Штаб кусын райдыдта

0
335

Дзæуджыхъæуы Хъесаты Колкайы уынджы 121-æм хæдзары чи æрбынæттон, Уæрæсейы Президенты бынатмæ кандидат Владимир Путинæн Æхсæнадон æххуысы уыцы регионалон штаб кусын райдыдта.

Кандидаты æууæнкджын адæймæгтæ кæй сæргъы æрлæудзысты, уыцы штабы бындурыл цæудзысты æвзарæн кампаниимæ баст æппæт дзыллон мадзæлттæ (уыимæ — кандидаты фарс къухæвæрдтытæ æмбырд кæндзысты). Ныртæккæ ацы хъуыддаг нымад у Владимир Путины командæйы сæйраг хæслæвæрдыл. Нысантæ къухæвæрды сыфты раст æвæрын куыд хъæуы, уый адæмæн чи амондзæн, штабы активисттæ уыцы бархионтæн инструктаж баххæст кæндзысты.
Амынд ран кусдзæн политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы æхсæнадон кусæнуат дæр. Æхсæнадон æххуысы штаб кусдзæн къуырисæрæй майрæмбонмæ 9 сахатæй 18 сахаты онг.
(«15-æм регион»)

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here