Бирæфатерон цæрæн хæдзæртты бындурон цалцæгæн…

0
84

Куыд иннæ регионты, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр дарддæр куыст цæуы бирæфатерон цæрæн хæдзæртты цалцæджы программæйыл.

Зæгъæм, азы пъланы бындурыл ныридæгæн цалцæггонд æрцыдысты 25 бирæфатерон цæрæн хæдзары (уыцы куыстытыл хардзгонд æрцыд 103 милуан сомы бæрц). Уымæй уæлдай, подрядон организациты минæвæрттæ ныртæккæ дарддæр архайынц ноджыдæр ма 25 ахæм бирæфатерон цæрæн хæдзары цалцæгыл (уыцы куыстытæн та дихгонд æрцыд 166 милуан сомы).
Ахæм нымæцтæ фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министрады пресс-службæ.
Министрады минæвары ныхасмæ гæсгæ, программæйыл куыст адарддæр уыдзæн 2023 азы дæр. Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй ацы азы цалцæджы пъланмæ хъуамæ бахауой 50 бирæфатерон цæрæн хæдзары.
Зындгонд куыд у, афтæмæй бирæфатерон цæрæн хæдзæртты цалцæджы программæйы бындурыл раивынц бæстыхайæн йæ сæр æмæ инженерон коммуникацитæ, базилынц йæ æддаг бакастмæ, стæй дзы сæвæрынц ног лифттæ.
Лифтты кой кæнгæйæ, пресс-службæйы минæвар куыд бафиппайдта, афтæмæй подрядон организацийы минæвæрттæ хæдзæртты ныртæккæ æвæрынц 44 ахæм техникон фæрæзы.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here