Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æвдæм равзæрст Парламенты дыууын фыццæгæм æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз.
Æмбырды архайдтой УФ-йы Федералон Советы сенатор Цæгат Ирыстонæй Виталий Назаренко, РЦИ-Аланийы сæйраг федералон инспектор Сергей Гончаров, республикæйы Хицауады уæнгтæ, хицауадон, тæрхонадон, барадхъахъхъæнæг оргæнты, стæй бынæттон хиуынаффæйады администрациты разамонджытæ, дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ.
Республикæйы Сæргълæууæджы минæвар Парламенты Ортабайты Виктор æркæсынмæ бавдыста, республикæйы Сæргълæууæг кæй бацæттæ кодта, Конституцион æмæ республикон дыууæ ахæм закъонты проекты. Уыдонмæ гæсгæ, ивддзинæдтæ цæуынц муниципалон службæйы бæрнон куысты бынæтты номхыгъдмæ, нывылгонд цæуынц коррупцийы ныхмæ архайды мадзæлттæ.
Дыууæ фарстайы фæдыл дæр æмдоклад скодта Парламенты закъонады, закъонæвæрынад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Черчесты Аслан. Документтæй сæ иуы фæдыл фидаргонд æрцыд закъон, иннæйы фæдыл та — закъоны проект.
Æмбырды архайджытæ фыццаг бакасты æрдзырдтой, Парламенты депутатты къордтæ царды алы къабæзтимæ баст цы республикон закъонты проекттæ бацæттæ кодтой, уыдоныл. Афтæ, «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы бирæфатерон хæдзæртты иумæйаг исбоны бындурон цалцæджы тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проекты фæдыл ныхас кодта Парламенты цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад æмæ арæзтадон политикæйы фарстаты фæдыл комитеты сæрдар Остъаты Георги. Куыд загъта, афтæмæй ивддзинæдтæ хаст цæуынц, Уæрæсейы Федерацийы Цæрæнуæтты кодексмæ дæр ивддзиндтæ хаст кæй æрцыд, уымæ гæсгæ. Алы регионæн дæр закъоны проект бар дæтты, цæмæй, бирæфатерон хæдзæртты цалцæгæн цы хъæугæ æрмæджытæ бахъæуы, уыдон балхæныныл архайа йæхæдæг. Документы нысан у бындурон цалцæггæнæн куыстытæ афоныл æххæст кæныныл æмæ сæ хæрзыхъæддзинадыл ахадын. Депутаттæ схъæлæс кодтой закъоны проект сфидар кæныныл.
Уымæй уæлдай, фыццаг бакасты депутаттæ сфидар кодтой «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы сывæллæттæн куысты бынæттæ аразыны, дзæбæх сæ кæныны æмæ сын сæ фæллад уадзынæн уавæртæ аразыны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проект. Уый фæдыл ныхас кодта Парламенты наукæйы, ахуырады, культурæ æмæ информацион политикæйы комитеты сæрдар Еленæ Князева. Документы нысан у, сæрмагонд æфсæддон операцийы барвæндонæй чи архайы, уыдонæн, стæй сæ бинонты уæнгтæн æххуысы мадзæлттæ фæфылдæр кæнын. Афтæ, барвæндонæй сæрмагонд æфсæддон операцийы архайгæйæ чи фæмард, кæнæ уыцы операцийы цæфтæ баййафыны аххосæй чи амард, кæнæ дзы уæнгхъуаг чи ссис, уыдоны сывæллæттæн уыдзæн санаториты æмæ æндæр фæлладуадзæн бынæтты бауылæфыны æмæ æнæниздзинад фæфидардæр кæныны лæвар балцæг. Уыимæ сын кæд хæсгæ сывæллæттæ кæнæ, сæ арм кæуыл дардтой, ахæм сывæллæттæ уыд, уæд уыдонæн дæр.
