Бæлццæттæласæн транспорты рæзт

0
100

Мæскуыйаг сæрмагонд корпораци «Строй Инвест Проект» æмæ Бетъырбухы транспортон хызæджы институт Цæгат Ирыстоны Транспорты æмæ фæндагон инфраструктурæйы комитетмæ балæвæрдтой цæрджытæн транспортон лæггæдтæ кæныны схемæты комплекты проект æмæ транспортон пълан кæныны гæххæттытæ.

Дзæуджыхъæуы рæзт цыбыр, рæстæмбис æмæ дæргъвæтин рæстæджы куыд цæудзæн, уыцы наукон-иртасæн куыст æххæст кодтой азæй фылдæр. Бæстон сбæрæг кодтой, ныртæккæ цы маршруттæ кусынц, уыдоны хыз, бæлццæттæ Дзæуджыхъæуы æмæ республикæйы фæндæгтыл цас рæстæг хардз кæнынц, транспортон-рахизæн скондтæ, уынгты-фæндæгты хызæн аргъ скодтой, иумæйагæй кæмæй пайда кæнынц, уыцы транспорты æрлæууæн бынæттæм бацæуыны рæстæг æмæ æндæр фæзилæнтæ.
Гæххæттытыл бакусæг специалисттæ рабæрæг кодтой транспорты æппæты риссагдæр фæзилæнтæ, бæлццæтты нымæц нымайгæйæ, транспорты бæрц зынгæ ныллæг у. Ног хызы фæрцы хъуамæ Дзæуджыхъæуы æмæ республикæйы маршрутон фадæттæ ахадгæдæр фæуой, цæуыны график хъуамæ фидар уа, цæуыны авналæнтæ цыбыр кæмæн сты, уыцы адæмы нымайгæйæ.
Транспорты æмæ фæндагон инфраструктурæйы комитеты сæрдар Солиты Тариэл куыд зæгъы, афтæмæй ацы проект арвитдзысты Уæрæсейы Транспорты министрадмæ, сæ бæрæггæнæнимæ райсдзысты федералон æхца дæр. Хъуамæ республикон фæрæзтæм федералон æхца дæр бафтауой.
Зындгонд куыд у, афтæмæй Дзæуджыхъæуы æмæ республикæйы æхсæнадон транспорты схемæйыл æмæ гæххæттытыл куыст райдыдта 2021 азы кæрон. Нысантæ бафæдзæхста РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Специалисттæ хъуамæ федералон закъонæвæрынады æмæ Уæрæсейы Транспорты министрады домæнтæй иуварс ма ахызтаиккой, афтæмæй сарæзтаиккой бæлццæттæласæн хуыздæр проект.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here