Курдиаты авдæн тулаг у

0
265

Дзбойты Михалæн æрхæццæ ис йе стыр бæрæгбон, сæххæст ыл 85 азы. Уый у стыр цау канд йæ мыггагæн нæ, фæлæ æгас Ирыстонæн дæр. Уымæн æмæ курдиатджын адæймаджы фарн дæрдтыл æнхъæвзы.

Дæрдтыл зындгонд у Дзбойы-фырты ном дæр. Цæмæн, уый дæр стыр сусæг нæу. Михал чысылæй фæстæмæ бамбæрста иу вазыгджын хъуыддаг: алы адæймаг дæр йæ мыггагæй, йæ хъæубæстæй, йæ дзыллæйæ хæс дары. Æмæ лæг уыцы хæсы бæрнæй куы цæра, уæд ын рæдийынæй тæссаг нæу. Курдиаты фарн адæймаджы удыхъæдимæ куы нæ баиу уа, уæд дзы аивадон æнтыст дардмæ лидзы. Ацы æнусон æцæгдзинад раджы базыдта Михал.
1971 азы йæ дипломон куыст — ирон адæмы хъæбатыр Чермены сурæт æнтыстджынæй куы бахъахъхъæдта, уæдæй нырмæ йе сфæлдыстады сæйраг темæ у хъайтарон-романтикон. Йæ фыццаг куыстытæй дæр фæбæрæг, Дзбойы-фырт нывгæнæг-гражданин æмæ патриот кæй у, уый. Архайы алыхуызон монументалон уацмысты конкурсты æмæ фылдæр хатт райсы фыццаг премитæ. Мæнæ йæ сæйраг куыстытæй иу цалдæр: «Фсати», «Дада æмæ йæ фырты фырт», «Фыранчытæ». Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыдонæн скодта цалдæр цыртдзæвæны: ЦИПУ-йы æмæ Медицинон академийы цур, Мæздæджы, Ногхъæуы, Мызуры, Быдыры Дæргъæвсы, Сындзыхъæуы бынмæ фашисттæ цы 17 коммунисты амардтой, уыдоны цыртдзæвæнтæ. Уымæй уæлдай сарæзта 8 мемориалон фæйнæджы, уыдонимæ: Кучиты Юри, Тæбæхсæуты Бало, Хъантемыраты Алибек, Плиты Грис æмæ иннæтæн. Абон Дзбойты Михал йе сфæлдыстадон куыстимæ кæны æхсæнадон куыст дæр. У РЦИ-Аланийы Нывгæнджыты цæдисы правленийы уæнг æмæ ревизион къамисы сæрдар.
Курдиаты авдæн тулаг у, фæзæгъынц. Михалы авдæн æрбатылд аивадмæ, æмæ йын уæдæй нырмæ лæггад кæны зæрдиагæй, зæрдæбынæй, зæрдæхæларæй. Рагæй-æрæгмæ дæр курдиатджын нывгæнæг у нæ газеты хæлар. Царды тыгъдадмæ хæссы рæстдзинад, аивадмæ йæ курдиаты комулæфт, æмæ ма йын ноджыдæр бантысæд. Йæ сæдæ азы сæрты акæсæд — æнæнизæй, сæрбæрзондæй æмæ фæрнæйдзагæй.

Хозиты Барис

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here