Абон æххæст кæны ссæдз азы нæ республикæйы дзыллон информациты фæрæзты ‘хсæн ног сфæлдыстадон коллектив — «15-æм Регион Медиа»-йыл. Цы сты йæ архайды сæйраг æууæлтæ, йе ‘рвылбоны куысты фылдæр æргом цавæр фарстатæм здахы информацион портал, кæимæ æмгуыстад кæны — æппæт уыдæтты тыххæй нæ уацхæссæгæн радзырдта æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «15-æм Регион Медиа»-йы генералон директор Мæхъиты Чермен:
— Куыд алы информацион фæрæзæн, афтæ махæн дæр нæ сæйраг хæс у не ‘хсæнады, нæ алфамбылай царды цы хабæрттæ цæуы, уыдон адæммæ афоныл хæццæ кæнын. Нæ куысты бындурон, сæйрагдæр æууæлтыл нымайæм хъуыддæгтæ, цаутæ, хабæрттæ, гæнæн куыд ис, афтæ цыбыр æмгъуыдмæ, раст æмæ æнæсайдæй æвдисын. Уыцы æгъдауæй хъуамæ нæ кусджытæй иу дæр иуварс ма хиза. Уый хауы, куыд уацхæсджытæм, афтæ редактортæм дæр, продюсертæм, оператортæм, эфирмæ хабæрттæ чи цæттæ кæны, уыдонмæ се ‘ппæтмæ дæр.
«15-æм Регион Медиа» базыдтой канд Ирыстоны нæ, фæлæ уымæй дарддæр дæр. Уымæн ирд æвдисæн у ахæм дæнцæг. Нæ сайт дыууæ хатты банымадтой хуыздæрыл Цæгат Кавказы. Уымæй уæлдай ма нæ журналисттæ æрвылаз дæр архайынц алыхуызон федералон æмæ республикон конкурсты. «15-æм Регион Медиа» иудадзыгдæр æрцахсы раззаг бынæттæ, чи дзы пайда кæны, чи йæм кæсы, уыцы адæмы нымæцмæ гæсгæ. Йæ архайджытæ арæх вæййынц канд Уæрæсейы регионтæй ирон диаспорæтæ нæ, фæлæ фæсарæнтæй дæр. Хабæрттæ фæдæттæм куыд уырыссаг æвзагыл, афтæ иронау нæ сайты, стæй социалон хызæгты дæр.
«15-æм Регион Медиа» сси сæ дæсныйад бæрзонддæр кæныны хорз скъола, абон æндæр дзыллон информацион фæрæзты чи кусы, уыцы журналисттæн.
А фæстаг азты нæм фæзынд æхсызгон ивддзинæдтæ дæр, зæгъæм, фыст хъусынгæнинæгтæ æмæ хабæртты æмрæнхъ скуыста видеоконтент дæр.
«15-æм Регион Медиа» æмгуыст кæны федералон каналтимæ, æвдисы алывæрсыгæй Ирыстоны, стæй иннæ регионты цард. Нæ уацхæсджытæ иудадзыг дæр цæттæ сты федералон каналты редактортæн ахсджиаг æмæ вазыгджын темæтыл æрмæгæй феххуыс кæнынмæ. Уый фæрцы Уæрæсейы телевизормæ кæсджытæ хуыздæр, бæстондæр зонгæ кæнынц нæ адæмы культурæимæ, экономикæимæ, социалон къабазы хабæрттимæ, не ‘гъдæуттæ æмæ цардыуагимæ.
Нæ цæст дарæм, æмæ исты пайдайаг ногдзинæдтæ, ног технологитæ куы фенæм, уæд сæ хæссæм нæ куыстмæ. Ис нæм сæрмагонд студи, уым ныффыссæм ныхас зындгонд политиктæ, æхсæнадон кусджытæ, ахуыргæндтæ æмæ спортсментимæ. Рох нæ не сты, ныртæккæ сæрмагонд æфсæддон операцийы чи архайы æмæ сгуыхтдзинæдтæ чи ‘вдисы, нæ уыцы фæсивæд дæр.
Æнæзæгъгæ нæй мæнæ ахæм хъуыддаджы тыххæй дæр. Мах архайæм, цæмæй нæм кусынмæ чи ‘рбацæуа, уыцы адæймаг, фыссынæй уæлдай, хъуамæ арæхса хуызисæнимæ кусын, зона монтаж кæнын, стæй хæдтулгæ скъæрын. Иу ныхасæй, бирæвæрсыг зонындзинæдтæй хъуамæ уа æххæст.
Зонын æй — хъусынц æмæ нæм кæсынц бирæ адæм нæ республикæйы хъæуты. Уымæ гæсгæ стыр æргом здахæм се ‘рвылбоны царды ахсджиагдæр фарстатæм, мадæлон æвзаджы рæзтмæ, æвзонг фæлтæры патриотон хъомыладмæ.
— Бузныг, Чермен, нæ газеты редакцийы номæй уын зæрдиаг арфæ кæнын уæ юбилейы фæдыл, хъæугæ, арфæйаг куыст кæнут æмæ ма уæ къухы бафтæд ноджы бæрзонддæр, ноджы бæллиццагдæр æнтыстытæ.
Ныхас ныффыста
Хæмыцаты Морис