Афтæ хуынд ирон зарæг уарзджыты изæр Мæздæджы.
Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг Гаглойты Индирæ у курдиатджын адæймаг. Йæ бирæвæрсыг æхсæнадон архайд та равдыста, Мæздæджы районы культурæ æмæ ахуырадон уагдæтты кусгæйæ. Индирæ сарæзта национ кæфтыты ансамбль «Амонд» æмæ дзы æртын азы бæрц фæкуыста сабитимæ. Ныр та у районы Культурæйы галуаны адæмон инструментты ансамбль «Уадындзы»-ы разамонæг. Фарон, ирон Нартиадæйы азы, Мæздæджы Культурæйы галуаны районы скъолаты ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ æмæ «Иры Стыр Ныхас»-ы хайады æххуысæй сарæзта театралон равдыстытæ.
Гаглойты Индирæ, се ‘ппæт æй нæ зонынц, фыссы æмдзæвгæтæ. Ирон эстрадæйы чи кусы, уыцы зарæггæнджытæ йæ хорз зонынц – йе ‘мдзæвгæтыл фыст зарджытæ адæмæн уарзон систы. Индирæйæн йæ зæрдæйы арф æвæрæнты ис ирондзинад, æмæ йæ фæнды, цæмæй парахатдæр кæна нæ адæмы ‘хсæн дæр. Уый тыххæй аразы алыхуызон аивадон мадзæлттæ. Иу ахæм улæфты изæрмæ æрбахуыдта йæ хорз зонгæты, кæцытæ уыдысты сæдæйы бæрц. Нæлгоймæгтæ, куыд æмбæлы, афтæмæй ракуывтой, æмæ цины изæр бацайдагъ.
Бирæ азты дæргъы иумæйаг аивадон куыст кæимæ кæны Индирæ, уыцы зарæггæнджытæй иу у Хъуыссæты Эльвирæ – Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны адæмон артисткæ. Эльвирæйы сфæлдыстадон фæндаг райдыдта йæ уарзон хъæу Елхотты. Ахуыры фæстæ ссис вокалон къорд «Цин»-ы солисткæ. Фæлæ æппæт Ирыстоныл айхъуыст йæ рæсугъд хъæлæс, ансамбль «Хæхты зæлтæ» куы сырæзти, уырдæм æм куы фæдзырдтой æмæ солисткæйæ кусын куы райдыдта, уæд.
Зæрдиаг къухæмдзæгъдæй йыл сæмбæлдысты мæздæггæгтæ улæфты изæры. Радыгай айзæлдысты иронау «Арфæтæ», «Æрцæгъд-ма, фæндыр!», «Рæстæг», «Æгас цу, мæ бæлццон!», «Цины зарæг», «Ме ‘мбæлттæн», «Мæ хотæ æмæ ме ‘фсымæртæн»… Ахæм зарджытæм хъусгæйæ, бирæтæм кафын дæр æрцыд! Эльвирæ дæр бузныг загъта Гаглойты Индирæйæн – йæ зарджыты æмбис сты уый æмдзæвгæтыл арæзт.
Индирæ æрхъуыды кодта цымыдисаг викторинæтæ. Изæры архайджытæ хъуамæ ирон æвзагæй сæ зонындзинæдтæ равдыстаиккой. Раст дзуапп чи радта, уый та хорзæхгонд цыд зæрдылдарæн лæварæй. Ноджы ма алкæмæ уыд персоналон номыр, кæцытæй сарæзта лотерея, æмæ, йæ амонд кæмæн уыд уыцы изæр, уый-иу рамбылдта, хæдзары чи хъæуы, ахæм дзаума. Хицæн лæвар та уыд «Иры Стыр Ныхас»-ы районы хайады сæрдар Гуцаты Фридонæй.
Изæрмæ хуынд нæлгоймæгтæ Эльвирæ æмæ Индирæйæн арфæты ныхæстимæ уардитæ балæвар кодтой.
Æнæмæнгæй, адæмы зæрдæмæ фæцыд улæфты изæр. Иннæ ахæм фембæлд кæимæ уыдзæн, куыд уыдзæн, ууыл нырма ахъуыды кæнын хъæуы. Фæлæ ахæм фембæлдтытæ адæмы æнгомдæр æмæ иузæрдиондæр кæнынц. Бузныг, Индирæ!
Бæзиты Ларисæ,
ÆÆЗ «Иры Стыр Ныхас»-ы
Сылгоймæгты комитеты уæнг