Географион æхсæнады архайд

0
64

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло скодта Уырыссаг географион æхсæнады регионалон хайады æвджидиуæг советы æмбырд. Ныхас бацахстой ивгъуыд азы куысты бæрæггæнæнтæ æмæ 2024 азмæ нысантæ.

Æмбырды архайдтой Уырыссаг географион æхсæнады æххæстгæнæг директор Артем Манукянц, регионалон хайады разамонæг, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Огъуаты Алан, æвджидиуæг советы уæнгтæ. Уыдонмæ дзургæйæ, Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй абон тынг ахсджиаг у Уæрæсейы тыххæй зонындзинæдтæ бахъахъхъæныны, фæфылдæр сæ кæнын, экогеографион ахуырад рапарахат кæнын.
«Махæн, ома, регионы Хицауадæн, æрдз бахъахъхъæныны фарста у хъæугæ, ахадгæ. Хъуамæ нæ ахаст равдисæм туризмы рæзтмæ, культурон, уд- варны бынтæм. Уый тыххæй нын фадæттæ ис, 2021 азы мах Уырыссаг географион æхсæнадимæ бадзырд бафыстам æмгуыстады тыххæй. Не ‘ппæт ведомствæтæ, министрадтæ æхсæнадимæ кусынц фидар бастæй. Махæн нæ амонд у, æмæ цæрæм диссаджы рæсугъд бæстæ æмæ республикæйы, хъæздыг сты æвæджиауы географион æмæ историон бынæттæй. Уыдонимæ фылдæр адæмы базонгæ кæнын нæ хæс у. Фæсивæд хъуамæ нæ бæстæйыл æхсызгонæй тезгъо, балцытæ кæной, ногдзинæдтимæ зонгæ кæной», — загъта Сергей Меняйло.
Республикæйы Сæргълæууæг Уырыссаг географион æхсæнадæн бузныг загъта, Цæгат Ирыстоны истори бахъахъхъæныны æмæ йæ адæмы ‘хсæнмæ рахæссыны куысты тыххæй. «Абон куыст цæуы экологийы уавæр банывыл кæныны, æрдз бахъахъхъæныны æмæ туризмы рæзтыл. Уым Уырыссаг географион æхсæнады æрмдзæф бæрæг дары. Йæ кад рæзы, уый æхсызгон у, республикæйы цæрджыты зæрдæтæ сæ хъуыддæгтæй балхæнынц», — фæбæрæг кодта Сергей Меняйло.
Уырыссаг географион æхсæнады регионалон хайады архайды тыххæй радзырдта Огъуаты Алан. Куыд бацамыдта, афтæмæй фæстаг азты æхсæнады æртæ проекты царды рауагътой. Баст уыдысты туризмы рæзтимæ æмæ этнографион иртасæнтимæ. Регионалон хайад сæрæнæй архайы рухстауæн, экологон, æрдзхъахъхъæнынадон мадзæлтты. Бархионты змæлдмæ дæр къæрцхъус сты. Фарон бар- хионтæ студентон змæлд «Сансара»-йы уæнгтимæ лекцитæ æмæ уроктæ скодтой скъолаты, уæлдæр ахуыргæнæндæтты. Сæмбырд кæнынц хомаг æмæ йæ бакусынмæ арвитынц.
Огъуайы-фырт куыд радзырдта, афтæмæй регионалон хайады командæ дарддæр дæр кусдзæн республикæйæн ахсджиагдæр проекттыл. Уыдоны нысан у экологон æдасдзинад, цæрджыты зонындзинæдтæ экологийы фæбæрзонддæр кæнын, мидæггаг туризмы рæзт, географион зонындзинæдты бæрцыл схæцын, историон-культурон бынтæ бахъахъхъæнын, фæсивæды ‘хсæн бархион змæлд сфидар кæнын.

Бутаты Эльзæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here