Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты советы радон æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз.
Цæгатирыстойнаг депутаттæн фарон сæ куысты цы хорз фæтк æрфидар, уый дарддæр æххæст кæнынц ацы аз дæр, æмæ йæ райдыдтой, советы æмбырд Алагиры районмæ кæй рахастой, уымæй.
— Районæн йæ царды æмæ йæ куысты æнтыстытæ кæй ис, уый у бæлвырд, æххæст кæны демографиимæ, æнæниздзинад хъахъхъæнынадимæ, ахуырадимæ, хъæууон хæдзарадимæ, промышленностимæ, чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомад рæзын кæнын æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадимæ баст авд национ проекты. Ис, районы хъомысыл хорзæрдæм чи фæзындзæн, туризм рапарахат кæнын сæ нысан кæмæн у, ахæм инвестицион проекттæ дæр — Цъæйы, Мамысоны, Тæмисчъы. Æппæт уыдæттæ, æнæмæнг, хорзæрдæм фæбæрæг уыдзысты районы хъомысыл, — советы æмбырд гом кæнгæйæ, загъта Тускъаты Таймураз.
Ивгъуыд аз Алагиры муниципалон районы социалон-экономикон бæрæггæнæнты тыххæй, стæй сæм национ проекттæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый фæдыл раныхас кодта Алагиры районы сæргълæууæг Дзантиаты Ис- лам. Куыд загъта, афтæмæй республикæйы разамынды æмæ бынæттон муниципалон минæвæртты æмгуыстады фæрцы районы дарддæр дæр арæзт цæуынц адæмæн сæ цæрыны уавæртæ хуыздæр кæныны мадзæлттæ, уæлдай фылдæр æргом здæхт цæуы социалон фарстатæ лыг кæнынмæ æмæ социалон æххуыстæ аразынмæ.
Æнæниздзинад хъахъхъæнынады, ахуырады, культурæ æмæ царды иннæ къабæзты районы цы ивддзинæдтæ æрцыд, уыдоны фæдыл Дзантийы-фырт бæстон æрныхас кодта æмæ уæлдай æргом аздæхта, ацы аз сæ размæ цы лыггæнинаг фарстатæ ис, уыдонмæ. Зæгъæм, ног культурæйы хæдзæрттæ аразын хъæуы Хæтæлдоны, Дæллаг Бирæгъзæнджы, Майрæмададжы, Рæмоны-фырты поселочы æмæ УЗК-йы микрорайоны, Уæллаг Бирæгъзæнджы, Мызуры æмæ Буроны та сты бындуронæй цалцæггæнинаг. Цалцæггæнинаг у Алагиры 1-æм библиотекæйы бæстыхай дæр. Ис æндæр лыггæнинаг фарстатæ дæр.
Алагиры районы экономикон рæзты уавæрты æмæ йæ гæнæнты тыххæй ныхас кодта Парламенты арæзтадон политикæйы æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады фарстаты фæдыл комитеты сæрдар Остъаты Георги. Депутат бафиппайдта, бынæттон бюджеты бæрæггæнæнтæ район 106 процентæй кæй сæххæст кодта, уый. «Абоны бон республикон бюджетæй район хæс нæ дары, цы æфстæуттæй пайда кæны, уыдон дæр фиды афоныл», — загъта Остъайы-фырт. Район æххæст кæны, сæ иумæйаг аргъ 24 миллиард сомы кæмæн у, цыппар ахæм инвестицион проекты. Сæ фæрцы фæзындзæн куысты бынæттæ 3 мины бæрц. Остъаты Георгийы ныхасмæ гæсгæ, æндæразимæ абаргæйæ, чысыл амалхъомады архайджыты нымæц фæфылдæр 51 процентæй. Раныхасгæнæг йе ‘ргом аздæхта, ног сыгъдæггæнæнтæ районы аразыны фарстамæ æмæ загъта, сæ саразынæн хъæугæ гæххæттытæ ныридæгæн кæй сты цæттæ. 2022 азы райдыдтой донуадзæн хæтæлтæ рацаразыны куыстытæ æмæ кæронмæ ахæццæ уыдзысты 2025 азы. Æппæт куыстытæн дæр бахъæудзæн 3 миллиард сомы бæрц, уыдон сты федералон æмæ республикон бюджеты æхцатæ. Уымæй уæлдай, цалцæггонд æрцæудзæн 21 хъармгæнæны.
