Уæрæсейы тыгъдадон рæзтæн

0
271

Нæ бæстæйы Хицауады Сæрдар Михаил Мишустин Уæрæсейы тыгъдадон рæзты фарстаты фæдыл цы стратегион сесси скодта, уым видеобастдзинады фæрцы архайдта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг
Сергей Меняйло дæр.

Федералон министрты кабинеты разамонæг, сесси гом кæнгæйæ, куыд радзырдта, афтæмæй нæ бæстæйы Президент Владимир Путин Федералон Æмбырдмæ йæ ныстуаны фæзуатон бастдзинæдты, регионты инфраструктурон гæрæнтæ фæныллæгдæр кæныны ахадындзинад фæбæрæг кодта. Уымæй дарддæр, сæвæрдта чысыл горæттæм, хъæутæм, историон цæрæн бынæттæм хуызæнæн базилыны æмæ адæмы царды уавæртæ фæхуыздæр кæныны нысантæ. Регионтæ, комкоммæ бæстæйы арæнтыл чи ис, уыдон хъуамæ исой æххуысы мадзæлттæ.
Михаил Мишустин куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ныры стратеги йæ тыхы ис 2019 азæй, уæд æй æндæр уавæрты скодтой. Ног документы хъуамæ бæрæггонд уой геополитикон сидтытæ, регионалон æмæ муниципалон раззагдæр нысантæ. Уыдон бабæттын хъæуы национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтимæ. Æддагон-экономикон гæрæнтæ нымайгæйæ, Уæрæсейы Президенты фæдзæхстæй бæстæйы Хицауад бакуыстой цалдæр ахсджиаг мадзалыл. Михаил Мишустины ныхасмæ гæсгæ, уыдоны руаджы экономикæ нæ цуды, размæ цæуы.
Ныртæккæ Уæрæсейы Хицауад æмæ регионты размæ лæууынц фыццаградон хæстæ, хъуамæ экономикæ æмæ социалон къабазы хицæндзинæдтæй фæиппæрд уа нæ бæстæ дæр, субъекттæ дæр. Михаил Мишустины хъуыдымæ гæсгæ, хъуамæ фæз-
уæттæн сæ хъомыс фæтыхджындæр уа, сæйраг нысантæ царды рауадзыны охыл та паддзахадон æмæ муниципалон разамынд хуыздæргæнгæ цæуа.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here