Адæмæн — хæрзхъæд лæггæдтæ

0
179

«Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады куыстæй аразгæ у республикæйы цæрджыты цардыуаг. Бирæ азты къуырцдзæвæны чи бахауд, уыцы къабаз абон æнтыстджын къахдзæфтæ кæны. Сæйрагдæр та, адæмæн хæрзхъæд лæггæдтæ афойнадыл дæттын – æрдзон газ, нуазыны дон, рухс, хъарм хæццæ кæнын цæрджытæм, уыимæ, хæдзарон бырон ласыны хъуыддаг дæр ахсджиаг у», — ацы ныхæстæй райдыдта йæ пресс-конференци РЦИ-Аланийы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн.

Уацхæсджыты фарстытæн дзуаппытæ дæтгæйæ, министр дзырдта 2023 азы куысты бæрæггæнæнтæ æмæ хæстæгдæр фидæны нысантыл. Йæ ныхасмæ гæсгæ, 2023 азы министрад архайдта цыппар паддзахадон программæйы æмæ дыууæ национ проекты. Уыдоны бындурыл арæзт æмæ цалцæггонд æрцыд 186 æхсæнадон бынаты æмæ 422 бирæуæладзыгон хæдзары кæртытæ. Беслæны кæронмæ фæхæццæ кæны Уæлахизы парчы арæзтад, Дигорайы дæр æртæ гектары
фæзуатыл æрбынæттон уыдзæн фæлладуадзæн тæлм.
— Æппæт районтæ дæр архайдзысты ацы программæйы, афтæмæй ацы аз аивгонд æрцæудзысты 39 æхсæнадон бынаты, стыр куыстытæ цæудзæн республикæйæн зынаргъ историон бынат — Нары, — загъта министр.
Донуадзыны фарстайыл дзургæйæ, Тамайы-фырт фæнысан кодта, лыггæнинаг фарстатæ бирæ кæй сты, фæлæ æппæты ахсджиагдæр нысантæ æнхъæлмæ кæсынц Алагиры районы, куыд хæххон, афтæ быдыры хъæутæм дæр.
Нæ республикæйы ныртæккæ 145 хæдзары нымад æрцыдысты кæлæддзагыл. 2030 азмæ арæзт æрцæудзæн 78 мин квадратон метры бæрц ног цæрæн хæдзæрттæ. Ивгъуыд аз ног фатертæ Мæздæджы райстой 101 бинонтæ, 27 – Дигорайы, 8 – Дзæуджыхъæуы æмæ иннæ районты.
«Сыгъдæг бæстæ» — ацы программæйы бындурыл Мæздæгæн радтой æхсæз ног быронласæн сæрмагонд хæдтулгæйы æмæ контейнертæ. Джызæлмæ хæстæг арæзт цæуы, бырæттæ дихгонд æмæ æфснайд кæм цæудзысты, ахæм завод. Афæдзмæ-иу бакусдзæн алыхуызон бырæтты 150 мин тоннæйы.
— Хъармгæнæн рæстæг кæронмæ нæма ахæццæ, фæлæ фидарæй мæ бон зæгъын у: æнæкъуылымпытæй цæуы. Чысыл аваритæ-иу уайтагъд аиуварс кодтой кусджытæ, — загъта министр æмæ дæнцæгæн æрхаста, фидæны хъармгæнæн рæстæгмæ Алагиры кæй скусдзысты 15 нырыккон модулон хъармгæнæны. Æппæт ифтонггæрзтæ дæр сты бынаты, æмæ сæ æмбырд кæнынц ныридæгæн.
— Æнæ паддзахады æххуысæй регионты бон хи фæрæзтæй нæу алывæрсыг куыстытæ сæххæст кæнын. Уымæ гæсгæ, Ирыстон Цæгат Кавказы æртæ регионимæ архайы паддзахадон программæты. Йæ домæнтæм гæсгæ хъуамæ саразой паддзахадон нысаниуæгимæ унитарон куыстуат, стæй иумæйаг нымайæн-информацион центр. 2024 азы кæронмæ нæ хъарутæ, нæ исбонад баиу кæндзыстæм æмæ нæ гæнæнтæ фæуæрæхдæр уыдзысты, — загъта министр.
2024 азы къабазы райрæзтæн радих кæндзысты æртæ миллиард сомæй фылдæр.
Пресс-конференцийы ма ныхас кодтой æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.

Цæгæраты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here