Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы социалон-экономикон уавæр 2023 азы январ-ноябры

0
105

 

2023 азы январ-ноябры куыстуæтты зилдухы (хи куыстуæтты уагъд æвгæд товарты, хи хъарутæй æххæстгонд куыстытæ æмæ лæггæдты аргъ, стæй æндæр рæтты æлхæд товартæ уæй кæнынæй ист æфтиаг) бæрц рауад 197709,1 милуан сомы, ома, 2022 азы январ-ноябримæ абаргæйæ, архайæг æргътæй нымайгæйæ, 125,6%.
2022 азы январ-ноябримæ абаргæйæ, 2023 азы январ-ноябры промышленнон куыстады индекс рауад 110,4%.
Хуыры, лыстæг хуыр æмæ доломиты рауагъд кæй фæфылдæр, уый фæрцы пайдайаг къахинæгты амалкæнынады индекс рауад 102,9%.
Къалбас — (сывæллæтты хойраг нымайгæйæ) 25,7%, дзидзайæ конд хойраг —1,8%, æхсыр (хомæй фæстæмæ) — 6,9%, цыхтытæ — 0,2%, къæдор — 12,1%, туаг æхсырæй конд хойраг — 14,3%, сæлдæджытæ 2,0 хатты, дæргъвæтин рæстæг кæй нæ дарынц, ахæм дзул æмæ гуылтæ — 4,8%, дæргъвæтин рæстæг кæй нæ дарынц, ахæм адджинæгтæ — 5,0%, бæгæны — 15,2%, суæрттæ æмæ газджын дон — 28,0%, уæнгроггæнæн нозт — 8,4%, авджын бæрцуæттæ — 18,0%, къæйтæ, сыфтæ, стæй полимерон пленкæтæ æмæ уадздзæгтæ (лентæтæ) — 4,2%, керамикон агуыридур та 6,5% фылдæр кæй рауагъдæуыд, уый фæрцы хомагкусæг куыстады индекс рауад 118,8%.
Электрон тыхæй, газ æмæ доны тæфæй æфсисадæй, уæлдæф сыгъдæг кæныны куыстæй куыстады индекс рауад 106,3%.
Донæфсисадæй, дон иуварс уадзынæй, æппарæццæгтæ æмбырд кæнынæй æмæ сæ æфснайынæй, стæй чъизидзинæдтæ иуварс кæныны архайдæй куыстады индекс рауад 98,6%.
2023 азы январ-ноябры экономикон архайды хуыз «Арæзтад»-мæ гæсгæ æххæстгонд куыстыты бæрц рауад 21884,6 милуан сомы, ома, абаргæ æргътæй нымайгæйæ, æндæразы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, 111,6% (2022 азы январ-ноябры — 114,6%).
2023 азы январ-ноябры сарæзтæуыд 430749 квадратон метры цæрæнуæттæ (адæм дыргъдон цæхæрадæттæ дарынæн кæй сарæзтой, уыцы цæрæн хæдзæрттæ нымайгæйæ). Кæй сарæзтой, уыцы цæрæнуæтты иумæйаг бæрцæй хицæн адæймæгты арæзт цæрæнуæтты хай рауад 43,0% (иумæйаг фæзуатæй 185351 квадратон метры, ома, æндæразы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, 89,9%).
Райдиан бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2023 азы январ-ноябры æппæт хъæууонхæдзарадон товаруадзджытæ рауагътой 24371,2 милуан сомы бæрц продукци, ома, æндæразы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, абаргæ æргътæй нымайгæйæ — 104,5%.
Райдиан бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2022 азы 1 декабримæ абаргæйæ, 2023 азы 1 декабры æппæт къордты хæдзарæдтæ хор æмæ кæрддзæмджын культуртæ (æнæ нартхорæй) рауагътой 3,8 мин тоннæйы (ома, 0,5%) фылдæр.
Ранымадмæ гæсгæ, 2023 азы ноябры кæрон æппæт хуызты хæдзарæдты уыд стурвосы 101,7 мин сæры (ома, æндæразы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, 0,7% фылдæр), адонæй хъуццытæ уыдысты 42,2 мин сæры (1,6% фылдæр), хуытæ — 14,5 мин сæры (26,0% къаддæр), фыстæ æмæ сæгътæ — 135,6 мин сæры (3,8% фылдæр), мæргътæ — 1190,3 мин сæры (0,1% фылдæр).
2023 азы январ-ноябры æппæт къордты хæдзарæдты фосдарынады продукцийы сæйраг хуызты рауагъд фæфылдæр: фос æмæ мæргътæ æргæвдынæн (удæгас уæзæй нымайгæйæ) — 5,7%, æхсыр — 4,8%, æйчытæ та — 0,9% фылдæр.
2023 азы ноябры кæрон, 2022 азы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, хъæууонхæдзарадон кусæндæттæ фос æмæ мæргътæ æргæвдынæн (удæгас уæзæй нымайгæйæ) рауагътой 7,5%, æйчытæ — 2,0%, æхсыр та — 23,8% къаддæр.
