Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн — кад æмæ намыс!

0
231

Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон Дзæуджыхъæуы Намысы мемориалы арæзт æрцыд номарæн мадзæлттæ. Уым архайдтой Парламенты депутаттæ дæр.

Æнусон арты бынмæ закъонæвæрынадон оргæны минæвæрттæ сæвæрдтой дидинджытæ æмæ дидинджыты бæстытæ æмæ, иу минут æдзæмæй алæугæйæ, æрымысыдысты, Райгуырæн бæстæйы сæраппонд йæ цард чи радта, уыцы хæстонты рухс нæмттæ.
Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз, бæрæгбоны фæдыл арфæ кæнгæйæ, загъта, Райгуырæн зæххы сæрибар æмæ хæдбардзинад бахъахъхъæныны тыххæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты быдырты тох чи кодта, уыцы советон салдæтты хъæбатырдзинад рох кæй никуы уыдзæн, æмæ бафиппайдта, Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бæрæгбонæн йæ мидис абоны рæстæг кæй ссис уæлдай ахадгæдæр.
— Æфсæддонтæ, бархионтæ, Уæрæсейы Гæрзифтонг тыхтæн баххуыс кæныны тыххæй кæмæ фæсидтысты, уыцы хæстонтæ — сæрмагонд æфсæддон операцийы чидæриддæр архайы, уыдон се ‘ппæт дæр — дарддæр хæссынц сæ хистæр фæлтæрты намыс æмæ, нæ паддзахадон арæнты фидардзинадыл архайгæйæ, ноджы бæрзонддæр систой Уæрæсейæн йæ ном æмæ йæ кад, — бафиппайдта Тускъаты Таймураз. Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн арфæ кæнгæйæ, загъта:
— Стыр бузныг уын уæ хъæбатырдзинады тыххæй, Райгуырæн бæстæйыл æмæ йе ‘дасдзинадыл иузæрдион кæй стут, уæ бинонтæн, хæстæджытæн, махæн не ‘ппæтæн дæр ныфс æмæ лæгдзинады цæвиттон кæй стут, уый тыххæй.

Дедегкаты  Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here