Райгуырæн бæстæ, фыццаджыдæр у фыдæлты зæхх. Хæдзары лæппу куы райгуыры, уæд хъæбатыр æмæ лæгдзинады æмвæндаг чи суыдзæнис, ахæм гуырд дзы хъуамæ рауайа.
Фыд йæ сывæллæттæн йæ фидар ныхасæй амоны цардмæ фæндаг, мад та — йæ фæлмæн, рæвдыд ныхасæй.
— Адæмы зæрдæмæ цы нæ фæцæудзæн, уый макуы бакæн, — дзырдтой йæ ныййарджытæ Тезиаты Зауырæн. Хистæры ныхасæн аргъ чи кæна, уыцы кæстæрæн рæдийæн нæй. Хæдзары куыстытæм, стæй скъолайы ахуырмæ дæр Зауыр уыдис разæй. Ахуыр кодта Хъæдгæроны астæуккаг скъолайы, фæстæдæр та — Хæххон-металлургон техникумы. Уæздан, зондджын лæппу йæхицæн равзæрста ирвæзынгæнæджы дæсныйад. Æхсызгон куыд нæ уыдаид хистæртæн, хиуæттæн Зауыр дипломимæ куы æрхæццæ, уæд. Уæдæ йын зæрдæмæдзæугæ куыст дæр ссардтаиккой, фæлæ иу бон лæппу йæ мад æмæ фыдæн загъта, æфсадмæ цæуынвæнд кæй скодта.
Иуæй-иутæ фæзæгъынц — æфсад лæггæнæг у, ацы змæст рæстæг хъæбул службæмæ куы ацæуы, уæд ныййарæджы сагъæс æмбæрстгонд у. Хæдзары хистæр Руслан йæхæдæг службæ кодта æфсады, æмæ йæ хистæр фыртæн амыдта, цæмæй йæ хæстæ æнæзивæгæй æххæст кæна. Сæ бæлццоны Тезиатæ æртæ чъириимæ, арфæтимæ афæндараст кодтой.
Зауыр службæ кæны Денджызон флоты фистæгæфсæддонты æфсады, Хъырымы. Ныртæккæ рæстæг сабыр нæу, уæлдайдæр та уыцырдыгæй.
Маринæ æрвылбон йæ хъæбулы хъæлæс телефонæй куы фехъусы, уæд йæхицæй амондджындæр нал вæййы. Æфсæддонты ‘хсæн разыны ахæмтæ, æнæбары службæ чи фæкæны, командирты уынаффæтæ зивæггæнгæ чи æххæст кæны. Хъæдгæройнаг лæппу уый йæ сæрмæ не ‘рхаста, алцæмæ дæр у арæхстджын æмæ сæрæн. Йæ службæйы тыххæй дзургæйæ, хъаст ницæмæй кæны, фæзынд ын бирæ ног æмбæлттæ. Ахуыр сæ кæнынц хæцæнгарзимæ архайын, зонгæ кæнынц нырыккон æфсæддон техникæимæ.
Ай-гъай, æрыгон хъæуккаг лæппу Сау денджызы былгæрон æнкъард кæны йæ бинонтыл, мысы ирон чъиритæ. Цалдæр мæйы фæстæ Зауыр сыздæхдзæн хæдзармæ. Æнхъæлмæ йæм кæсынц йæ кæстæр æфсымæр Сæрмæт, йæ бирæ æмбæлттæ, хионтæ, сыхбæстæ.
— Абон иууылдæр бæллæм, цæмæй дуне сабыр уа, æмæ нæ кæстæртæ макуы базоной зындзинад, — алкæй хъæбул дæр дзæбæхæй сыздæхæд йæ къонамæ, — зæгъы Маринæ.
Гугкаты Жаннæ














