Къуылымпытæ транспортимæ

0
88

Беслæнæй Дзæуджыхъæумæ бæлццæтты ласыны хъуыддаг кæй аххоссæй фæкъуылымпы, уыдонмæ фæдзырдтой Хицауады хæдзармæ. Уым семæ аныхас кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО.
Куыстуат хуыйны «Октябрьское», сæ минæвæрттæ фехъуыстой, куысты ахæм æмвæзад куыд схонгæ у, уый.

Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй уый у æбæрнондзинад, æнæсæрфатдзинад, закъонтæ æмæ уагæвæрдтæ фехалыны ахаст. Комкоммæ адæммæ кæсынц куыдфæндыйы цæстæй, афтæмæй рауад стыр къуылымпы. Республикæйы Сæргълæууæджы ныхасмæ гæсгæ, æртæ азы размæ бавнæлдтой транспортæн пълан кæныны математикон хуыз аразынмæ. Уымæн æмæ республикæ транспортæй æвзары зындзинæдтæ. «Цæмæн афтæ у, уымæн æмæ мах тæрсæм зæрдæхудтæй, алкæмæн дæр хъуамæ хорз уа. Афтæмæй дæттæм маршруттæ, лицензитæ, уавæрмæ дæр уыцы цæстæй кæсæм», – загъта разамонæг.
Республикæйы Сæргълæууæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ныртæккæ æвзарынц, æрхонкæйаг зылды автовагзал хицæн адæймæгты къухтæм цæмæн бахауд, уæдæ троллейбусты депо дæр цæмæндæр гæсгæ æхгæд æрцыд. Тыххæйты бантыст трамвайты депо Дзæуджыхъæуы исбонмæ раздахын, республикæйы рагондæр куыстуат бахауд хицæн адæймæгты исбонмæ… Æппæт уыцы фарстатæ ныртæккæ æвзарынц.
Къухы бафтыд 28 трамвайы æмæ 68 автобусы балхæнын, сты муниципалитетты ‘хсæн маршруттыл. Ацы аз та «СБЕРЛИЗИНГ»-ы рауаджы райстам 27 ног автобусы, маркæ HIGER. «Рацарæзтам паддзахадон автоколоннæ АК-1210, уым равæрдтой ног автобустæ, тагъд ма райсдзыстæм 57 ног автобусы дæр. Ратдзыстæм сæ маршрут «Беслæн-Дзæуджыхъæу»-æн. Цæмæй бынтондæр транспорты фарста алыг кæнæм, уый тыххæй ма нæ бахъæудзæн 69 автобусы», – фæбæрæг кодта Сæргълæууæг.
Уымæй дарддæр ныхасгæнæг рахызт иунæг фарстатмæ: Беслæнæй Дзæуджыхъæумæ бæлццæттæ ласыны хъуыддаг чи ныкъкъуылымпы кодта, уыдонмæ. Сергей
Меняйлойы ныхасмæ гæсгæ, «Октябрьское»-йы куыстуаты хицау у ирыстойнаг Къубалты Алыксандр, йæхæдæг цæры Дагестаны. «Æрбацыд мæм 2021 азы, фæндыд æй ног хуызы
куыст саразын, йе ‘ппæт æфтиæгтæ дæтты бюджетмæ, йæхæдæг рейсытæ æххæст кæны графикмæ гæсгæ, транспорт байдзаг æви нæ, уымæ нæ кæсгæйæ. Бюджет уый фæстæ рейсытæн дæтты æхца. Фæлæ мæм фæзынд гуы-
рысхо, æз ын загътон, мах цæуæм æндæр фæндагыл», – радзырдта Сергей Меняйло.
Фæлæ Къубалы-фырт балхæдта транспортон куыстуат «Октябрьское», Ирыстоны бæлццæтты ласынмæ бавнæлдта. Уæд дæр æмæ ныр дæр ацы куыстуат хуызæнæн лæггæдтæ нæ кæны. Къубалты Алыксандр тæрхондоны руаджы ласыны тыххæй лицензийы бартæ райста. «Йæ зæрды ис нæ къухтæ нын бабæттын, æмæ йæ цы хъæуы, уыдæттæ райсын. Фæлæ йæм адæмæн хуызæнæн балæггад кæныны фæнд нæй. Республикæ уыдæттимæ разы нæу», – фæбæрæг кодта республикæйы разамонæг.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here