Æрвылмæйон фиддон исынц

0
450

Ивгъуыд азы январæй фæстæмæ Уæрæсейы Социалон фонд бинонты æртæ азæй кæстæр алы сывæллонæн ныййарæджы капиталы фæрæзтæй сæвæры æрвылмæйон фиддон.

Амæй размæ ныййарæджы капиталы фæрæзтæ социалон æххуысы амынд хуызмæ барвитыны бар уыд æрмæст дыккаг сывæллæтты ныййарджытæм. Мæймæ адæймагæн цæрынæн хъæугæ регионы æппæтæй къаддæр дыууæ хардзæй ныллæгдæр кæй æфтиæгтæ сты, фиддон сæвæрынц ахæм бинонтæн. Сывæллоныл цалынмæ æртæ азы сæххæст уа, уæдмæ фиддон исын æмбæлы. Бинонтæм æртæ азæй кæстæр цалдæр сывæллоны кæд ис, уæд алы сывæллоны фиддонæн дæр гæххæттытæ саразын хъæуы. Фиддоны бæрц у мæймæ регионы сывæллонæн фæцæрынæн хъæугæ æппæтæй къаддæр хæрдзты бæрц.
— Фаронæй фæстæмæ ныййарæджы капиталы фадæттæ ацы хайы фæуæрæх сты. Бинонтæм ис сывæллæттæн иумæйаг пособи æмæ ныййарæджы капиталæй фиддон уыцы иу рæстæг исыны бар (бинонты алы уæнгмæ дæр хауæг æфтиаджы рæстæмбис бæрц фæцæрынæн хъæугæ тæккæ къаддæр дыууæ хардзæй къаддæр у, зæгъгæ, ахæм æууæлимæ). Фæлæ ам ис ахæм фæзилæн: амæйразмæ æртæ азы онг рæстæг ныййарæджы капиталæй фиддонтæ чи иста, фæлæ иумæйаг пособийæн гæххæттытæ чи сарæзта, уыцы бинонтæн иннæ мæйæ фæстæмæ ныййарæджы капиталæй фиддонтæ нал фиддзысты. Иумæйаг пособиимæ иумæ ныййарæджы капиталæй фиддонтæ исын кæй бафæнда, уыцы ныйййарæджы хæс уыдзæн иумæйаг пособи сæвæрыны фæстæ иннæмæй Социалон фондмæ ног курдиат барвитын. Курдиат цы мæй барвыстой, фиддонтæ ногæй фидын райдайдзысты уыцы мæйæ фæстæмæ, — загъта Уæрæсейы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайады разамонæг Таболты Сергей.
Ныййарæджы капиталæй æрвылмæйон фиддоны бæрц у 13491 сомы. Ныртæккæ ацы фиддон исынц 600 бинонтæй фылдæр.
Арæх ныййарджытыл искæцы уæлæмхасæн гæххæттытæ бавдисыны хæс æвæрд нæ вæййы. Ведомствæты æмархайды фæрцы Социалон фонд æппæт хъæугæ бæрæггæнæнтæ райсы хæдбарæй. Адæймагмæ ис фиддон райсыны фæдыл курдиат портал «Госуслуги»-йы онлайн, кæнæ та бирæкъабазджын центры æмæ Социалон фонды клиентон службæты комкоммæ уагæй барвитыны бар.
Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм: ныййарæджы капиталы фæрæзтæй æрвылмæйон фиддон бинонтæм бафты æрвылмæй 5-æм бон.
Уæрæсейы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайады контакт-центр: 8-800-100-00-01 (къуырисæрæй цыппæрæммæ 9.00 сахатæй 18.00 сахаты онг, майрæмбоны та — 9.00 сахатæй 16 сахаты æмæ 45 минуты онг).

УФ-йы Социалон
фонды
цæгатирыстойнаг хайады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here