операци Мидбылхудт»

0
110

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей МенЯйло, Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры Кады гæххæттытæй схорзæхджын кодта бархион-медикты.

— Фæнды мæ бузныг зæгъын нæ бархионтæн. Зонын æй, зын æмæ зынаргъ куыст кæнут æмæ уын мæ сæрæй ныллæг кувын. Битарты Вячеславы хъæппæрисæй арæзт æрцыд бирæ операцитæ, уый стыр æвæрæн бахаста ацы хъуыддагмæ. Цалынмæ Уæрæсейы ахæм адæм уа, зын уавæрты бахауæг адæмæн æххуыс чи кæны, уæдмæ нæ наци дæр уыдзæн тыхджын. Сывæллæтты дæр æмæ ныййарджыты дæр кæй амондджын кæнут, уый тыххæй ма уын иу хатт бузныг, — загъта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

Æнтыстытæ æнæниздзинады къæпхæны æмæ йæ дæсныйады стыр зонындзинæдтæ кæй равдыста, уый тыххæй РЦИ-Аланийы Республикон клиникон рынчындоны анестезиолог æмæ реаниматолог Дзиццойты Æхсарбегæн лæвæрд æрцыд РЦИ-Аланийы сгуыхт дохтыры ном. Æнæниздзинады къæпхæны æнтыстдзинæдтæ æмæ бирæ азты дæргъы æнтыстджынæй кæй кусы, уый тыххæй РЦИ-Аланийы Республикон клиникон рынчындоны операцион медицинон хо Чеджемты Ритæйæн лæвæрд æрцыд РЦИ-Аланийы медицинæйы сгуыхт кусæджы ном. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы номæй сахат лæвæрд æрцыд «Операци Мидбылхудт»-ы бархион-медик Мæргъиты Хасанæн.

Уыимæ, акци «Операци Мидбылхудт»-ы хирургты раздзог Андрей Останин, «Операци Худæндзаст»-ы фонды директор Татьянæ Пешехонова æмæ медицинон директор Игорь Байцеховский Арфæйы фыстæджытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ скодтой республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн, хæрзаудæн хъуыддаг саразæг Битарты Вячеславæн, æфсæр æмæ цæсгомимæ кусæг хирург Хасан Баиевæн æмæ  акцимæ зынгæ æвæрæн чи бахаста, уыдонæн.

Хæрзаудæн медицинон акци сывæллæтты былты æмæ комы æрдзæй лæвæрд низтæн алы аз операцитæ кæнынц æнæхъæн Цæгат Кавказы æмæ Уæрæсейы иннæ регионты. Бархионтæ фондз боны дæргъы æххуыс кæнынц сывæллæттæн æххæстæй хæрын, дзурын, иннæтимæ хъазын æмæ зонгæ кæнын, сæ хæс у, цæмæй фылдæр бинонтæн сæ цард фæхуыздæр уа, уый.

Рухæны мæйы 25 бонæй 30 бонмæ йæ куыст æххæст кодта хæрзаудæн фонд «Операци Мидбылхудт»-ы акци. РЦИ-Аланийы Сывæллæтты клиникон рынчындоны фондз боны дæргъы дохтыртæ æвзæрстой сабиты цыппор операцийы, уыимæ скодтой сæдæ сывæллонæн уынаффæйы æмбырдтæ.

Гобозты Агуындæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here