Белгороды облæсты цæрæг сывæллæтты стыр къорд ссыд Ирыстонмæ. Нæ республикæ суазæг кæндзæн, фæстаг рæстæг алыхуызон хæцæнгарзæй иудадзыгдæр кæй æхстæуы, уыцы белгородаг æмарæн районты цæрæг бинонты сывæллæтты. Ууыл баныхас кодтой РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ Белгороды облæсты губернатор Вячеслав Гладков .
Дыццæджы сихорафонмæ ‘ввахс Дзæуджыхъæуы вагзал æмызмæлд кодта адæмæй. Белгородаг сывæллæттæ (дыууæ сæдæйы бæрцæй) æмæ семæ ссæуæг хистæртæн зæрдиаг æгасцуай загътой фысымтæ – Цæгат Ирыстоны Фæллой æмæ социалон рæзты министрады разамынд, æндæр ведомствæты минæвæрттæ. Уырдыгæй уазджыты автобустыл аластой Уæлладжыры коммæ.
– Абон нæ республикæмæ ссыдысты, гæрзифтонг быцæуы фæстиуджытæ сæхиуыл чи бавзæрста, уыцы белгородаг районты цæрæг æнахъомтæ. Уыдоны рæстæгмæ бахъуыд сæ ныййарджытæй фæхицæн уæвын æмæ райгуырæн бынæттæ ныууадзын, уымæн æмæ сæ хъæутæ æмæ горæттæ цæрынæн ныртæккæ æдас не сты. Нæ уазджытæн фысымуатæн бацæттæ кодтам реабилитацион центр «Тæмискъ». Æппæт фадæттæй дæр бацархайдзыстæм, цæмæй белгородæгтæ сæ тыхстдзинæдтæ ферох кæной, сæхиуыл банкъарой зæрдиаг аудынад æмæ ирыстойнаг уазæгуарзондзинад. Бацæттæ сын кодтам алыхуызон бæстæзонæн æмæ хиирхæфсæн мадзæлттæ: фендзысты республикæйы цымыдисагдæр кæмттæ æмæ иннæ зæрдыларæн бынæттæ, бабæрæг кæндзысты музейтæ, театртæ æмæ культурæйы иннæ кусæндæттæ, архайдзысты спортивон ерысты… Уыимæ, сæ ахуыр дæр нæ фæкъуыхцы уыдзæн. Сæрмагонд автобустæ сæ ласдзысты ахуырмæ Бирæгъзæнджы скъоламæ, – фæстæдæр радзырдта Цæгат Ирыстоны фæллой æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæ.
Министры ныхасмæ гæсгæ, белгородæгтæ фыццаг хатт не ссыдысты Ирыстонмæ. Фарон сæрды дæр ма республикæйы фæллад уадзынмæ уыд уыцы облæсты сывæллæтты стыр къорд. Уæд уазджытæ сæ балцæй разыйæ базза-
дысты. Ацы хатт дæр афтæ кæй уыдзæн, ууыл зæрдæ дарæн ис – Фæллой æмæ социалон рæзты министрадæй уæлдай, белгородæгтæм се ‘ргом аздахдзысты Æнæниздзинад хъахъхъæнынады, Физикон культурæ æмæ спорты министрадтæ, иннæ республикон ведомствæтæ.
«Белгороды облæсты æмарæн районты цæрджытæ ныртæккæ зын уавæры сты. Уыдоны фарсмæ балæууын, æппæтвæрсыг æххуыс сын бакæнын у нæ иумæйаг хæс. Куыст цæуы, цæмæй республикæйы уазджытæ сæхи æдасæй æнкъарой, сæ рæстæг уæнгрогæй æрвитой», – Белгороды облæсты цæрджытæн зæрдæбын салам зæгъгæйæ, йæ телеграм-каналы фыссы Сергей
Меняйло.
Калманты Аслан