Цардвæндаг равзаргæйæ

0
110

Цардвæндаг равзаргæйæ йыл алы адæймаг дæр уæндонæй фæцæуы, фæархайы, цæмæй йæ йæ ракæндтæй, йæ хъуыддæгтæй базоной, фæтырны уæлдæр нысантæм. Афтæ рауад ДЗАСОХТЫ Сергейы фырт Алыксандры цардвæндаг дæр. Райгуырд 1934 азы Дзæуджыхъæуы, æфсæнвæндаджы кусджыты бинонты ‘хсæн. Скъола каст фæцис 1952 азы Алагиры, фæстæдæр, 1957 азы, Хæххон-металлургон институты райста хæххон инженер-геоло-
джы дæсныйад.

Фæлæ йæ дæсныйадæй уæлдай тынг æмхиц уыд æхсæнадон архайдмæ дæр. Уыцы аз ссис Фæскомцæдисы Дзæуджыхъæуы комитеты фыццаг секретарь. Афтæмæй йæ йæ фæндаг рахуыдта Мæскуымæ, ссис ФÆЛКЦ-йы Центрон комитеты кусæг. 1963-1964-азты уыд командировкæйы Кубæйы, йе ‘мбæлттимæ сын æххуыс кодта политикон фарстатæ лыг кæнынмæ. Йæ куыст, йæ архайд уыдысты æнтыстджын, бирæвæрсыг, 1967 азы ссис Ази æмæ Африкæйы бæстæты æмзæрдæдзинады Советон комитеты фыццаг секретарь, уый фæстæ – комитеты сæрдары хæдивæг.
Уыцы бынаты Дзасохты Алыксандр фæкуыста 1986 азы онг. Йæ куысты тыххæй йæ схорзæхджын кодтой Октябры революцийы, Фæллойы Сырх Тырысайы, Адæмты хæлардзинады ордентæ æмæ Афганистаны, Венгрийы, Вьетнамы паддзахадон хæрзиуджытæй. Истрион наукæты кандидаты ном Коммунистон партийы æхсæнадон наукæты академийы бахъахъхъæдта 1973 азы. Йæ темæ уыд «Ази æмæ Африкæйы адæмты æмвæнддзинады змæлд – империализмы ныхмæ тохы æхсæнадон-политикон мадзал».
Рауагъдад «Наука»-йы 1986 азы дунейы рухс федтой Дзасохты Алыксандры куыстытæ: «Ази æмæ Африкæйы адæмты æмвæнддзинад», «Колониалон закъонты тох империализмы ныхмæ», «Фæсколониты дунейы арæзтад æмæ эволюци», «Тохгæнджыты æмвæнддзинад». Уый фæстæ, 1986-1988 азты Дзасохты Алыксандр – Æххæстбарджын минæвар Сирийы, 1988-1990 азты уыд Коммунистон партийы цæгатирыстойнаг обкомы фыццаг секретарь.
1989 азы йæ равзæрстой Советон Цæдисы адæмон депутатæй, разамынд лæвæрдта дунеон хъуыддæгты комитетæн, 1990 азы партийы 28-æм съезды йæ равзæрстой Политбюройы уæнгæй, ссис Коммунистон партийы идеологийы фарстаты секретарь. Партийы архайд урæд куы æрцыд, уæд Дзасохты Алыксандр куыста фæсарæйнаг адæмты æмвæнддзинады алыхуызон комитетты.
Адæмты хæлардзинады уæрæсейаг университеты 1996 азы политикон наукæты докторы ном райсыны тыххæй бахъахъхъæдта диссертаци. 1997 азы апрелы Дзасохты Алыксандры равзæрстой РЦИ-Аланийы Президентæй. Райс-
та хъæлæсты 75,68 проценты. 1998 азы ссис Федерацийы Советы уæнг. Дзасохы-фырт хорзæхджын æрцыд бирæ хицауадон æмæ паддзахадон хæрзиуджытæй.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here