Дзæуджыхъæуы азфыстæй

0
133

Дзæуджыхъæуы фидар куы сарæзтой, уæдæй нырмæ йын йæ историйы зынгæ фæд бирæ курдиатджын æмæ зындгонд адæм ныууагътой. Ивгъуыд æнусты истори ныры цæрджыты зæрдæты ныууадзын, æнусты дæргъы цардархайды алы къабæзты, нæ горæты истори æмæ райрæзты хъуыддагмæ стыр æвæрæн чи бахаста, уыдоны æрымысын — ахæм у музыкалон-историон изæртæ «Дзæуджыхъæуы азфыстæй»-йы сæйраг хъуыды. Арæзт цæуынц РЦИ-Аланийы Оперæ æмæ балеты Мариинаг театры филиалы.

Æрæджы дзы æрымысыдысты, канд Дзæуджыхъæуы нæ, фæлæ Фыдыбæстæйы историимæ дæр баст кæй нæмттæ сты, ахæм дыууæ зындгонд адæймаджы — Ипполит Вревский æмæ йæ бинойнаг Юлия Варпаховскаяйы. Сфæлдыстадон изæр уыд цымыдисаг, сæ царды хабæрттæ æмæ курдиатджын архайды тыххæй æрмæг бацæттæ кодта проекты автор — Уæрæсейы Федерацийы адæмон артисткæ, Оперæ æмæ балеты театры аивадон разамонæг, Дзæуджыхъæуы кадджын гражданин Гергиты Ларисæ.
… Йæ рæстæджы ахуыргонддæр адæймаг, инæлар-лейтенант, Кавказаг хæсты зындгонд хъæбатыр Ипполит Вревский сабыр службæйы бæсты равзæрста Кавказаг хæстмæ ацæуын, æмæ йæ царды фылдæр хай дæр сбаста ацы бынатимæ. Хæххон экспедициты хъæбатырдзинад кæй равдыста, уый тыххæй хорзæхджын æрцыд зынаргъ дуртæй нывæфтыд, сыгъзæрин хæцæнгарзæй æмæ 4-æм къæпхæны Сыгъдæг Георгийы орденæй.
1850-1852 азты разамынд лæвæрдта Дзæуджыхъæуы зылды зæххы фæдыл цæрджыты бартæм кæсæг къамисæн. Ипполит стыр зæрдиагæй архайдта хæххон адæмы ахуырадыл, йе ‘хцайы фæрæзтæ-иу барвыста Зæрæмæджы приходы Цымийы скъоламæ. Йæ къамисы уынаффæмæ гæсгæ Дыгургомы арæзт æрцыдысты дыууæ хъæуы быдыры — Чырыстонхъæу æмæ Пысылмонхъæу.
Барон Вревский йæхи хардзæй 1855 азы Дзæуджыхъæуы сарæзта аргъуан æмæ дзæнгæрæгдон. Хæстон инæлары хæдзары-иу уазæгуаты уыдысты бирæ зындгонд афицертæ, уыдонимæ Михаил Лермонтов дæр. Ипполит-иу сæ хæдзары арæх арæзта сфæлдыстадон æмæ кафты изæртæ.
1858 азы дагестайнаг хъæу Китури исгæйæ, Ипполит уæззау цæфæй фæмард. Йæ бинойнаг, 19-аздзыд Юлия йæ фæстæ зæрдæрыстæй баззад, æмæ ацыд Бетъырбухмæ. Юлия Вревская уырыссаг-туркаг хæсты рæстæг ныууæй кодта йæ бынтæ æмæ æрæмбырд кодта медицинон къорд, 22 хæрзаудæг хойы, æмæ семæ ацыд хæстмæ. Уым хæстон госпитæлы дзæбæх кодтой салдæтты цæфтæ.
Тынг раджы фæхицæн сты Вревскиты бинонтæ сæ кæрæдзийæ, фæлæ сæ ном æмæ сæ кад абон дæр цæры нæ зæрдæты.
Юлия Вревскаяйы Болгарийы нымайынц сæ хъайтарыл, йæ ном ын радтой Софияйы уынгтæй иуæн, Плевна æмæ Бялейы дæр. Йæ номыл цыртдзæвæн ис Стъараполы, уым арвыста йæ царды фæстаг бонтæ. Ипполит Вревскийы ном лæвæрд уыд Дзæуджыхъæуы уынгтæй иуæн, фæлæ 1935 азæй нырмæ та хуыйны Сомихаг уынг.

Абайты Зæлинæ

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here