2023 азы январ-ноябры, æндæразы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, автомобилон транспорты уæзты зилдух рауад 25,2% фылдæр, бæлццæтты зилдух та — 101,0%.
2023 азы январ-ноябры розницæйы базарады зилдухы бæрц рауад 148447,0 милуан сомы, ома, æндæразы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ — 106,5% (2022 азы январ-ноябры — 98,2%). Базарады æддæ архайæг уæйгæнæг кусæндæтты æмæ индивидуалон амалиуæггæнджыты зилдухы бæрц, æндæразы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, рауад 106,2%, розницæйы базартæ æмæ армукъаты товарты уæйкæнынады бæрц та рауад 107,3%.
2023 азы январ-ноябры æхсæнадон хæлцы зилдухы бæрц рауад 6648,0 милуан сомы, ома, 2022 азы январ-ноябримæ абаргæйæ — 11,1% фылдæр.
2023 азы январ-ноябры, æндæразы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, оптон базарады зилдухы бæрц рауад 161,4%.
2023 азы январ-ноябры адæмæн æхцайыл конд лæггæдты бæрц рауад 30656,2 милуан сомы, ома, æндæразы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, абаргæ æргътæй нымайгæйæ — 99,7%.
2023 азы ноябры кæрон, 2022 азы декабримæ абаргæйæ, товартæ æмæ лæггæдты фæлхасадон æргътыл бафтыд 5,9%, уыимæ промышленнон товарты æргътыл — 5,1%, лæггæдты æргътыл — 5,0%, хойраджы æргътыл та — 6,9%.
РЦИ-Аланийы Финансты министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2023 азы январ-октябры республикæйы иумæйаг бюджет баххæст кодтой 1037,6 милуан сомы бæрц профицитимæ (2022 азы январ-октябры — 554,6 милуан сомы бæрц профицитимæ).
2023 азы январ-октябры куыстуæтты сальдогонд финансон бæрæггæнæн (ома, хæрдзтæ аппаргæйæ, æфтиаг) рауад нæгæнæг уагæй, йæ бæрц уыд 367,4 милуан сомы. Æфтиæгтимæ абаргæйæ, фылдæр кæй хæрдзтæ сты, 2023 азы январ-октябры, æндæразы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, ахæм куыстуæтты хай 0,2 процентон пункты фæкъаддæр æмæ рауад 41,9 %.
2023 азы январ-октябры мæймæ хуымæтæджы нымад рæстæмбисон мызды бæрц рауад 39315,8 сомы, ома, æндæразы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ — 12,9 % фылдæр. Æцæг мызды бæрц рауад 107,0 %.
Экономикон архайды иртæстгонд хуызты кусæндæтты мызды аивгъуыйæг хæсы бæрц (чысыл амалиуæгады субъекттæй фæстæмæ), хæс ис æви нæй, уый тыххæй хабæрттæ барвитæг кусæндæтты 2023 азы 1 ноябры рауад 0 сомы.
2023 азы январ-октябры цæрджыты нымæцыл æрдзон уагæй бафтыд 339 адæймаджы, 2022 азы январ-октябры та сæ нымæц 396 адæймаджы фæкъаддæр. Ноггуырдты нымæц рауад 4,8%, амæлæг адæмы нымæц та — 15,6% къаддæр. Амæлæг адæмы нымæцимæ абаргæйæ, ноггуырдты нымæц рауад 6,0% фылдæр. 2022 азы январ-октябры та, ноггуырдты нымæцимæ абаргæйæ, амалæг адæмы бæрц рауад 6,3% фылдæр, 2022 азы январ-октябримæ абаргæйæ, арæзт къайæдты нымæц 7,8% фæкъаддæр, хæлд къайæдты нымæцыл бафтыд 14,5%, 2023 азы январ-октябры, 2022 азы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, республикæйы цæрджытæй миграцион уагæй фæхъуыдуæвджыты нымæц 1518 адæймаджы (48,8%) фæкъаддæр.
2023 азы ноябры кæрон официалон уагæй регистрацигонд æгуыстыты нымæц уыд 2655 адæймаджы, ома, æндæразы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, 83,7%, уымæй раздæр азимæ абаргæйæ та — 97,4%. 2023 азы ноябры кæрон официалон уагæй регистрацигонд æгуыст адæмы нымæц æппæт кусджыты бæрцæй уыд 0,8%, æндæразы уыцы заман та — 1,0%.

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here