Сæрмагонд æфсæддон операцийы хæцгæйæ хъæбатырæй чи фæмард, уыцы црайуаг лæппу Козаты Русланы номыл мемориалон фæйнæг фæзынд скъолайы къулыл.
Хъæбатыры æрымысыны тыххæй Црауы скъоламæ æрбацыдысты Козайы-фырты хиуæттæ, хæстæджытæ, æмхъæуккæгтæ, ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзаутæ. Ныр Руслан сæ алкæмæн ссис патриотизмы æмæ фидардзинады дæнцæг. Зæрдылдарæн хъуыддаджы архайджытæ дзырдтой сæ мысинæгтæ Козаты Русланы тыххæй, йæ царды алы азты йæхи куыд дардта, цæмæй бæрæг уыд йæ зондахаст, уыдæттыл.
Сæ алкæй бон дæр уыд дæргъвæтин ныхас кæнын, йæ сабидуг йемæ чи арвыста, иу партæйы уæлхъус йемæ чи бадт, зонындзинæдты сусæгдзинæдтæ йын чи амыдта, уыдонæн. Зындгонд музыкант Олег Газманов йæ зарæг «Офицеры» раст цыма Козаты Русланы тыххæй ныффыста, афтæ хъуысы. Йæ Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ йæхи аппæрста Руслан, дарддæр цы уыдзæн, цы расайдзæн йæ къахдзæф, ууыл нæ ахъуыды кодта…
Фыццаг бонæй фæстæмæ црайуаг лæппу лæууыд неофашистты ныхмæ, карз тохты-иу бацыд. Историон æгъдауæй хæстытæ кæддæриддæр цыдысты, уыимæ, сæ иу иннæмæй карздæр. Дуне æнæ хæст замантæ нæ зоны. Сæрмагонд æфсæддон операци райдайыны бон нæ бæстæйы историйы ссардта йæ бынат. Нæ фæсивæд æххæст сты патриотизмæй, сæ бабатæ æмæ уыдоны фыдæлтау тырнынц рухс фидæнмæ, æфсымæрон адæмты сæрибардзинад сæм бæрзонд бынаты æвæрд ис.
Цард доны æнгæс у, куы сабухы, куы — æрсабыр вæййы. Црайуаг Козаты Руслан хæстон суæвынмæ никуы бæллыд. Райста филологы дæсныйад, йæ хæцæнгарз уыд фыссæн сис. Кæддæр цытджын Къоста дæр афтæ нымадта, ома, фыссæн сисы фæрцы бирæ хъуыддæгтæ алыг кæнæн ис. Руслан бæллыд ахуыргæнæг суæвынмæ. Фæлæ хъуыддæгтæ æмхуызонæй Стыр Хуыцаумæ сты, лæппу йæ хъысмæт сбаста Гæрзифтонг тыхтимæ.
58-æм æфсады гвардион хæйтты Козаты лæппу баслужбæ кодта 10 азы, ссис хæстон хъуыддаджы дæсны. Взводы командир ссис, афтæмæй архайдта Цæгат Кавказы контртеррористон операциты. Куыддæр сæрмагонд æфсæддон операци райдыдта, афтæ гвардийы сержант Козаты Руслан Донбассмæ бахизæнты архайдта тугкалæн тохты. Лæгдзинад æмæ æвзыгъддзинад æвдисгæйæ, Козайы-фырт полчъы хæстонтимæ архайдта знæгты фидæрттæ батоныныл.
Козайы-фырты цурты цыма мæлæт иувæрсты цыд, афтæ зындис, командир уыд фæлтæрдджын, зонындзинæдтæй æххæст. Йæ дæлбар уæвæг æфсæддонты разæй цыдис, хуыдта сæ иу уæлахизæй иннæмæ. Йæ хæстонты цард бахъахъхъæныныл тынг архайдта. Уыцы æнамонд бон, 2022 азы, 2 апрелы, цыдис знаджы фидаргонд скондмæ, бацайдагъ сын тох. Артæй йе ‘фсæддонты хъахъхъæнгæйæ, Руслан сыстад æмæ размæ атындзыдта, уалынмæ знаджы нæмыг сæмбæлд Козаты лæппуйы риуыл, бронежилеты иувæрсты йæм фæхæццæ, йæ цард ын айста…
Хъæбатыры мæлæт райста Руслан, йæ хæстон хæс æххæстæй бафыста… Гуыргæ Козаты Руслан ракодта Украинæйы, Харьковаг облæсты, уым ссардта йæ мæлæт дæр. Знаджы нæмыг ыл сæмбæлд… Йæ амæлæты фæстæ Козаты Иваны фырт Русланæн радтой Лæгдзинады орден. Хъæбатырыл цыд 42 азы. Ныртæккæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайынц Црауы хъæуы фæсивæд дæр. Сæ иуæй дæр Козаты хъæбатыры ном рох нæу, размæ сæ хоны, тарст цы у, уый нæ зонынц.
Црауы скъолайы 2020 азы Кæсæбиты Ритæйы хъæппæрисæй фæзынд Хæстон намысы музей. Сертификат райста, йæ фыццаг къахдзæфтæ кæны. Музейы сæ бынат бацахсдзысты хæбатырты цардыл дзурæг æрмæджытæ. Уыдонимæ уыдзысты Црауы скъолайы рауагъдон, хъæбатыр Козаты Русланы тыххæй æрмæджытæ дæр…
Гæззаты Зæринæ,
Црауы хъæуы цæрæг














