Номарæн фæйнæг — Куырттаты скъолайы

0
69

Сæрмагонд æфсæддон операци æххæст кæныны рæстæг хъæбатырæй чи фæмард, Куырттаты скъолайы директор Хамихъоты Дианæйы фæндонæй амынд ахуыргæнæндон кастфæуæвæг лæппутæ Хъалаты Валери æмæ Ибрагим ПатиевÆн скъолайы бæстыхайы кадджын уагæй байгом кодтой номарæн фæйнæг.

Кадджын æмбырды архайдтой лæппутæн сæ хиуæттæ, æмкъласонтæ æмæ бынæттон администрацийы минæвæрттæ.
— Валери æмæ Ибрагим мæ цуры рахъомыл сты, æмæ сæ нæмттæ не скъолайы æнусонгонд цæмæй æрцæуой, уый мæ фæндыд. Хъуыддаг мæхи хардзæй сарæзтон. Валери æмæ Ибрагимы хъæбатырдзинад æмæ патриотизм рæзгæ фæлтæрæн фæзминаг сты, — загъта разамонæг.
Контрактмæ гæсгæ Абхазы æфсæддон хæс æххæстгæнгæйæ, Хъалаты Валери æндæраз мартъийы сæрмагонд операцийы тæлммæ ацæуыны фæнд скодта. Лæппу цалдæр мæйы дæргъы уыд фронты æмæ æндæраз июлы карз тохы фæмард.
Бæстæйы Национ гвардийы хæс æххæстгæнæг Ибрагим Патиев цыппар мæйы дæргъы архайдта сæрмагонд æфсæддон операцийы.
Дыууæ нæлгоймаджы дæр адзалы фæстæ хорзæхджынгонд æрцыдысты Лæгдзинады ордентæй.

Хуасдзауты Алинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here