Цæгат Ирыстоны бонтæ – «Курчатовы институт»-ы

0
177

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис цы æмбырд сарæзта, уым бæстон ныхас рауад æппæтуæрæсеон национ иртасæн центр «Курчатовы институт»-ы Цæгат Ирыстоны бонтæ саразыны фарстайыл.

Зындгонд куыд у, афтæмæй РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ «Курчатовы институт»-ы президент Михаил Ковальчук бафыстой æппæтвæрсыг æмгуыстады фæдыл ба-дзырд. Уыцы документы бындурыл арæзт æрцæу-дзысты Цæгат Ирыстоны бонтæ амынд егъаудæр наукон центры фæзуатыл.
Нæ республикæйы бонтæ «Курчатовы институт»-ы цæудзысты 20-24 майы. Уыцы мадзæлттæ баст уыдзысты дыууæ ахсджиаг историон цауимæ: Ирыс-тон Уæрæсеимæ баиу уæвыны 250 азы æмæ республикæйы автономи расидыны 100 азы юбилейтимæ.
Цæгат Ирыстоны бонтæм цæттæгæнæн куыст ныридæгæн райдыдтой сæрмагонд кусæг къорды уæнгтæ. Уый фæдыл йæ раныхас уыд ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Аланæн. Йæ ныхасмæ гæсгæ, ныртæккæ бæлвырдгонд цæуы бонты программæйы проект. Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй мадзал арæзт уыдзæн дыууæ хайæ: наукон-рухстауæн (лекцитæ, семинартæ æмæ афтæ дарддæр) æмæ культурон (адæмон промыслæты зæрингуырдты куыстыты равдыстытæ, мастер-класстæ, ирон зарæггæнджытæ æмæ æндæр артистты концерттæ).
Абоны онг цы цæттæгæнæн куыст æххæстгонд æрцыд, уымæн аргъ кæнгæйæ, Дзанайты Барис куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй бæстæйы раззагдæр наукон центримæ æмгуыстад уæлдай ахсджиаг у республикæйы уæлдæр ахуырады дарддæры райрæзтæн. Уыцы æууæл хынцгæйæ, Хица-уады Сæрдар организацион комитеты уæнгтæн бахæс кодта, цæмæй хæс-тæгдæр рæстæг бавдисой республикæйы бонты пъланы кæронбæттæн проект.
– Ахуырад æмæ наукæйы, Культурæйы æмæ Физикон культурæ æмæ спорты министрадтæ хъуамæ бабæстон кæной бонты программæйы проект. Уыимæ, уыцы куыст бакæнын хъæуы цыбырдæр æмгъуыдтæм, – бафиппайдта Дзанайы-фырт.

Калманты Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here