«Парламентон сахат»-ы фæлгæты депутаттæ байхъуыстой «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы астæуккаг профессионалон ахуырады къабазы уавæры æмæ йæ райрæзты нысанты тыххæй» республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæйы раныхасмæ. Куыд загъта, афтæмæй къабаз райрæзын кæнынмæ цæуы стыр æргомздæхт, æмæ, уый фæдыл министрад цы программæты архайы, уыдоны нысантæ се ‘ппæт дæр æххæстгонд æрцыдысты. «Нæ бæстæйы Президент рахаста уынаффæ — 2028 азмæ бацæттæ кæнын дæсны кусджытæ, æппынкъаддæр, иу милуан адæймаджы бæрц, æмæ йæ сæххæст кæныныл архайæм”, — загъта министр. — Нæ республикæйы ис 27 астæуккаг профессионалон ахуыргæнæндоны, алы дæсныйæдтыл дзы ныртæккæ ахуыр кæнынц 19 мин студентæй фылдæр. Ацы нымæц у нæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты студентты нымæцмæ тынг хæстæг, — радзырдта министр.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, ныртæккæ скъолаты стыр æргом здæхт цæуы, ахуырдзаутæн сæ фидæны куыст равзарын баххуыс кæныны хъуыддагмæ. Ахуыргæнæндæтты уал арæзт æрцыд 19 æрмадзы æмæ дарддæр дæр арæзт цæудзысты. Фарон нæм байгом фыццаг профессионалитет. Уæлдай стырдæр æргом здæхт цæуы астæуккаг профессионалон ахуыргæнæндæтты цæттæ кæнын, нæ республикæйы уæлдай æхсызгондæрæй чи хъæуы, ахæм дæсны куыджытæ цæттæ кæнынмæ.
Фæлæ хъуыддаджы нырма ис бирæ лыггæнинаг фарстатæ. Зæгъæм, хъæугæ дæсны кусджытæ цæттæ кæнынæн нæм фæлтæрдджын ахуыргæнджытæ æмæ амонджытæ фаг нæй. Астæуккаг профессионалон ахуыргæнæндæттæн сæ бæстыхæйттæ æмæ æмдзæрæнтæ сæ фылдæрæн сты бындурон цалцæггæнинаг, сæ материалон-техникон бындур дæр у рацаразинаг. Уæдæ профессионалон ахуыргæнæндæтты рауагъдонтæй алчи йæ равзæрст дæсныйады фæндагыл не ‘рлæууы, алкæмæн дзы куыст нæ разыны, æмæ уый дæр у, бацархайын кæуыл хъæуы, ахæм сагъæссаг хъуыддаг.
Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Еленæ Князева. Рыныхасгæнджытæ ма уыдысты депутаттæ Хæдарцаты Аслæнбег æмæ Дыдарты Сослан. Фарстытæ æмæ фиппаинæгтæ уыд Парламенты Сæрдары хæдивæг Ортабайты Тимурмæ, депутаттæ Дудайты Черменмæ, Елдзарты Медеямæ, Джиоты Георгимæ.
Фарстайы фæдыл йæ хъуыдытæ загъта Тускъаты Таймураз дæр.
— Профессионалон ахуыргæнæндæтты бюджеты хардзæй ахуыр кæнынæн ис 3 700 бынаты, æмæ уым чи ахуыр кæна, уыдонæн хъуамæ уа дæсны разамонæг дæр, стæй ахуыры фæстæ куысты бынат дæр. Уый тыххæй та зонын хъæуы, Цæгат Ирыстоны экономикæ хъуаг цавæр дæсныйæдтæй æййафы, уый. Теори æмæ практикон куыст сæ кæрæдзиимæ хъуамæ уой æнгом баст. Фарста алыг кæнын домы бизнесы, муниципалон скондты, Адæмæн куыстдæттыны комитеты æмæ æндæр кусæндæтты, не ‘ппæты иумæймагæй архайд, — бафиппайдта Парламенты Сæрдар.
Депутаттæ цы фарстамæ байхъуыстой, уый фæдыл уынаффæ рахæсдзысты Парламенты иннæ æмбырды.
Дедегкаты Зæлинæ














