Национ проект «Гыццыл æмæ рæстæмбис амалхъомад»-ы нæ республикæ разæнгардæй кæй архайдта, уый фæрцы Цæгат Ирыстоны амалхъомадæн æххуысы хуызы лæвæрд æрцæудзæн 115 милуан сомы.
Уыцы æхцайы фылдæр хай бахардз кæндзысты, бацамоныны æмæ ахуыры лæггæдтæн амалхъомады хъуыддаг хæрзæрæджы чи райдыдта æмæ фаг фæлтæрддзинад кæмæ нæма ис, уыцы адæмæн.
Уыцы нысанты фæлгæты æрмæст 2023 азы амалхъомадæн æххуысы нæ республикæйы сæрмагонд фонд сарæзта сæдæ ахуырадон мадзалы, архайдтой дзы дыууæ мин амалхъомы бæрц, стæй ма, уыцы куыст райдайыны фæнд кæмæ ис, уыдон дæр.
Рохуаты нæ баззайдзысты æрыгон, стæй социалон, зæгъгæ, уыцы къордмæ чи хауы, уыцы амалхъом адæм дæр. Ивгъуыд аз конкурсы бæрæггæнæнтæм гæсгæ æххуыс — 500 мин сомы аргъ гранттæ райстой 22 амалхъомы.
Нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло куыд радзырдта йæ телеграм-каналы, афтæмæй Цæгат Ирыстоны экономикæйы гыццыл æмæ рæстæмбис амалхъомад ахсынц ахсджиаг бынат — ис нæм уыцы къабазы архайæг 17 мин куыстуаты, сæ нымæц кæны фылдæрæй-фылдæр. Уымæ гæсгæ сæм иудадзыг уыдзæн цæстдард, паддзахадон æххуысы мадзæлттæй пайда кæнгæйæ.
Хæмыцаты Морис














