Азтæн бауромæн нæй, не ‘хсæн цы хæсты ветерантæ цæрынц, уыдоны нымæц та къаддæрæй-къаддæр кæны. Царды сконд афтæ у… Фыдыбæстæйы Стыр хæст нæ адæмæн ссис æвирхъау фæлварæнау, йæ сæрты ахызтыстæм уæндонæй, Уæлахиз нæхи фæцис.
Бæдтиаты мыггагæй хæстмæ ацыдысты зæрондæй-ногæй, сæ фылдæр баззадысты тохы быдырты. Фæнды мæ сæ нæмттæ æрымысын, газеты
фæрстыл сæ ныммыхуыр кæнын.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæмардуæвæг Бæдтиатæ:
Салам Зауырбеджы фырт (1907-1941 азтæ); Харитъон Зауырбеджы фырт (1910-1941 азтæ); Барис Баччейы фырт (1905-1943 азтæ); Уырызмæг Баччейы фырт (1914-1944 азтæ); Владимир Саукуыдзы фырт (1905-1943 азтæ); Авраам Ванойы фырт (1922-1942 азтæ); Алихан Иваны фырт (1890-1944 азтæ); Боташ Иваны фырт (1900-1943 азтæ); Максим Зараппы фырт (1903-1943 азтæ); Бек Хъæвдыны фырт (1900-1942 азтæ); Хъазыбег Дæхцыхъойы фырт (1905-1942 азтæ); Сергей Дæхцыхъойы фырт (1895-1942 азтæ); Чермен Сандройы фырт (1924-1943 азтæ); Еруслан Бесæгъуыры фырт (1925-1943 азтæ); Барис Бечыры фырт (1908-1943); Чермен Хъазийы фырт (1922-1941 азтæ); Харитъон Бимболаты фырт (1919-1942 азтæ); Хадзыбатыр Батыры фырт (1920-1944 азтæ); Хъæрæби Джетæсайы фырт (1908-1942 азтæ); Аслæнбег Джетасайы фырт (1910-1942 азтæ); Константин Джетасайы фырт (1922-1942 азтæ); Дзибитта Газыбейы фырт (19908-1942 азтæ); Ахмæт Къæлæуы фырт (1911-1943 азтæ); Алыбег Садуллæйы фырт (1922-1943 азтæ); Алексей Адылджерийы фырт (1903-1943 азтæ); Махарбег Зауырбе-джы фырт (1910-1042 азтæ); Ладе Инарыхъойы фырт (1908-1944 азтæ); Хаджумар (æбæрæгæй фесæфт); Тотраз Додтийы фырт (1921-1944 азтæ); Аслæнбег Дженалы фырт (1918-1941 азтæ).
Фыдыбæстæйы Стыр хæстæй сыздæхæг Бæдтиатæ:
Зелимхан Адылджерийы фырт; Дмитрий Сафары фырт; Бабули Зауырбеджы фырт; Керым Зауырбе-джы фырт; Сасе Саукуыдзы фырт; Тимофей Дзамболаты фырт; Никъала Зараппы фырт; Брус Бибайы фырт; Гаврил Габойы фырт; Георгий Гаврилы фырт; Алисолтан Хъылцыхъойы фырт; Маханджери Хъырымы фырт; Хъазджери Додтийы фырт; Солтан Георгийы фырт;
Партизанты змæлды архайдтой Бæдтиатæ:
Мишурæт, Фона, Садуллæ; Васили Григорийы фырт; Пурти Сабазджерийы фырт; Батырбег Джетасайы фырт; Барис Бабийы фырт.
Бæдтиаты Гришæ














