Скъоладзаутæн —картофджын

0
163


Нæ республикæйы иумæйагахуырадон организациты фæзынд ирон чъири — картофджын.

 

Дыууæ къуырийы дæргъы Дзæуджыхъæуы скъолаты хæлцады комбинат сарæзта ног «меню»-йы фæлварæнтæ æмæ картофджынтæ бахæрыны мадзалы бæрæггæнæн 95 процентмæ схызт
— Скъолаты хæлцады фарста фæхуыздæр кæныны куыстыл архайæм нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы фæдзæхстмæ гæсгæ. Нæ хъус дарæм, сывæллæттæ æмæ ныййарджыты фæндæттæм дæр, цæмæй сын хæринаг пайда æмæ хæрзад уа, уымæ. Ног «меню»-йы фæлварæн ма нын иу хатт равдыста, скъоладзауты зæрдæмæ ногдзинæдтæ кæй цæуынц æмæ ирон чъиритæ зæрдиагæй кæй агуры сæ зæрдæ, уый, — загъта нæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ.
Чъиритæй уæлдай ма скъоладзауты хæлцады фæзындзысты æндæр: «омлет», гагадыргътимæ кастæ, дзидзайæ конд хæринæгтæ дæр. Скъоладзауты «меню»-мæ уæлдай фылдæр цæстдард цæуы. Дыууæ азы дæргъы дзидза æмæ кæсаг фæлхас кæныны нормативтæ æмбæлгæ уавæры æмвæзадмæ ивд æрцыдысты, фæныллæгдæр кодтой сæкæры бæрц, фæзындысты дзы дыргътæ, халсартæ æмæ къæдор. Бынтон айстой, æнæниздзинадæн пайда чи нæу, «сублимированные» кæй хонынц, ахæм хойрæгтæ.
Зындгонд куыд у, афтæмæй абоны онг нæ республикæйы астæуккаг скъолаты 1-11 кълæсты 52,8 мин ахуырдзауы исынц лæвар хъарм хæринаг. Уыдонæй 40,5 мин сывæллоны сты райдайæн скъолайы ахуырдзаутæ.

РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ
наукæйы министрады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here