Сæрмагонд æфсæддон операци цы бон райдыдта, уыцы бонæй фæстæмæ дзы архайдта Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады кусæг, пъæлицæйы кæстæр сержант Икъоты Георги.
Батальон «Шторм»-ы рæнхъыты хæцгæйæ, Икъойы-фырт хъахъхъæдта æфсымæрон адæмы бартæ Украинæйы. Цардæн тæссаг уавæрты архайгæйæ, паддзахадон æдасдзинадæн фадæттæ аразыны фæдыл сæрмагонд хæслæвæрдтæ æххæст кæныны заман æвдыст хъæбатырдзинады тыххæй Георгийы схорзæхджын кодтой майдан «За отвагу»-йæ.
Ныртæккæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг, хæстон цауты ветеран Икъоты Георги дарддæр службæ кæны амынд хайады.
Гæззаты Зæринæ,
Мидхъуыддæгты министрады
Алагиры районы хайады инспектор














