Фæлтæрты фембæлд: зæрдæйæ-зæрдæмæ ныхас

0
59

Ацы бонты Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны кадæн Дзæуджыхъæуы цы бирæ зæрдылдарæн фембæлдтытæ сарæзтой, уыдонæй иу уыд Æфсæнвæндаджы транспорты техникумы. Уырдæм æрбамбырд сты алыхуызон республикон ведомствæтæ æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ, стæй ахуырдзау фæсивæд.

Техникумы директор Чеджемты Мырзабег ахуыргæнæндоны уазджытæн зæрдиаг салам загъта æмæ, куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ахуыргæнæндоны студенттæн сæ фылдæр хæстæгдæр рæстæг суыдзысты Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ. «Уыцы æууæл хынцгæйæ, нæ ахуырдзау фæсивæдæн ацы фембæлд уæлдай ахсджиагдæр уымæн у, æмæ сын фадат уыдзæн Фыдыбæстæйы Стыр хæст æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытимæ аныхас кæнынæн, хæстон службæйы хицæндзинæдтæ арфдæр банкъарынæн», — загъта Чеджемы-фырт.
Фæсивæды раз мидисджын хъуыдыимæ раныхас кодтой Хæлардзинады республикон хæдзары директор Александр Охотников, хæсты архайджытæ æмæ æфсæддон службæйы ветеранты комитеты сæрдар Азиаты Алыксандр, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Пагæты Алыксандр, 58-æм æфсады минæвар, майор Александр Чиряев, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ Магкæты Олег æмæ Денис Галкин æмæ иннæтæ.
Раныхасгæнджытæ æрыгон фæлтæры минæвæрттæм фæсидтысты, цæмæй æнувыд уой Райгуырæн бæстæйыл, хистæр фæлтæрты хæстон æмæ фæллойадон намыс сæ зæрдыл дарой. Фембæлды сæрмагонд ныхас рауад Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны равзæрд æмæ йæ историйы тыххæй. Ахуырдзау фæсивæдæн фадат фæцис фембæлды уазджытимæ хибарæй аныхас кæнынæн, стæй иумæйаг зæрдылдарæн къам сисынæн дæр…
Фæлтæрты фембæлд йæ аивадæй барухс кодта зарæггæнæг, æппæтуæрæсеон фестивалты лауреат Георгий Арутюнянц.
Æмбырд бацæттæ кодтой РЦИ-Аланийы Ветеранты совет, Цæгат Ирыстоны Национ политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты министрад, Уæрæсейы æфсæддон-историон æхсæнады, Дзæуджыхъæуы Æхсæнадон совет æмæ æндæр иугæндты минæвæрттæ. Фембæлд амыдта республикæйы национ политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты министры уынаффæгæнæг Хъайтыхъты Тамарæ.

Темырты Альбинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here