Запорожьейы облæсты Черниговскаг районы социалон-экономикон уавæр банывыл кæныны фарстатыл ныхас рауад, РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис оперативон штабæн цы æмбырд скодта, уым. Штаб дзуапп дæтты Черниговскаг районы бынæттон хиуынаффæйады администрациимæ æмгуыстадæн.
Хицауады разамонæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй нырмæ дæр Запорожьейы сахартæ æмæ хъæутæ сабыргай нывылгонд цæуынц, Цæгат Ирыстон дæр балæууыд Черниговскаг районы цур йе ‘ххуысы фæрæзтимæ. Рæвдауæндæттæ æмæ скъолатæ бындуронæй цалцæггонд цæуынц, доны хызтæ ногтæй раивыны куыст кæнынц.
Цæгатирыстойнаг специалистты фæрцы хъармдæттæн афоныл сæмбæлдысты цæттæйæ. Скъоладзаутæм фæхæццæ сты аивадон æмæ ахуырадон чингуытæ уырыссаг æвзагыл. Арæзтад æмæ архитектурæйы министры хæдивæг Бетанты Мараты хатдзæгмæ гæсгæ, 2023-2025 азтæн дихгонд æхцайы руаджы Черниговскаг районы æппæт социалон-экономикон инфраструктурæ йæ бынат ссардзæн.
Æмбырды байхъуыстой Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы, Ахуырад æмæ наукæйы, Фæллой æмæ социалон рæзты министртæм. Уыдон радзырдтой æххæстгонд нысанты тыххæй, фæбæрæг кодтой дарддæры архайд дæр.
Уый тыххæй хъусын кæны РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ.
Нæ уацхæссæг