Ацы бонты Цæгат Ирыстоны кусæг балцы уыд Культурон хъæппæристы президентон фонды генералон директор Роман КАРМАНОВ. Федералон чиновник æмæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО Дзæуджыхъæуы кадджын уавæры байгом кодтой Культурон хъæппæристы фондæн йæ регионалон хайад.
Ног офис байгом кæнгæйæ, æмбырды архайджытæ куыд бафиппайдтой, афтæмæй фонды регионалон дæлхайады фæрцы фылдæр фадæттæ уыдзæн культурæйы, аивад æмæ креативон индустриты къабазы ахсджиаг æмæ цымыдисаг проекттæ царды уадзынæн. Ахæм офис Дзæуджыхъæуы байгом, фарон сæ фембæлды рæстæг Сергей Меняйло æмæ Роман Карманов цы иумæйаг проекттæ снысан кодтой, уыдоны бындурыл.
Æппæт нысангонд иумæйаг проекттæн сæ фыццаг сси ахæм регионалон дæлхайад байгом кæныны цау. Ныр та Сергей Меняйло æмæ Роман Карманов бафыстой республикæ æмæ фонды ’хсæн дарддæры æмгуыстады бадзырд.
– Культурон хъæппæристы президентон фондæн хорз гæнæнтæ ис, цæмæй регионты æххæстгонд цæуой цымыдисаг ахуырадон-рухстауæн, аивадон-сфæлдыстадон проекттæ. Ныфс мæ ис, абон республикæйы цы офис байгом кодтам, уый фæрцы хæдбындур республикон проекттæн ахадгæ æххуыс кæй уыдзæн, уымæй, – фæбæрæг кодта Сергей Меняйло.
Зæгъын хъæуы, Культурон хъæппæристы президентон фонд Владимир Путины Указæй 2021 азы нысангонд кæй æрцыд, уый дæр. Фонд цы æппæтуæрæсеон конкурстæ аразы, уыдоны фæрцы ахадгæ гранттæ саккаг кæнынц культурæйы, аивад æмæ æндæр сфæлдыстадон индустриты къабазы цымыдисаг проектты автортæн.
Калманты Аслан