Социалон политикæйы фарстатæ Алагиры район куыд æххæст кæны, уый фæдыл дзырдта Парламенты Сæрдары хæдивæг Дойаты Светланæ. Медицинæимæ баст фарстатыл ныхас кæнгæйæ, куыд загъта, афтæмæй фылдæр æргом аздахын хъæуы æнæниздзинад хъахъхъæнынады фыццаградон къæпхæн рацаразынмæ, алы хъæумæ, дæрддзæф цæрæг алы адæймагмæ дæр аккаг медицинон æххуыс куыд хæццæ кæна, афтæ. Районы центрон рынчындонæй уæлдай медицинон æххуыс бынæттон цæрджытæн кæнынц 11 фелсырон-акушерон пункты, иу цæугæ медицинон пункт, авд амбулаторийы. «Уыимæ, рацаразинаг кæнæ та ногæй саразинаг сты медицинон пункттæ Сырх Ходы, Зынцъары, Уæллаг Бирæгъзæнджы, Майрæмададжы, Суададжы æмæ Мызуры хъæуты», — загъта Дойаты Светланæ. Районы центрон рынчындоны материалон-техникон бындур у лæмæгъгомау, нæй сæм нырыккон медицинон техникæ. Уæдæ хъуаг æййафынц медицинон кусджытæй дæр. Ацы фарста лыггонд æрцæудзæн, Цæгат Ирыстоны медицинон академимæ æмæ медицинон колледжмæ ахуыр кæнынмæ район кæй арвиты, уыцы æрыгон специалисттæ фæстæмæ арыздæхынæн карз æмæ фидар фæтк æвæрд куы æрцæуа, уæд. Стæй хъуыддагæн ахъаз уыдзæн программæтæ «Хъæуккаг дохтыр» æмæ «Хъæуккаг фелсыр» адарддæр кæнын дæр. «Хорз уаид, Нузалы рынчындоны бындурыл саразын реабилитацион центр сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æмæ сæ сывæллæттæн», — бафиппайдта депутат.
Парламенты советы уæнгтæ ма æркастысты æмæ равзæрстой республикæйы социалон-экономикон æмæ æхсæнадон-политикон цардимæ баст федералон æмæ республикон закъонты проекттæ æмæ Уæрæсейы иуæй-иу субъектты закъонæвæрынадон хъæппæристæ. Афтæ, фæсивæдæн, æрыгон бинонтæн æххуысы мадзæлттæ фæфылдæр кæныныл, æрыгон адæмы ‘хсæн миграцион процесстæ банывыл кæныныл ныхас цæуы «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы бынæттон хиуынаффæйады тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проекты. Уый фæдыл ныхас кодта Парламенты закъонады, закъонæвæрынад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Черчесты Аслан.
Советы уæнгтæ рахæцыдысты «Уæрæсейы зæрдылдарæн бæрæгбæттæ æмæ æфсæддон намысы бонты тыххæй» Федералон закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» федералон закъоны проекты фарс. Документы ныхас цæуы, цæмæй ацы азæй фæстæмæ алы аз дæр 1 июлы бæрæг кæнын райдайæм Хæстон цауты ветеранты бон. Ныртæккæ уал æй бæрæг кæнынц иуæй-иу хицæн субъекттæ. Фæлæ закъон фидаргонд куы æрцæуа, уæд та сæрмагондæй суыдзæн æппæтуæрæсеон бæрæгбон.
Депутаттæ ма цы закъонты проекттæм æркастысты, уыдоны фæдыл ныхас кодтой Парламенты профилон комитетты сæрдартæ Хæдарцаты Аслæнбег, Еленæ Князева, Кочораты Олег, Реуазты Ларисæ, Киситы Мурат.
Дедегкаты Зæлинæ