Хъыгдардбаййафӕг цӕрджытӕн — иухаттон ӕххуыс

0
315

Ивгъуыд хуыцаубоны тыхджын къӕвдатӕ ӕмӕ ихуард кӕй хӕдзӕрттӕ бахъыгдардтой Дзӕуджыхъӕуы, поселоктӕ Хуссайраг ӕмӕ  Карцайы, Октябрыхъӕуы, Восход ӕмӕ Иры уыцы цӕрджытӕн иухаттон финансон ӕххуысы хуызы лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн фӕйнӕ 10 мин сомы бӕрц. Ахӕм уынаффӕ рахаста ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕрты фӕстиуджытӕ иуварс кӕныны фарстаты фӕдыл республикон къамис. ӕмбырды сӕрдариуӕг кодта РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло.

Ӕрдзон фыдбылызы фӕстиуджытӕ куыд иуварсгонд цӕуынц, уый фӕдыл ведомствӕтӕ ӕмӕ муниципалитетты разамонджыты докладтӕм байхъусгӕйӕ, Сергей Меняйло куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй фыццаг къӕпхӕныл хъыгдардбаййафӕг адӕмӕн хъӕуы радих кӕнын ӕвӕстиатон ӕххуыс.

— Фӕстӕдӕр та сбӕлвырд кӕнын хъӕудзӕн, сӕфт исбонады бӕрц раиртасгӕйӕ, алкӕцы бинонтӕн дӕр цы финансон компенсаци радих кӕнын ӕмбӕлы, уый. Зӕгъӕм, рӕстӕмбис нымадӕй, ахӕм компенсациты бӕрц уыдзӕн 50 минӕй 100 мин сомы онг, — загъта республикӕйы Сӕргълӕууӕг.

Ахӕм компенсацион фиддонтӕ адӕмӕн лӕвӕрд цӕудзысты Уӕрӕсейы Хицауады уынаффӕйы бындурыл.

Ныртӕккӕ та уал Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Горӕтгӕрон район цӕрынц сӕрмагонд уавӕры фӕткыл. Оперативон муниципалон штабтӕ ӕмӕ республикон ведомствӕты минӕвӕрттӕ дарддӕр иуварс кӕнынц фыдбылызы фӕстиуджытӕ.

Дзӕуджыхъӕуы администрацийы сӕргълӕууӕг Милдзыхты Вячеслав куыд радзырдта, афтӕмӕй сӕрмагонд къамистӕ ныридӕгӕн ӕрзылдысты, Шмулевичы ӕмӕ Магкайы-фырты уынгты бирӕфатерон цӕрӕн хӕдзӕртты хъыгдард чи баййӕфта, уыцы адӕмыл. Уыимӕ, къамисты уӕнгтӕ дарддӕр иртасынц хъыгдардбаййафӕг бынӕтты хи хӕдзӕртты уавӕр дӕр. «Зӕгъӕм, дон цы хӕдзӕрттӕм бакалд, уыдонӕй ныртӕккӕ 39 бӕстыхайы кусынц цалцӕггӕнӕг бригадтӕ. Уыдон ӕххӕст кӕнынц пъадвӕлттӕй дон рацъирыны ӕмӕ ӕндӕр куыстытӕ», — загъта Милдзыхы-фырт.

Сергей Меняйло Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Горӕтгӕрон районы администрациты сӕргълӕуджытӕн бахӕс кодта, цӕмӕй саразой хъыгдардбаййафӕг хӕдзӕртты номхыгъд. Уый бындурыл хъуамӕ бацӕттӕ кӕной, ӕрдзон фыдыбылыз цы материалон зиантӕ ракодта, уыдоны бӕрцы тыххӕй бӕстон бӕрӕггӕнӕнтӕ.

— Муниципалитетты разамонджытӕ ныртӕккӕ фыццаджы-фыццагдӕр хъуамӕ саразой хъыгдардбаййафӕг адӕмы реестр: хӕдзары цал адӕймаджы цард, исбонад цас хъыгдард баййӕфта ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Нӕ разы бӕлвырд нымӕцтӕ хъуамӕ уа, кӕцы хӕдзар цас хъыгдард баййӕфта, уый фӕдыл, — фӕнысан кодта республикӕйы разамонӕг.

Ӕмбырды раныхас кодтой Горӕтгӕрон районы бынӕттон хиуынаффӕйады администрацийы сӕргълӕууӕг Есиаты Руслан, РЦИ-Аланийы Транспорт ӕмӕ фӕндагон инфраструктурӕйы комитеты сӕрдр Солиты Тариэл ӕмӕ иннӕ бӕрнон кусджытӕ дӕр.

Ӕмбырдӕн хатдзӕгтӕ кӕнгӕйӕ, Сергей Меняйло ведомствӕтӕ ӕмӕ муниципалитетты разамонджытӕм ногӕй фӕсидт, цӕмӕй фыдбылызы фӕстиуджытӕ иуварс кӕныны куыстыты цыдмӕ уа фыццаградон бӕрнон цӕстдард.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here