Тематикон изæр

0
102

Дзæуджыхъæуы 4-æм скъола-интернаты кæй сарæзтой, уыцы тематикон изæр «Иудзинад – бирæвæрсыгдзинады. Ирыстоны тæтæйрæгтæ: историон уидæгтæ æмæ нырыккон цард»-ы фæрцы амынд ахуыргæнæндоны хъомылгæнинæгты базонгæ кодтой тæтæйраг культурæимæ.

«Тæтæйрæгты бынæттон автономи «Берлек» æмæ нæ республикæйы Адæмты хæлардзинады хæдзар мидисджын дзыллон мадзал сарæзтой. Сывæллæттæ сæ уæлæ скодтой тæтæйраг национ уæлæдарæс æмæ афтæмæй бæрæгбон саразæг адæмимæ иумæ тæтæйрæгты национ хъæзтытæ æмæ адæмон кæфтытæ акодтой. Стыр историон ахадындзинад кæмæн ис, интернаты хъомылгæнинæгты базонгæ кодтой ахæм æгъдæуттимæ æмæ национ бæрæгбæттимæ, стæй сæ тæтæйраг национ хойраг чак-чак, баурсак æмæ эчпочмакæй суазæг кодтой.
Тæтæйрæгты культурон бынтæ равдисæг æмæ алыхуызон адæмыхæттыты æхсæн бастдзинæдтæ фидар кæнынæн ахъазгæнæг тематикон иззæры фæрцы фæсивæдмæ фæзынд ног пайдайаг зонындзинæдтæ.

РЦИ-Аланийы Национ политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты
министрады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here